ÆРМÆСТДÆР  –  САБЫРДЗИНАД

Къуырийы  дæргъы  фæдисы хабæрттæ хъуысы Мæхъæлы ʻрдыгæй. Хæстмондаг адæмы та бацардыдтой змæнтджытæ æмæ та домынц “сæ зæххытæ”  æрмæст Цæцæнæй нæ, фæлæ Кавказы иннæ регионтæй дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фылдæр уыдоны сты. Уыимæ домынц, цæмæй сæ Президент йæ куыстæй ацæуа. Уымæн æмæ сæ сыхæгтимæ хæларæй цæры, нæ йæ хъæуы хæст, архайы сабырдзинадыл. Æнæхъæн республикæйы цæрæг адæм ныр цалдæр бон ивылынц Магасмæ æмæ митингтæ аразынц. Уыцы уавæр тыхсын кæны Ирыстоны адæмы дæр æмæ республикæйы разамындæй агурынц дзуапп: фидар сты нæ арæнтæ?

Уый фæдыл уагъд æрцыд республикæйы разамынд æмæ тыхон структурæтæй арæзт координацион советы æнæрадон æмбырд. Ныхас дзы цыд, адæмы æдасдзинадæн цавæр мадзæлттæ арæзт цæуы, арæнтæ куыд фидар сты, провокацион фæзындтæ куыд иуварс цæуынц, уый фæдыл.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав цæрджытæм æрсидт, цæмæй ма тыхсой, æнæбындур ныхæстæм ма хъусой æмæ провокацийы фæдыл ма цæуой. Куыд загъта, афтæмæй уавæр махмæ у сабыр æмæ алы адæймаг, алы разамонæг дæр йæ куыстуаты, организацийы хъуамæ кæна профилактикон куыст кусджытимæ, цæмæй алы ардауæн ны-хæсты амæттаг ма кæной.

Фембæлды рæстæджы ма ныхас цыд, Кавказы регионты ʻхсæн арæнтæ ист æрцæу-дзысты æви нæ, ууыл. Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы Цæцæны Президент Рамзан Кадыров фæндон бахаста, цæмæй Кавказы регионты ʻхсæн цы уадзæн посттæ ис, уыдон ист æрцæуой. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы республикæты адæм æнæуый дæр хæларæй цæрынц æмæ уыцы посттæ хъыгдарыны æмæ рæстæг сафыны йедтæмæ ницы пайда сты.

Уæд уыцы фæндоны ныхмæ растадысты Ирыстоны адæмæн сæ фылдæр хай, æхсæна-дон организацитæ. Беслæны “Мадæлты комитет” расидт митинг дæр.

Уыцы фарсты фæдыл республикæйы Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков загъта:

“Кавказы регионтимæ нæ арæнтыл сты Кæсæг-Балхъармæ ахизæн пост æмæ Мæхъæлы арæныл Чермены пост. Уыдон хъæуынц республикæты уавæр нывыл кæнынæн æмæ сæ сисыныл ныхас дæр нæй. Фыдгæнджытæ алы ран дæр бирæ ис æмæ арæнтыл сæрибарæй хизой, уымæн æруа-дзæн нæй. Уый афтæ кæй у, уый нын фенын кодтой ивгъуыд азты цаутæ”.

Скоков ма загъта, зæгъгæ, Мæхъæлы цы змæстытæ ис, уыдонæй махмæ кæй ницы тас у. Бахъуаджы заман та республикæ, тыхон  структурæтæ æппæтæй дæр цæттæ сты, тых æмæ сæм фæрæзтæ фаг ис уавæр банывыл кæнынмæ.

Бирæтæ адæмты ʻхсæн хæлардзинад тауыны бæсты тауынц марг, фыдæх æмæ та хъуыддаг хæстмæ куы æрцæуы, уæд ардауджытæ иуварс аззайынц, фæсивæд фесæфынц. Афтæ уыд 1992 азы дæр. 600 адæймаджы бæрц фæмард уæд дæр, фæлæ сын зонд-зонæн нæу. Хæст æрмæст цæссыг, мæгуырдзинад æмæ мæлæт кæй хæссы, уый уæддæр не ʻмбарынц æмæ та  сæ адæмы ног цæхæры æппарынц.

 

“ЭЛЕКТРОЦИНК”-ы  ЛÆВÆРТТÆ –  ИРЫСТОНÆН

Куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстоны цардуаджы алы къабазы цы бирæ объекттæ ис, уыдон се ʻппæт республикæйы исбонад не сты. Зæгъæм, бирæ нæм ис, Уæрæсейы æфсæддон ведомствомæ æмæ Уралаг хæххон металлургион компанимæ чи хауы, ахæм объекттæ. Уыдон сты кæйдæр исбонад æмæ сæм нæ республикæ ницы бар дары.

Фæлæ ацы бонты Ирыстоны цæрджытæ фехъуыстой æхсызгон хабар. Уралаг компанийы завод “Электроцинк” йæ куыст кæй баурæдта,  уымæ гæсгæ йын ам цы исбонад уыд, уый лæвар кæны республикæйæн. Уыдон сты “Металлург”-ы галуан, сывæллæтты улæфæн лагерь “Нæзыты къох” æмæ сывæллæтты дыууæ рæвдауæндоны. Уый фæдыл официалон æгъдауæй документтæ сфидар кодтой компани æмæ республикæйы разамынд. Санатори “Осетия” æмæ сывæллæттæн хосгæнæн санатори “Металлург”-ы хъысмæт бæрæг нæма сты.

Ацы социалон объекттæ республикæйæн кæд стыр лæвар сты, уæддæр сæ дарынæн бынæттон бюджетыл æрцæудзæн зынгæ уæз. Уый нымайгæйæ, уралаг компани рæстæгмæ уыцы хæрдзтæ фидыны хæс дæр райста йæхимæ. Дарддæр та уал сын сæ дарынæн æнæбюджетон фæрæзтæ ссардта Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур, стæй дарддæр бæрæг уыдзæн.

Ацы социалон объекттæ дих æрцæудзысты алы профилон ведомствотыл: Культурæйы галуан “Металлург” ацæудзæн культурæйы министрады скондмæ, Социалон рæзты министрадмæ æрхаудзæн “Нæзыты къох” æмæ Ахуырады министрадмæ та – сывæллæтты рæвдауæндæттæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.