Фæстаг дыууæ азы Ирыстоны зындгонд адæмæй уыййас амард æмæ адæймаг нал дæр дис кæнын æййафы, нал дæр маст кæнын.

Цалдæр боны размæ та Ирыстоныл хурбон арвы нæрдау айхъуыст фыдуац: 74 аздзыдæй дзæнæтмæ фæраст, стыр ахуыргондæй дæр йæ мæлæты бонмæ хуымæтæг æмæ уæзданæй чи баззад, йа цард кæстæрты фидæны чи уыдта, Ирыстоны цæрайæ чи цард, уыцы Къомайты Руслан.

Къомайы-фырт астрономийы къабазы уыйас сарæзта, йæ адæймагдзинады миниуджытæ афтæ æгæрон сты, æмæ сын иу чиныг фаг нæу. Ногираг лæппу Хæххон металлургион институт каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы. Уыд С. Лавочкины номыл наукон иугонды генералон директоры хæдивæг, Советон Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат, косми-кон науты конструктор… Æрмæст йæ разамындæй арæзт æрцыд 500 космикон науы, кодта хъомыладон куыст уæлдæр ахуыргæнæндæтты… Фæлæ йын цыдæр нæ фаг кодта. Йæ зæрдæ рыст, Ирыстоны космос зонæнтæ райсæн кæй никуыцæй ис, уый тыххæй. Тырныдта йæ зонындзинæдтæй кæстæрты фæхайджын кæнынмæ.

2017 азы ахуыргонд радон хатт Ирыстонмæ куы æрцыд, уæд йæ фæнд бамбарын кодта республикæйы уæды Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, цæмæй, бирæ азтæ æдзæллагæй чи лæууыд, уыцы раздæры Планетарийы бындурыл ног космосон скъола саразой. Арæзтадæн проект дæр сарæзта йæхæдæг. Уый уыцы фæндоныл сæмбæлд æхсызгонæй æмæ йын йæ фылдæр хай бафыста йæхи фæрæзтæй. Реконструкцион куыстытæ райдыдтой. Ныууагъта Къомайы-фырт йæ фæрныг цард æмæ куыст Мæскуыйы æмæ æрцыд Ирыстонмæ. Тынг æй фæндыд ам, нæхимæ, ахуырады ацы къабаз райтынг кæнын. Æрвылбон дæр фæлæууыд аразджыты фарсмæ æмæ сын æххуыс кодта уынаффæйæ. 2019 азы Планетарийы раздæры бæстыхайы йæ дуæрттæ бакодта космонавтикæйы ног скъола. Цæмæй скъола хæрзифтонг уыдаид æппæтæй дæр, уыимæ алцы æлхæнын ма хъуыдаид, уый тыххæй ахуыргонд кæм йæхи фæрæзтæй фелхæдта, кæм Мæскуыйæ йе ‘вæрæнтæй фæхаста алыхуызон аппараттæ, прибортæ, макеттæ, телескоптæ æмæ бирæ æндæртæ. Ныртæккæ скъолайы ис методикæйæн дæр æмæ практикæйæн дæр æппæт хъæугæ æрмæджытæ. Скъоламæ цæуынц канд ахуырмæ  нæ, фæлæ экскурсийы суанг сыхаг республикæтæй дæр. Зæгъæн ис, ног скъола арæзт æрцыд Битарты Вячеслав æмæ Къомайты Русланы хъæппæрис æмæ фæрæзтæй. Цæрджытæ йæ хъазгæйæ уыдоны скъола уымæн хонынц. Æцæгæй та йæ сырæзтæй фæстæмæ, республикæйы разамынды фæндонæй, хæссы Къомайты Русланæн йæхи ном.

Космонавтикæйы ахуырмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй ма 2017 азы ахуыргонды бирæ хæрзиуджытæм бафтыд æндæр кадджын хæрзиуæг «Во Славу Осетии».

Стыр хъыгагæн, цалдæр боны размæ йæ цардæй ахицæн, йæ адæмæн кад æмæ ном чи кодта, адæймагдзинады миниуджытæ æппæтæй бæрзонддæр æвæрд кæмæ уыдысты, уыцы Руслан.

– Космонавтикæйы скъолайæн бындур сæвæрæг Къомайты Руслан, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы указæй йæ мæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Цæгат Ирыстоны иууыл уæлдæр хæрзиуæг, орден «Слава Осетии»-йæ. Республикæйы наукон центр та фæндон бахаста æрвон стъалытæй иуыл ахуыргонды ном сæвæрын. Сергей Меняйло ахæм фæндоны фарс рахæцыд. Куыд загъта, афтæмæй уыцы фарст хæстæгдæр рæстæджы лыг æрцæудзæн.

Ирыстоны цæрджыты уырны, Русланæн йæ сыгъдæг уд уæлæрвтæм кæй фæтахт æмæ уырдыгæй тагъд рæстæджы стъалыйау кæй рарттивдзæн.

                                                                                               Джусойты  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.