Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта УФ-йы Федералон æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Валентина Иваны чызг!

Арфæ дын кæнын дæ юбилейон гуырæн боны цытæн.

Дæ цард у ирд цæвиттон, адæймагæн йæ зонындзинæдтæ, инициативæ æмæ куыстуарзондзинад æнтыстытæ æмæ аккаг кад куыд æрхæссынц, уымæн.

Абоны бон дæуæн дæ æвидигæ энерги, нысанмæ тырнындзинад æмæ принципиалондзинад ахъаз кæнынц уымæн, цæмæй æнтыстджынæй пайда кæнай уыцы зынаргъ фæлтæрддзинадæй Федерцийы Советы Сæрдары бынаты кусгæйæ.

Ныфс мæ ис, дæ хайадистæй РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн бирæпланон æмархайд ног импульс кæй райсдзæн æмæ дарддæр кæй рæздзæн.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, сабырад, æвидигæ энерги, æнтыстытæ. Уадз, æнæивгæ æмæ фидар уæт хæларадон бастдзинæдтæ, уадз æмæ дын сæ хъусдард æмæ уарзондзинад лæвар кæной дæ бинонтæ æмæ де ‘ввахс хиуæттæ.

Фæндвидар æмæ быхсындзинадæй хайджын у дæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæнгæйæ УФ-йы æмæ йæ адæмы хæрзиуæгæн»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.