Нæ республикæйы паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу у Республикæйы бон. 23 азы размæ, 20 сентябры Адæмон депутатты советы уынаффæмæ гæсгæ автономон область расидт æрцыд республикæйæ. Алы аз дæр ацы нысаниуæгджын бон нысан цæуы уæрæхæй.

Ацы хъæлдзæг, æхсызгон бæрæгбон банысан кодта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзар дæр. Зал уыд бæрæгбонон фæлыст, йæ къултæ йын сфæлыстой фоторавдыст «Республикæ знон æмæ абон»-æй.

Бæрæгбонон арфæтæ ракодта культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси.

Доклад «Хуссар Ирыстон цæры сабыр арвы бын», зæгъгæ, бакаст Дудайты Элинæ. Цыбыртæй дзы радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты историон цауы тыххæй – 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны адæмон депутатты Областон совет куыд райста Хуссар Ирыстоны автономон областæй Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ саразыны тыххæй уынаффæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, сыхаг Гуырдзыстоны зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ  Хуссар Ирыстоны йæ историон номæй хонын дæр нал уагътой, ирон адæмы та райдыдтой æфхæрын æппæтхуызæй дæр.

«1990 азæй фæстæмæ нæ сæрибардзинады тыххæй чи фæтох кодта æмæ уæлахизыл чи нал сæмбæлд, уыдоны хъайтардзинад, уыдоны нæмттæ мах нæ зæрдыл дардзыстæм», – загъта Дудиан. Уый ма бахатыд æрбацæуæг адæммæ, цæмæй, абон не ʻхсæн чи нал ис, уыцы хъæбатырты рухс ном ссарой æмырæй алæугæйæ.

 

***

Бæрæгбон æнæ кафт, æнæ зардæй нæ фидауы. Æмæ уыцы бон сценæйыл йæ арæхстдзинад æвдыста Дменисы культурæйы кафджыты хæдархайгæ къорд. Скъоладзаутæ Сидамонты Владик æмæ Уалыты Аслан бæрæгбоны цытæн бакастысты æмдзæвгæтæ. Зарæггæнджыты дæсныйад дæр зæрдæмæдзæугæ уыд.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.