Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй, кæцы баст уыд Советон Цæдисы сгуыхт тренер Дедегкаты Хъазбеджы рухс ном ссарынимæ. Ерысты хайад райстой Уæрæсейы 39 регионæй 369 богалы. Чемпионат официалонæй байгом кæныны церемонийы хайад райстой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

«Хорз традици ссис Дзæуджыхъæуы бæрзонд æмвæзадыл ерыстæ уадзын æмæ мын уый æхсызгон у. Дедегкаты Хъазбегæй Ирыстон у сæрыстыр. Уый схъомыл кодта Олимпион чемпионты. Æмæ символикон у, ацы ерыстæ йæ номыл уагъд кæй цæуынц, уый», – загъта Бибылты Анатоли. 

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ командон хыгъды фыццаг бынат бацахста РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæ. Уыдон рамбылдтой 6 сыгъзæрин, 4 æвзист æмæ 5 бронзæ майданы.

Уæлахиздзаутæ систы Хæдæрцаты Алик (61 кг), Куыдзойты Алан (70 кг), Бетанты Давид (74 кг), Багаты Алан (92 кг), Гæззаты Аслæнбег (97 кг) æмæ Хуыбылты Ален (125 кг). Æвзист призертæ систы Сабанты Александр (61 кг), Наниты Славик (86 кг), Соттиты Аслæнбег (92 кг) æмæ Джыгкайты Тамик (97 кг). Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Сечъынаты Георги (65 кг), Будайты Сосланбег (74 кг), Найфонты Алан (79 кг), Козырты Сергей (125 кг) æмæ Теблойты Ацæмæз (125 кг).

Чемпионаты фæстиуджытæм гæсгæ йæ уæлахиздзаутæ райсдзысты 21 азы онг спортсменты ‘хсæн дунейы чемпионаты хайад райсыны бар, æвзист призертæ та ацы кары спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.