18 сентябрæй 25 сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикæйы фæндæгтыл æрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цау. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фæдыл горæты милицийы управленийы кусджытæ бæрндзинадмæ æркодтой дыууæ адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 305 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 25 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

18 сентябры милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Къусреты хъæугæрон бронкалæны ссардтой зæрдæхсайгæ предмет. Бынатмæ ссыдысты сапертæ æмæ сбæрæг кодтой, ссаргæ предмет кæй у танкрæмудзæн минæ.

18 сентябры криминалон милицийы кусджытæ оперативон информацийы фæдыл горæт Цхинвалы цæгатварс басгæрстой зæххы хай, кæцыйы хицау разынд Знауыры районы Гъуертеуы (Кумау) хъæуы 43-аздзыд цæрæг. Басгæрсты рæстæджы сæрмагонд арæзт хъæрмуаты ссардтой 15 гæны къутæры æмæ сæ скуынæг кодтой. Уымæй уæлдай ма фæткхалæг спайда кодта марихуанайæ.

20 сентябры Знауыры районы Аунеуы хъæуы милицийы стационарон посты баурæдтой автомашинæ «Volkswagen Golf», кæцыйы шофыр разынд Бехъмары хъæуы 28-аздзыд цæрæг æмæ йæм сæ зæрдæ фехсайдта нозтджынæй. Медицинон басгæрсты фæстиуæгæн, афтæмæй шофыр разынд нозтджын æмæ ма спайда кодта марихуанайæ дæр. Ацы фæткхалæг ма фарон декабры мæйы урæд æрцыд нозтджынæй автотранспорт скъæрыны рæстæджы æмæ йæ тæрхондон фæивар кодта 20 мин сомы æмæ ма йын йæ бары гæххæттытæ дæр иу аз æмæ æрдæгы æмгъуыдмæ байста. Ныр та фæткхалæгыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг.

23 сентябры милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта сылгоймаг. Куыд рабæрæг, афтæмæй рынчын разынд Знауыры районы Лисайы хъæуы 54-аздзыд цæрæг, кæцыйы фæнадта йæ лæг, 37-аздзыд горæттаг цæрæг. Ныридæгæн барадхъахъхъæнæг органтæ уадзынц оперативон-агурæн мадзæлттæ, цæмæй æрцахсой фыдгæнæджы æмæ йæ бæрндзинадмæ æркæной.

Милицийы кусджытæ ма Цхинвалы районы Ногхъæуы баурæдтой зæрдæхсайгæ автомашинæтæ, кæцыты шофыртæ разындысты горæттаг 40, 37 æмæ 50-аздзыд цæрджытæ. Шофыртæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ æмæ сæ уый тыххæй тæрхондон фæивар кодта.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.