ФЫСДЖЫТЫ  ЦÆДИСÆН – НОГ ÆМСÆРДАР

28 ноябры Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдис сæ хыгъдон – æвзарæн æмбырды Ирыстоны фысджыты Цæдисы æмсæрдарæй равзæрстой Агънаты Гæстæны. Æртæ кандидатурæйæ фылдæр хъæлæстæ райста уый. Ацы бынатæй барвæндонæй ацыд Ходы Камал йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ.

Агънаты Гæстæн у зынгæ фыссæг, публицист, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг, Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, бирæ романты автор. Йе сфæлдыстадон куыст фæкодта Ирыстоны бирæ бæрнон бынæтты.

Фысджыты цæдисы правленийы ног уæнгтæ уыдзысты Хуыгаты Сергей, Дзасохты Музафер, Тъехты Тамерлан, Наталья Куличенко, Будайты Милуся, Гуырдзыбегты Иринæ, Хозиты Барис æмæ Хохойты Энвер. Цæдисы æмсæрдары хæдивæгæй фæстæмæ баззайдзæн поэт Скъодтаты Эльбрус.

Æмбырды архайджытæ фæсаууонмæ зæрдæбын арфæ ракодтой Ходы Камалæн æртын азы дæргъы фысджыты сæргъы йæ æнтыстджын куысты тыххæй.

Æмбырды ма ныхас цыд афæдзы дæргъы цæдисы куысты цы арæзт æрцыд, стæй сæ дарддæры куысты фыццаградон хæстыл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.