30-æм майы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты банысан кодтой Славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бон. Мадзалы программæмæ хаст æрцыд зонадон-практикон конференци æртæ зæрдылдарæн æмæ нысаниуæгджын боны – Хæдбар Паддзахадты Цæдисы уырыссаг æвзаджы аз, педагогы аз, æмæ кирилицæйы сырæзтыл 1160 азы сæххæсты цытæн.

Бæрæгбонон мадзалмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, «Россотрудничество»-йы сæргълæууæг Сергей Скворцов, университеты ректор Тедеты Вадим, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы уæнгтæ æмæ студентон фæсивæд.

Университеты проректор, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президент, журнал «Русское слово»-йы сæйраг редактор Тедеты Залинæ бацæуæн ныхасæй байгом кодта конференци. Уый æрдзырдта славяйнаг фыссынады фæзынды истори æмæ йæ нысаниуæджы тыххæй, æфсымæртæ Кирилл æмæ Мефодий ацы хъуыддаджы стыр хайбавæрд кæй бахастой æмæ славяйнаг адæмæн æнустæм кæй балæггад кодтой. «Кирилицæйы фæзынд славяйнаг адæмтæн ссис чиныджы ног дунемæ куыд фæндагсгарæг, афтæ. Славяйнаг фыссынад стыр ахъаз у уырыссаг æмæ ирон адæмтæн дæр. Уымæн æмæ кириллицæ абон у ирæтты официалон алфавит», – банысан кодта Тедеты Залинæ. Уый ма адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бæрæгбон Хуссар Ирыстоны университеты райдыдтой нысан кæнын 1996 азæй æмæ ссис куыд традицион бæрæгбон, афтæ. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы фæзындæй (2011 аз) фæстæмæ ацы зæрдылдарæн бонмæ организаци æрцæуынц студентон фæсивæды хайадистæй цымыдисон мадзæлттæ.

Сергей Скворцов дæр арфæ ракодта нæ республикæйы къухдариуæгад æмæ адæмæн Хуссар Ирыстоны зæххыл славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бæрæгбонæн стыр кад кæй кæнынц, уый сæраппонд. «Рагон славяйнæгтыл йæхи чи нымайы, уыдонимæ абаргæйæ ирон адæм кæд славяйнæгтæ не сты, уæддæр тынг æввахс сты уырыссаг адæммæ, Уæрæсемæ æмæ уый тыххæй стыр бузныг зæгъын ирон адæмæн», – загъта Сергей Скворцов.

Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы директор Плиты Риммæ йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Конситуцийы куыд фыст у, уымæ гæсгæ нæ бæстæйы паддзахадон æвзæгтыл нымад цæуынц ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ æмæ уый хуымæтæджы кæй нæу. «Ацы дыууæ æвзаджы кæрæдзийыл афтæ баст сты æмæ сæ абарæн ис тæхгæ цъиуы дыууæ базыримæ», – банысан кодта Плиты чызг.

Тедеты Залинæ ма радзырдта зонадон-методикон æмæ æхсæнадон-литературон журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы сырæзты тыххæй дæр. Банысан кодта, æнæмæнгхъæуæг кæй у уырыссаг æвзаджы размæцыдæн æмæ йæ ахадындзинад дæр егъау кæй у æхсæнады. «Журнал уадзыны тыххæй нын чи баххуыс кодтаид, ахæм адæймæгтæ нæм кæй разындзæн, ууыл нæ дызæрдыг кодтам æмæ-иу нæм цы бирæ æрмæг уыд, уыдон мыхуыр кодтам. Журналы фæрстыл сæрмагонд рубрикæйы бын мах кæддæриддæр æрдзурæм нæ Ирыстоны зындгонд адæймæгты тыххæй. Уыдон нымæцы Хетæгкаты Къоста, Абайты Васо, Джуссойты Нафи æмæ бирæ æндæртыл. Афтæ ма мыхуыргонд æрцæуынц Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны зæрдылдарæн бонтæ æмæ нысаниуæгджын цаутыл уацтæ дæр», – загъта Тедеты Залинæ. Уый ма сæрмагондæй банысан кодта, журналы 22-æм номыр рухс кæй федта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æххуысы руаджы æмæ йын загъта бузныджы ныхæстæ.

Цхуырбаты Лариса

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.