РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли раар-фæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойæн Уæрæсейы Парламентаризмы боны цытæн

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Валентина Иваны чызг!

Стыр цытимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парла-менты æмæ мæхи номæй арфæ кæнын дæуæн æмæ Федерацийы Советы æппæт уæнгтæн Уæрæсейы Парла-ментаризмы боны цытæн!

Ацы бæрæгбонæн йæ равзæрд баст у 1906 азы паддзахадон хицауады закъондæттынадон орган — Паддзахадон Думæйы куысты райдианимæ, кæцы æрæвæрдта Уæрæсейы парламентаризмы бындур. Парламенты закъондæттынадон архайды фæрцы арæзт æрцыд хъомысджын нормативон-барадон бындур, кæцы ахъаз у æмбæстæгты конституцион бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъæныны фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн, уæрæсейæгты царды гъæд фæбæрзонддæр кæнынæн, хица-уиуæгад сфидар кæнынæн æмæ демократон æхсæнад райрæзын кæнынæн.

Абон Уæрæсейы авторитет иумæйагæй дунейы мидæг æнæрлæугæйæ рæзы, æмæ уымæн та ахъаз у Федерацийы Советы архайд, куыд бæстæйæн мидæгæй, афтæ дунеон аренæйы дæр. Уымæн цæстуынгæ æвдисæн у Уæрæсейы минæвар К. И. Косачев Æхсæн-парламентон цæдисы сæрдарæй æвзæрст кæй æрцыд, уый дæр.

Мæ зæрдæ дын зæгъы, цытджын Валентина Иваны чызг, фидар æнæниздзинад, амонд, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ Уæрæсейы æмæ йæ адæмы хæрзиуæгæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.