Цæгат Ирыстоны Хицауад 2022 азы фæудмæ, программæ «Ирыстон æввахсдæр ссис»-ы фæлгæтты кæронмæ ахæццæ кæндзысты дзыллон туризмы рæзты мастер-плантæ саразыны нысантæ. Ацы программæ хаст æрцыд национ туристон маршрутты номхыгъдмæ. Республикæйы Туризмы комитеты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахæм мадзæлтты фæрцы нæ регион туристты цæсты скадджын уыдзæн.

«Нæ туристон къабазы цы вазыгджын зындзинæдтæ ис, уыдæттæ фæбæрæг кæндзыстæм. Зæгъæм, фæндæгтæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, къахвæндæгты уавæртæ, стæй равдисыны аккаг бынæттæм базилыны куыстытæ æмæ æндæртæ. План фæбæрæг кæндзæн рæзты æмгъуыдтæ, хъуамæ иннæ аз уыцы куыст кæронмæ бакæнæм», — загъта комитеты минæвар.

Хæстæгдæр азты республикæйы туризмы рæзт фæтыхджындæр уыдзæн, туристон кластер æмæ иугонд маршрут куы саразой, уæд. Уыцы маршрут баиу кæндзæн регионы хуыздæр бынæттæ. Сæ феныны тыххæй бахъæудзæн цыппар-фондз боны, туристтæ сæхæдæг æвзардзысты, фылдæр рæстæг кæм арвитой, ахæм бынæттæ. Уæд сæ балц ноджы дæргъвæ-тиндæр ахæсдзæн.

Мастер-план зæххы хицæуттæн бар ратдзæн хъæууонхæдзарадонæй сæ рекреационмæ раивынæн, æнæ уымæй туризмы рæзт нæ бантысдзæн. Фæстæдæр ацы зæххытыл фæзындзæн фысымуæттæ, рæстæмбис æфтиæгтимæ туристон бынæттæ, коттеджон чысыл хæдзæрттæ. Республикæйы уазджытæн сæ бон уыдзæн канд сæ фæллад уадзæн нæ, фæлæ интернеты фæрцы кусын дæр.

Цалдæр боны дæргъы туристтæ зонгæ кæндзысты республикæйы зæрдылдарæн бынæттимæ. Фылдæр æргом здæхт æрцæудзæн экокъахвæндæгтæм, фистæгæй цæуын кæм хъæуы, уыцы маршруттæм. Туристты бон уыдзæн нæзы хъæдтæ, цъититæ, национ парктæ, историон-архитек-падзтæ, Лисрийы историон мæсгуытæ, нæлгоймæгты алайнаг моладзандон бабæрæг кæнын… Мастер-план равдисдзæн, æхсæвиуат кæныны, фæлладуадзыны æмæ санитарон зонæтæ кæм хъуамæ уой, уый.

Туризмы комитет ныридæгæн бакуыста 50 алыхуызон туристон нысаныл. Фарон республикæмæ æрбацыдысты 275 мин туристы. Уый размæ азæй у 12 проценты фылдæр. Ацы аз пандемийы аххосæй гæрæнтæ нал ис æмæ, Туризмы комитеты ныфс ис, ноджы фылдæр кæй кæндзысты…

Æмæ та — фыццæгтимæ…

Цæгат Ирыстон та хайад райста республикæйы промышленнон рæзты тыххæй радон конкурсы.

Конкурсы уагæвæрдмæ гæсгæ, федералон бюджетæй æхца райсдзысты регионалон программæтæй ахæмтæ, кæцытæ здæхт уыдзысты импортон продукци уадзыны бæсты фыдыбæстæйонмæ раздæхынмæ, стæй стыр нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бæрзонд технологион продукци рауадзынмæ.

Æппæт уыцы домæнты аккаг уал сси республикæйы раззагдæр куыстуæттæй иу, гом акционерон æхсæнад «Гранит-Ир». Ацы завод арæзтады нысантимæ доломитæй уадзы цардуаджы алыхуызон продукци, кæцы Уæрæсейы регионтæй дарддæр, зæрдиагæй æлхæнынц фæсарæнты дæр.

Уымæ гæсгæ, конкурсы хъусдарæг совет, регионалон программæ «Проекты развития»-мæ гæсгæ, куыстуаты рæзтæн радта 50 милуан сомы. Уыдон æрвыст æрцæудзысты куыстуат фæуæрæхдæр кæнынмæ, ног продукци уадзынмæ æмæ уыимæ куысты бынæттæ фæфылдæр кæнынмæ.

Æмткæй та нæ республикæ, конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бацыд æртæ хуыздæр регионы нымæцмæ, промышленнон рæзты архайд нымайгæйæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.