СÆНДИДЗЫН КÆНДЗЫСТЫ МÆЙЫ ПРОГРАММÆ

УФ-йы паддзахадон корпораци «Роскосмос»-ы сæргълæууæг Дмитрий Рогозин фе-хъусын кодта, 2021 азы Уæрæсе Мæймæ космикон аппарат кæй ауаддзæн, уый тыххæй. «Мах аскъуыддзаг кодтам мæйы программæ сæндидзын кæнын», – загъта уый. Рогозин банысан кодта, зæгъгæ, уыцы æмгъуыдты бакуыст æрцæудзысты технологитæ мæйы уæлцъарыл æрбадыны æмæ стæхыны фæдыл. Уымæй дарддæр ма, аппараттæ «Луна-26» æмæ «Луна-27» Мæймæ атæхдзысты 2023 æмæ 2024 азты. «Уæрæсе хъуамæ раздаха космосы лидердзинад, уый у махæн абон нæ сæйраг хæс», – фехъусын кодта уый.

САНКЦИТÆ НÆ БАНДАВДЗЫСТЫ ХÆДТÆХÆДЖЫ АРÆЗТАДЫЛ

АИШ-ы санкцитæ нæ бандавдзысты МС-21 хæдтæхæджы арæзтады проекты реализацийыл. Баиугонд авиацион арæзтадон корпорацийы минæвар Станислав Зуев куыд бамбарын кодта, афтæмæй АИШ санкцитæ бакодта фæззæджы, фæлæ уæдмæ Уæрæсейы цалдæр азы дæргъы куыст цыдис импортбаивыны фæдыл программæйыл, уымæ гæсгæ бæстæйæн йæ бон у МС-21 хæдтæхæджы базыр саразыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг композитон æрмæджытæ уадзын. Цалдæр азы активон куыст цæуы «Росатом»-имæ, къорд сæрмагонд компанитимæ авиацийæн композитон æрмæджыты кондад сахуыр кæныны фæдыл. Уый фæстиуæгæн, иумиаг программæйы фæлгæтты куыст цæуы МС-21 хæдтæхæджы композитон базырæн æнæмæнгхъæуæг компоненттæ бæстæйы уадзыны тыххæй. Контрактмæ гæсгæ, авиакомпани «Аэрофлот»-ы хæдтæхджытæй ифтонг кæнын хъуамæ райдайой 2020 азы.

СДЗУАПП КОДТА АИШ-ы КРИТИКÆЙÆН

Германы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Хайко Маас сдзуапп кодта «Северный поток-2»-йы адресыл АИШ-ы критикæйæн æмæ æрсидт Иугонд Штаттæм, цæмæй сæхи ма хæццæ кæной Европæйы энергетикон политикæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Северный поток-2» æрмæст немыцаг æмæ уæрæсейаг проект нæу, фæлæ йын ис иумиагевропæйаг нысаниуæг. Хайко Маас бафæдзæхста АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпеойы, «Северный поток-2»-йы ныхмæ иуварсон санкциты баконд раст фæндаг кæй нæу, уый тыххæй. Германы канцлер Ангела Меркель дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ банысан кодта, зæгъгæ, Берлин проект «Северный поток -2»-йы нымайы, куыд коммерцион, афтæ, фæлæ уыимæ канцлер у проекты реализациимæ Украинæйыл уæрæсейаг газы транзит бахъахъхъæныны æвварс. Уæрæсейаг фарс дæр фехъусын кодта, зæгъгæ, проект «Северный поток -2» у коммерцион  æмæ конкурентон проект æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе нæ фæнд кæны Украинæйыл Евроцæдисмæ газы транзит æруромын.

“БУР ЖИЛЕТТЫ”  АКЦИТÆ ДАРДДÆР КÆНЫНЦ

Францы «Бур жилетты» фæстаг акцийы хайад райстой 84 мин адæймаджы. Ацы манифестацитæ систы фарастæм фæстаг æртæ мæйы. Иуæй-иу горæтты акциты хайадисджытæн ныхмæлæудтытæ уыд полициимæ. Демонстрантты ныхмæ полици спайда кодта цæссыгкалæн газ æмæ резинæйæ нæмгуытæй. Урæд æрцыдысты 240 адæймаджы.

БАСАСТ, СИРИЙЫ КÆЙ САТАКÆ КОДТА, УУЫЛ

Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæйы гарзджын тыхтæ фæстаг 36 сахаты дæргъы атакæ кодтой Сирийы нысæнтты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, израилаг æфсад   сæдæ   хатты  сатакæ  кодта  Ираны æмæ  ливайнаг   шиитаг   змæлд    «Хезболлах»-ы нысæнттæ. Ацы атакæтæ дзурæг сты ууыл, æмæ Тель-Авив цæттæ кæй у Иран æмæ Сирийы ныхмæ тох кæнынмæ.

ЭШЕЛОНЫЛ СÆМБÆЛДЫСТЫ ЦЫТДЖЫН ÆГЪДАУÆЙ

Читайы цытджын æгъдауæй сæмбæлдысты Лаосæй раздахгæ Т-34 танкæты эшелоныл. Хæстон машинæты раздахыны ныхмæ Лаосы æфсад райста цалдæр Як-130 хæдтæхæджы, афтæ ма ацы бæстæйæн льготæтæ уыдзæн Т-72Б1 уæрæсейаг танкæтæ балхæнынæн. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Т-34  фæстæдæр та йæ модификаци Т-34-85 кæй уыдысты Советон æфсады сæйраг, иууыл фылдæр танкæтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æмæ сæхи равдыстой иттæг хорз æппæт фронтты хæстон архайдтыты.

КУЫНÆГ ÆРЦЫДЫСТЫ

Дагъыстаны куынæг æрцыдысты æртæ боевикы. Фыдгæнджытæ, ВАЗ автомобилыл цæугæйæ, фæлвæрдтой фæндагон служ-бæйы кусджытæм бабырсын. Атакæйы фæстæ уыдон сæ фæстæ ацыдысты. Куы сæ æрдомдтой сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрын, уæд сæ боевиктæ æхсын райдыдтой автоматтæй. Дзуаппон æхстытæй уыдон куынæг æрцыдысты.

НÆ БАНЫМАЙДЗЫСТЫ МАДУРОЙЫ ХИЦАУАД

Национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты æххуысгæнæг Джон Болтон фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ нæ банымайдзысты Венесуэлæйы президент Николас Мадуройы хицауад æмæ пайда кæндзысты ацы бæстæйы хицауадыл æндæвдады æппæт мадзæлттæй. Болтон банысан кодта, зæгъгæ, уыдон хæцынц Венесуэлæйы парламент æмæ йæ сæрдары архайдтыты æвварс, кæцытæ банысан кодтой, зæгъгæ, Мадуройæн бар нæй президенты бынаты кусынæн.

НÆ ФÆНД КÆНЫНЦ БАДЗЫРДЫ УАВÆРТÆ ИВЫН

Евроцæдис нæ фæнд кæны бадзырды проектмæ ногæй æркæсын, цыран бацамынд æрцыдысты баиугонды скондæй Стырбританийы рахызты уавæртæ. Ахæм хъусынгæнинаг сарæзта Еврокъамисы сæргълæууæг Жан-Клод Юнкер. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ бритайнаг парламентæн æнæмæнгхъæуæг у сразыдзинады уæвæг варианты фæдыл схъæлæс кæнын кæнæ та йæ ныхмæ рацæуын. Уый, зæгъ, у нæ фæстаг фæндон.

ГУМАНИТАРОН АКЦИ

Уæрæейаг æфсæддонтæ фыццаг хатт гуманитарон æххуыс баластой Сирийы цæгат хайы цæрæн пункт Манбиджмæ. Ацы территори дыууæ азы уыд курдты контролы бын. 2018 азы декабры мæйы уырдæм æрбаздæхт сирийаг æфсад.

ТРАГИКОН ИНЦИДЕНТ

Польшæйы горæт Гданьскы хæрзаудæн акцийы рæстæджы мэр Павел Адамовичы æбæрæг нæлгоймаг ныццавта кардæй йæ зæрдæ æмæ гуыбыны. Фыдгæнæг бабырыд сценмæ, цыран уыцы рæстæджы ныхас кодта мэр. Адамовичыл операци кодтой фондз сахаты дæргъы, йæ уавæр у уæззау. Бирæ туг кæй фесæфта, уымæ гæсгæ адæм радты лæууынц туг радтынмæ.

ÆРХАУД ХÆДТÆХÆГ

Тегераны цур æрхауд уæзласæн хæдтæхæг. Йæ уæлæ цы дæс адæймаджы уыдысты, уыдон фæмард сты. Хæдтæхæг тахт Бишкекæй Тегераны цур дунеон аэропорт Пайаммæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ хъуамæ æрбадтаид ацы горæты аэропорт Фатхы.

ФÆМАРД СТЫ 18 АДÆЙМАДЖЫ

Эквадоры горæт Гуаякилы нозт æмæ наркотикты æндæвдады бын бахауæг адæмæн хосгæнæн æмæ реабилитацийы клиникæйы зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмард сты 18 адæймаджы. Афтæ ма хъыгдард баййæфтой цалдæр адæймаджы æмæ сæ баластой рынчындонмæ.

Информацион агентадты

 хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.