Дзырд «фразеологи» йæ равзæрдæй у бердзенаг æвзагæй, phrasis – «ныхас» æмæ logos – «ахуырад», æмæ у æвзагзонынады иу хай, цы  ран ахуыр цæуынц, æвзаджы цы бирæ фидар дзырдбастытæ ис, уыдоны лексикон-семантикон хиæдтæ, ома, фразеологи ахуыр кæны, се скондмæ гæсгæ вазыгджын чи сты, æвзаджы ахæм иуæгтæ.

Фразеологи баст у адæймаджы цардимæ, йе ‘гъдæуттимæ, вæййы афтæ, æмæ æрмæст иунæг фæлгонцджын ныхасы фæзилæнтæй æвдыст æрцæуы искæцы исто-рион цау, æгъдау, аивадон сурæт.

Фæлгонцджын ныхасы гæнæнтæй алы адæймаг дæр пайда кæны, фыссæг уа, æфсады службæгæнæг уа, кусæг кæнæ та зонадон кусæг æмæ дæлдæр цы фразеологизмтыл дзурдзыстæм, уыдон ист сты цытджын ирон поэт Хетæгкаты Къостайы фыстæджытæй. Ацы æрмæг стыр ахъаз у поэты цард æмæ сфæлдыстад арфдæр бамбарын æмæ бæлвырддæр  базонынæн. Адон йæ цард æмæ йе сфæлдыстады ахсынц стыр бынат.

Йæ фыстæджытæ дæр хъæздыг сты фразеологон дзырдбастытæй, куыд йæ иннæ жанрты уацмыстæ, афтæ, æмæ сæ сæйраг гуырæнтæ сты аивадон уацмыстæ æмæ публицистикæ.

Куыд бæрæг у, уымæ гæсгæ Къостайы фыстæджыты ссарæн ис алыхуызон функционалон-тематикон бæлвырд дзырдты  къордтæ:

1. Арæх кæмæй пайда кæнæм, ахæм фразеологон дзырдбастытæ: брать пример, в крайнем случае, на всякий случай, время от времени æмæ æндæртæ.

2. Хуымæтæг ныхасы фразеологи: зарубить на носу, мозолить глаза, не солоно хлебавши, ломать шапку, подъехать на козе æмæ æндæртæ.

Ацы фразеологон дзырдбастытæ Къостайы фыстæджыты æвзаг кæнынц  эмоционалондæр, сты хуымæтæг хæлæртты ныхасау.

Фразеологон дзырдбастытæ ацы къордты сты алыхуызон. Къостайы фыстæджыты æвзаг кæнынц эмоционалондæр æмæ сæм хæссынц адæмон ныхасы экспресси.

Къостайы фыстæджыты ма æмбæлы хуымæтæг ныхасон фразеологи дæр: большая свинья, побывать в шкуре, брать за шиворот, положить зубы на полку æмæ æндæртæ.

Ацы фразеологон дзырдбастытæй Къоста йæ фыстæджыты пайда кæны тынг арæхстджынæй, сæ мидис куыд амоны, раст афтæ, æмæ ахъаз кæнынц æвзаг хъазæн, худæн хуыз кæнынæн, æххæст кæнынц, цæй тыххæй фыссы, уыдонæн аргъ кæныны функци, æвдисынц, автор царды алыхуызон хъуыддæгтыл худгæ кæй кæны, уый.

Къостайæн йæ иуæй-иу фразеологон дзырдбастыты экспресси у, æвзагæн хуымæтæг ныхасон колорит чи нæ дæтты, ахæм компонентты равæрд. Зæгъæм, Къоста йæ фыстæджы В.Г. Шредерсмæ фыссы: «Маленький Хорадзе с большим успехом может быть назван большой свиньей».

Цæлыккаты Ю.А.-мæ фыст фыстæджы та фыссы афтæ: «И если я или от Евсеева, или от Шанаева в продолжении 3 недель не получу «поддержки» или за это время не найду работы, то придется положить зубы на полку».

Уæлдæр æрхæсгæ дæнцæгтæй бæрæг у, хуымæтæг нейтралон дзырдтæ экспрессивон æгъдауæй ахуырст фразеологон дзырдбастытæй раивыны фæрцы фыссæгæн кæй бантыст йæ хъуыды раст, тынг бæлвырд æмæ хуымæтæджы æвзагæй бамбарын кæнын.

Хетæгкаты Къоста йе ‘ргом здæхта уырыссаг æвзаг æмæ литературæмæ, тынг стыр аргъ кодта уырыссаг фысджытæн. Уымæ гæсгæ фыссæг йæ уацмысты, йæ фыстæджыты пайда кодта уырыссаг фысджыты базырджын дзырдтæй.

Къостайы фыстæджыты ма арæх æмбæлæм аргъуанон-чиныгон фразеологизмтыл. Адонæй бирæтæ раджы фесæфтой сæ фыццагон мидис æмæ ма сæ ныр дзурынц архайджыты зæрдæйы уаг, кæрæдзийы ‘хсæн ахастдзинæдтæ, цы цаутæ цæуы, уыдонмæ сæ цæстæнгас æвдисыны тыххæй. Аргъуанон фразеологон дзырдбастытæй Къоста пайда кæны æртæ стилистикон нысанæн: индивидуалон характерис-тикæ дæттыны, ирони æмæ юмор æвдисыны, йæ ныхас эмоционалон æгъдауæй фæтыхджындæр кæныны тыххæй. Зæгъæм: не судите, да не судимы будете, ад кромешный, нет пророка в своем отечестве.

Къостайы фыстæджыты ма æмбæлæм æрбайсгæ фразеоло-гон дзырдтыл дæр. Уыдонæн сæ фылдæр хай у зæронд славяйнаг æвзагæй. Зæгъæм, вопрос жизни и смерти. Стæм рæтты ма йæ фыстæджыты æмбæлы, ныгуылæн-европæйаг æвзæгтæй уырыссаг æвзагмæ æнæ тæлмацгондæй чи æрбафтыд, ахæм фразеологон дзырдтæ: o tempora, o mores, finita la сomedia.

Хъус адарын хъæуы уымæ дæр, æмæ Къоста уырыссагау цы фыстæджытæ фыста, уыдоны арæх кæй æмбæлы ирон дзырдтæ æнæ тæлмацæй: «Æнæ аххосæй фыййауы фосæй нæ хæссы бирæгъ», «Хорз ма ракæ æмæ фыд ма ссарай», «Зæрдæ куы судзы, уæд сохъыр цæстæй дæр цæссыг цæуы», «Бирæгъыл мæгуыры бон куы кæны, уæд æвзæр куыдзы бын дæр атулы».   

Уæлдæр цы фразеологон дзырдбастытæ æрхастам, уыдон семантикон-стилистикон æгъдауæй сты алыхуызон æмæ сæ Къоста йæ фыстæджыты пайда кæны алыхуызæтты, цæуыл дзуры, уыдæттæм гæсгæ.

Номон фразеологон дзырдбастыты ‘хсæн сæхи бæрæг дарынц абарæн фразеологон иуæгтæ. Уыдон та сты æвзаджы эмоцион-экспрессивон фæрæзтæ æмæ сæ Къоста дæр уымæн пайда кæны йæ фыстæджыты. Зæгъæм:«Словом, скажите только да, и все пойдет, как по маслу», «Не могу только никак дождаться развязки конфликта с Кахановым, как в воду все кануло!» æмæ æндæр-тæ.

Ахæм абарæнтæй пайдагæнгæйæ, фыссæг æххæстдæрæй равдисы, цæуыл дзуры уый.

Къоста йæ фыстæджыты фразеологизмтæй цы хуызты пайда кæны, уыдонæй сæ сæйрагдæртæй иу у уый, æмæ ссары алыхуызон синонимон фразеологизмтæ адæймаджы миниуджытæ, миддуне ирддæрæй равдисынæн. Зæгъæм: «Что это? Бред, безумие, продукт большой фантазии, или истина, та именно истина, которая дает жизнь и счастье».

Синонимон рæгъ: бред, безумие, продукт большой фантазии.

«Я нарочно купил вина на сегодня, чтобы с самим  собой один на один выпить за Александра, а потом, конечно за всех вас…».

Синонимон рæгъ: с самим собой, один на один.

Ахæм фразеологон цæг постпозитивон уавæры куы уа, уæд уый æххуыс кæны авторæн архайд бæлвырддæр æмæ æххæстдæрæй равдисынæн. Автор та ахæм фразеологон синонимтæй куы фæпайда кæны йе сфæлдыстады, уæд уый дзурæг у, авторы дзырдуаты хъæздыгдзинадыл æмæ уыдон равзарынмæ хорз кæй рæхсы, ууыл.

Къоста ма иуæй-иу фразеологон дзырдбастыты йæ фыстæджыты лексикон æгъдауæй хатт æндæр хуызæтты дæр фæкæны, бахæссы сæм ног дзырдтæ, йæ хъуыдытæ зæгъынæн ын хуыздæр чи вæййы, ахæмтæ. Ацы хъуыддаг хуыздæр бамбарыны тыххæй æркæсæм, йæ фыстæджыты арæх чи æмбæлы, уыцы фразеологон дзырдбастмæ: «всеми фибрами души».

«Не забывайте Вашего до последней фибры души неисправимого Коста», «Цаголова я очень жалею и сочувствую всеми фибрами души», «Но этого ему, однако, не удалось достигнуть, и тогда он, напрягая до крайней степени все фибры столичного своего организма, стал проливать потоки крокодиловых слез». «Когда человек слишком долго и очень усиленно напрягает все фибры своего существования над разрешением какого-либо вопроса, он может дойти до такого состояния, что станет читать чужие мысли на рас-стоянии».

Уæдæ Къостайы фыстæджыты фразеологон дзырдбастыты бæрæг у, Хетæджы фырт, уырыссаг æвзаг хорз зонгæйæ, æвзаджы фæрæзтæй кæй пайда кæны иттæг арæхстгæ, йæ хъуыдытæ бæлвырддæр бамбарын кæныны тыххæй йæ кæм бахъæуынц, раст уым бавæрынæн æмæ ирддæрæй разыны йæ апп, йæ мидис.    

БЕКЪОЙТЫ Майя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.