Бæрæгбон хъæлдзæгдзинадæй фидауы. Уымæ гæсгæ ахæм бонмæ уæлдай тынгдæр фæцæттæ кæнынц йæ цырынгæнджытæ, цæмæй дзы хайджын фæуа алчи дæр. Уыцы хъуыддаг зæрдыл даргæйæ, Сылгоймæгты Æхсæнадæмон бон-8-æм марты цытæн æцæг бæрæгбонон изæрмæ сæхи хорз бацæттæ кодтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы Культурæйы хæдзары хæдархайгæ аивадон коллективы уæнгтæ дæр. Уыдонæн арæхстджын разамынд кæны æвзыгъд хореограф Куыдзеты Янæ, уый алы хатт дæр райдайгæ хайадисджыты хорз бацæттæ кæны æмæ уымæ гæсгæ  сæ алы ралæуд дæр вæййы зæрдæмæдзæугæ æмæ сыл сценæмæкæсджытæ сæмбæлынц æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ.

Бæрæгбонон изæрмæ æрбацыдысты районы администрацийы Культурæйы управленийы кусджытæ, бынæттон цæрджытæ, ныййарджытæ. Мадзал байгом кодта бынæттон Культурæйы хæдзары директор Мамиты Дзерассæ æмæ арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæ æмæ æппæт сабыруарзаг адæмæн. Ирон адæмон кафт «Симд»-æй райдыдта ацы мадзал. Концертон программæ хъæздыг уыд æндæр кæфтытæй дæр, куыд «Хонгæ кафт», «Ерысы кафт», «Хæххон кафт», «Чызджыты кафт», «Авайраг кафт». Æрыгон хайадисджыты алы ралæуд дæр уыд аив, се ‘ххæстгæнджытæ уыдысты Лохты Алинæ, Саулохты Ланæ, Хуыбиаты Марат, Азæмæт, Эдуард æмæ æндæртæ æмæ сын сценæмæкæсджытæ кодтой тыхджын къухæмдзæгъд. Концерт хъæздыг уыд зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæй дæр. Сценæмæкæсджыты зæрдæмæ тынг фæцыд Лохты Алинæйы сæххæстгонд «Мады зарæг» æмæ йын концертдзаутæ арфæ кодтой сæ зæрдиаг æмдзæгъдæй. «Хистæрты зарæг» та аив акодтой Хуыбиаты Аслан æмæ Марат. Ныййарæг мад, сылгоймаг, Райгуырæн бæстæ æмæ æндæр темæтыл фыст æмдзæвгæтæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл аив радзырдтой Бигъуылаты Анастасия, Джиоты Миланæ, Тъотъоты Амандæ, Хуыбиаты Аделинæ æмæ иннæтæ. Концертмæ æрбацæуджыты зæрдæйы равг ноджы фæхъæлдзæгдæр кодта хæдархайгæ аивадон къорды разамонæг Куыдзеты Янæ. Æрбацæуджыты фæхудын кодта, цардуаджы æндæр æмæ æндæр фарстытæ юморы хуызы йæ цыргъ ныхæстæй куы æххæст кодта, уæд.

Иудзырдæй, бæрæгбонон мадзал уыд зæрдæмæдзæугæ æмæ дзы се ‘ппæт дæр баззадысты райгондæй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.