КОСМОС  –  ИРЫСТОНЫ

Ацы бонты Ирыстоны наукæ æмæ культурæ бæрæг фæхъæздыгдæр сты: æппынфæстаг, байгом, дыууæ азæй фылдæр кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы планетари – космонавтикæйы скъола. Зонады артдзæст байгом Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреат, Уæрæсейы сгуыхт техник, С. А. Лавочкины номыл зонадон продукци уадзæн иугонды сæйраг специалист, майдан “Во Славу Осетии”-йы кавалер, не ‘мзæххон Къомайты Русланы хъæппæрисæй. Уым уыцы-иу рæстæджы сæ бон ахуыр кæнын у 300 ахуырдзауæн.

Планетарийы бæстыхай фыццагдæр арæзт æрцыд 19 æнусы 70-æм азты. Уæд дзы уыд шиитаг мæзджыт. Советон дуджы мæзджытæй сарæзтой планетари. Адæмæн уыд сæ уарзон улæфæн бынат, уæлдайдæр космос чи уарзы, уыдонæн, фæлæ Цæдисы фехæлдæй уый дæр заууатмæ æрцыд – 1992 азæй фæстæмæ нал куыста, фæлæ нымад уыд культурæйы объектыл. Къомайы-фырт бирæ хъару æмæ фæрæзтæ бахардз кодта, цæмæй планетари фæстæмæ йæ къахыл слæууын кæна æмæ уый йæ къухы бафтыди. Бирæ экспертизæты фæстæ бар радтой арæзтадæн. Разамынд дæр ын лæвæрдта йæхæдæг.

Планетари гом кæныны кадджын мадзалмæ æрцыдысты уазджытæ – Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар, авиацийы инæлар-майор Владимир Джанибеков æмæ Уæрæсейы Хъайтар Александр Лазуткин. Мадзалы ма архайдтой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ хицауады иннæ бæрнон адæймæгтæ.

Республикæйы Сæргълæууæг йæ ныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм скъола бакæнын стыр цау у канд Ирыстонæн нæ, фæлæ æнæхъæн Цæгат Кавказæн дæр. Уымæн æмæ ам сæ бон ахуыр кæнын уыдзæн сыхаг республикæты цæрджытæн дæр. Куыд ма загъта, афтæмæй арæзтадыл иунæг капекк дæр бюджетæй нæ ацыд. Арæзт æрцыд амалхъомты сæрмагонд фæрæзтæй, стæй хицæн адæймæгты мысайнæгтæй. Уый ноджыдæр зæрдæбын арфæ ракодта Къомайты Русланæн, Мæскуйы йæ куыст кæй ныууагъта æмæ йæ рæстæг æмæ фæрæзтæ ацы арæзтадæн кæй снывонд кодта, уый тыххæй.

Къомайты Русланы журналисттæ куы бафарстой, куыд разы у йæ куыстæй, уæд фырцинæй йæ бон дзурын дæр нæ уыд. Куыд загъта, афтæмæй йæ сарæзта йæ уарзон Ирыстонæн. Руслан бузныг загъта Битарты Вячеславæн, арæзтады хæрдзты фылдæр хайæн йæхи сæрмагонд фæ-рæзтæ кæй рахицæн кодта, уый тыххæй. Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй стыр æхсызгонæй амондзæн сывæл-лæттæн космосы сусæгдзинæдтæ.

Уазджытæ планетарийыл экскурсийы рæстæг тынг разыйæ баззадысты скъолайы ног техникон фæлгонцæй æмæ уый фæдыл загътой сæ хъуыдытæ.

Республикæйы сывæллæттæн нырæй фæстæмæ ис фадат сæ бæллицтæ сæххæст кæнынæн. Космосы скъолайы фыццаг зонындзинæдтæ райсын æмæ дарддæр дæ цард космос басгарын æмæ сахуыр кæнынæн снывонд кæнынæн та ис æппæт фадæттæ дæр. Залы æвæрд ис дыууæ стыр проекторы æмæ телескоптæ, кæцытæй ахуыр кæнæн ис арвыл стъалыты змæлд, æвдисдзысты дзы космосы темæйыл кинонывтæ, ракетæты макеттæ, нывтæ, зонадон æрмæджытæ, алы стъалы æмæ планетæйы тыххæй дæр бæлвырд зонæнтæ, ис дзы космонавтикæйы музей æмæ бирæ æндæр диссæгтæ. Планетарийы алыварс арæзт æрцыд улæфæн фæз бандæттимæ цæрджытæн. Уым дæр аивгæнæнты хуызы сæвæрдтой планетæты фигурæтæ.

Ног планетарийæн кæй ном радтой, ахæм зынгæ адæм Уæрæсейы бирæ ис, фæлæ республикæйы разамынд растыл банымадта, йæ цард, йæ рæстæг, йæ фæрæзтæ йæ адæмæн хорздзинад саразынæн чи радта, космонавтикæйы ахуырад Ирыстонмæ чи раздæхта, уый ном ын раттын. Уый та у Къомайты Руслан.  

     ЛИТЕРАТУРОН  МУЗЕЙÆН – НОГ  ХИЦАУ

Æрæджы Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы республикон музейæн нысангонд æрцыд ног разамонæг – Касаты Аслæнбег. Æрыгон курдиатджын лæппу куыста газет “Рæстдзинад”-ы хистæр уацхæссæгæй, журнал “Мах дуг”-ы бæрнон секретарæй. Касайы-фырт у профессионалон литераторты цæдисы уæнг, Абайты Васойы æмæ Хъамбердиаты Мысосты номыл премиты лауреат.

Музей арæзт æрцыд 1939 азы, Къостайы 80 азы юбилеймæ. Бирæ азты йын разамынд лæвæрдтой бирæ курдиатджын фысджытæ, 36 азы дæргъы та йæ сæргъы лæууыд зынгæ прозаик, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Томайты Мисурхан. Музейы экспонаттæ баст сты ирон аивадон литературæйы историимæ адæмон сфæлдыстадæй абоны онг. Экспозицийы хæзна ма сты ирон классикты уацмысты оригиналтæ.

Касаты Аслæнбег йæ ног куысты тыххæй куыд загъта, афтæмæй зындзинæдтæй нæ тæрсы, уымæн æмæ музейы дæсгай азтæ кусы, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм коллектив.

“Мæ куысты сæйраг нысан уыдзæн фæсивæды музейтæм æрбангом кæнын. Ныридæгæн уал мæ размæ цы хæстæ сæвæрдтон, уыдонæн сæ тæккæ ахсджиагдæр у æмбæлгæ æмвæзадыл сбæрæг кæнын Джусойты Нафийы 95 азы æмæ Джыккайты Шамилы 80 азы юбилейтæ. Дарддæр ме ‘ргом, сæйрагдæр, здæхт цæудзæн фæсивæдмæ. Ахуырадон æмæ хъомыладон бæстыхæйттæм æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон литературæйы хæзнатæ æфснайынмæ”, загъта Касаты Аслæнбег.

Ныртæккæ уал музейы райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ.

                                                                                                                                                           Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.