Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци Парламенты спикер Гасситы Петры сæргълæудæй хайад райста Цæгат Кавказы Парламентон Ассоциацийы X-æм конференцийы рабадты, афтæ ма Ставрополы крайы Думæйыл 25 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты. Делегацийы сконды уыдысты Æддагон политикæ æмæ æхсæн-парламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Игорь æмæ РХИ-йы Парламенты депутат Касаты Ацæмæз.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта, конференци уагъд кæй æрцыд бæрзонд æмвæзадыл æмæ хæларадон уавæры. Йæ куысты хайад райстой Ставрополы губернатор Владимир Владимиров, крайы Думæйы сæрдар, Парламентон Ассоциацийы Сæрдар Геннадий Ягубов æмæ УФ-йы субъектты паддзахадон хицауиуæгады закъондæттæн органты делегацитæ, кæцытæ сты Цæгат-Кавказаг федералон округы сконды.

«Конференцийы фæлгæтты уынаффæ цыд Цæгат Кавказы федералон округы субъектты парламентты закъондæттæн инициативæтыл федералон закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Байхъуыстой Цæгат Кавказы федералон округы регионты закъондæттæн органты куырдиæттæм федералон ведомствоты къухдариуæггæнджытæм алыгъуызон проблемæтæ æмæ ахсджиаг закъæтты проекттыл тагъдыл æруынаффæ кæныны фæдыл. Æруынаффæ кодтой ахæм фарстатыл, кæцытæ хауынц фæсивæдон парламентаризм æмæ Цæгат Кавказы регионты æвзонг депутатты совет саразынмæ», – радзырдта закъондæттæн органы сæргълæууæг, æмæ сæрмагондæй банысан кодта, Хуссар Ирыстон Парламентон Ассоциацийы уæнг кæй у РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы фæрцы. Уый ма банысан кодта Парламентон Ассоциацийы ахсджиагдзинад æхсæнрегионалон æмгуыстад райрæзын кæныны процессы æмæ регионты консолидацийы Цæгат Кавказы рæзты фарстытæ скъуыддзаг кæныны фæдыл.

Уæлахизы боныл 74 азы сæххæсты цытæн конференцийы хайадисджытæ æрымысыдысты Фыдыбæстæйон хæсты Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ. Рабадты рæстæджы ма арфæ кодтой крайы парламентыл 25 азы сæххæсты цытæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.