15-æм майы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конференцзалы Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн уыдис сфæлдыстадон изæр. Бацæттæ йæ кодта ирон литературæйы историйы кафедрæ. Хайад дзы райстой ирон æвзаг æмæ литературæиртасджытæ, университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ.

Мадзал байгом кодта цыппæрæм курсы студент Наниты Роксанæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæм сæрыстыр сты Хетæгкаты Къоста, Абайты Васо, Исаты Мæхæмæт, Гæдиаты Цомахъ, Коцойты Арсен, Æгъуызаты Иуане æмæ бирæ æндæртæй. «Ахæм зындгонд адæймæгтæ кæмæн ис, уыдонæн сæ фарн бирæ æмæ дардыл у æмæ æвзагæн дæр, кæд гæнæн ис æмæ фæцуда, уæддæр цы зындзинæдтыл æмбæлы, уыдон вæййынц рæстæгмæ. Абайты Васо йæхæдæг ирон æвзаджы тыххæй ахæм хъуыды загъта, зæгъгæ, ирон æвзаг афтæ хъæздыг у æмæ йыл алцы зæгъæн дæр ис. Уымæ гæсгæ фылдæр хъусдард здахын хъæуы мадæлон æвзаг сахуыр кæныны хъуыддагмæ», – банысан кодта уый.

Университеты ректор, профессор Тедеты Вадим йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, æрæджы нæ театры æвдыстой Гаглойты Владимиры уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Ныййарæджы кадæг». Уым университеты студенттæй хъазынц цалдæрæй. «Сæ архайд, сæ ныхас афтæ рæсугъд, сыгъдæг æмæ аив уыд æмæ сæ мæ зæрдæ барухс, уый та ууыл дзурæг у æмæ æнтыстджын куыст кæй цæуы не ‘взаджы сыгъдæг, хъæздыг æмæ рæсугъддзинадыл».

Тедеты Вадим ма фехъусын кодта, Хуссар Ирыстонмæ æввахс рæстæджы уазæгуаты кæй æрцæудзæнис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты делегаци. «Уырны мæ, хорз сыл кæй сæмбæлдзыстæм, программæтæ æххæст кæй æрцæудзысты æмæ уым дæр не студенттæ кæй равдисдзысты сæ ахаст мадæлон æвзагмæ æмæ дзы аивæй кæй пайда кæндзысты, уый. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ нæ университет Уæрæсейы архивон управлениимæ цы бадзырды проект сарæзта, ууыл тагъд рæстæджы къухтæ фыст кæй æрцæудзысты æмæ бадзырд йæ тыхы кæй бацæудзæнис, уый. Уый та нысан кæны æмæ нæ университеты минæвæрттæн бар кæй уыдзæнис Уæрæсейы архивон управленийы Ирыстон, ирон æвзаг æмæ литературæйы тыххæй цы æрмæджытæ ис, уыдонæй пайда кæныны бар».

Ирон æвзаджы бæрæгбоны ма Вадим загъта, зæгъгæ, æвзаджы рæзт æмæ размæцыды тыххæй ирон литературæйы кафедрæ æрвылаз дæр кæй бакæны цæстуарзон æмæ раппæлинаг куыст. Арæх ауадзы алыгъуызон сфæлдыстадон мадзæлттæ æмæ сын раарфæ кодта Плиты Гацыры сæргълæудæй.

Йæ раныхасы Плиты Гацыр дæр арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта: «Нæ бæрæгбонтæ бирæ сты, фæлæ дзы æз ахсджиагдæрыл нымайын не ‘взаджы бæрæгбон. Уымæн æмæ не ‘взаг тыхджын æмæ хъæздыг куы уа, уæд тыхджын æмæ кадджын уыдзыстæм нæхæдæг дæр. Цæмæй æппæт дæр мах, ирон адæмы куыд фæнды афтæ уа, уый тыххæй хъæуы уæхскуæзæй кусын æмæ архайын. Афтæ чи хъуыды кæны æмæ æвзаг сахуыр кæныны хъуыддаджы хæсджын æрмæст скъолатæ сты, уыдон рæдийынц. Саби дзурын хæдзары, бинонты ‘хсæн базоны, уымæ гæсгæ ныййарджытæ хæсджын сты сæ сывæллæтты мадæлон æвзагыл цайдагъ кæнын», – загъта Гацыр.

Ацы фарсты фæдыл ма Гацыр бафиппайдта, зæгъгæ, æвзаджы размæцыды тыххæй афæдз иу хатт ныхас кæнын у хæрз цъус. Йæ хъуыдымæ гæсгæ æрвылмæй дæр исты мадзæлттæ уагъд куы цæуиккой, уæд уый æвзаджы хъæддых æмæ хъæздыгдзинадыл бандавит хорзæрдæм. Йæ хъуыдымæ гæсгæ гуманитарон факультетты фæфылдæр кæнын хъæуы ирон æвзаг æмæ литературæйы сахаттæ дæр. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыдыл чи кусы, уыцы ахуыргæндты фембæлдтытæ дæр фæарæхдæр кæнын хъæуы.

Афтæ чи зæгъы, зæгъгæ, сæфы ирон æвзаг, æз уыдонимæ разы нæ дæн. Ахæм дзырдтимæ сфæлдыстадон изæры йæ ныхас райдыдта университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы декан Тыбылты Ингæ. «Ахæмтæн мæ зæгъын фæнды – ирон æвзагæн фесæфæн нæй, цалынмæ Ирыстоны иунæг ирон лæг уа, уæдмæ. Æвзаджы рæзт æмæ размæцыдыл æппынæдзух хъазуатон куыст кæнын кæй хъæуы, уымæ та ма хъуамæ зивæг кæнæм», – банысан кодта ирон æвзаджы дæсны.

Ирон литературæйы историйы кафедрæйы доцент, профессор Хъазиты Мелитон та банысан кодта, зæгъгæ, ирон саби куы райгуыры, уæд ыл сæмбæлы æртæ стыр хорзæхы: сулæфы, фены рухс æмæ фехъусы ирон дзырд. «Рагæй хъусæм, зæгъгæ, сæфы не ‘взаг, фæлæ ахæм дзурджытæ раст не сты. Ирон æвзаг рæзы, кæны хуыздæр, рæсугъддæр æмæ мæ уырны уыцы æнтыст цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахизын кæй бафæраздзæнис, уый».

– Абон у бæрæгбон æмæ æфхæрæн æмæ хъасты ныхæстæ кæны уыййас не ‘мбæлынц, – ахæм дзырдтæй сфæлдыстадон изæры йæ ныхас райдыдта университеты уырыссаг филологи, журналистикæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан Биазырты Аллæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй, ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыды хъуыддаджы ис, куыд æнтыстытæ, афтæ цухдзинæдтæ дæр. «Аххосджынты агурыны бæсты, мæ хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы хуыздæр æмæ хъаруджындæрæй архайын, цæмæй уыцы цухдзинæдтæ иуварсгонд цæуой», – загъта Биазырты чызг.

Сфæлдыстадон изæры ма æвзаджы тыххæй раныхас кодтой университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго,  ирон æвзаджы кафедрæйы доцент, професор Дзабиты Зарбег æмæ æндæртæ.

Хъазиты Мелитон, Икъаты Владимир, Æлборты Хадзы-Умар, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Плиты Серго æмæ æндæр поэтты  ирон æвзагыл фыст  æмдзæвгæтæ кастысты университеты студенттæ: Тыбылты Аннæ, Æлборты Луизæ, Цхуырбаты Алинæ, Гаглойты Линдæ, Плиты Наташæ æмæ æндæртæ.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.