«Авдфатон» иконæ уыд Цхинвалы

Ивгъуыд къуыри чырыстон динылхæст адæм нысан кодтой сыгъдæг Мадымайрæмы бæрæгбон. Уый цытæн Сыгъдæг Æртæиууон æмæ Алайнаг эпархийы аргъуанты ацыд бакуывдтытæ. Дыууæ аргъуанмæ дæр æрцыд дзæвгар адæм. Чырыстон дунейы Мадымайрæмæн стыр аргъ кæнынц. Йæ иконæйы раз алы хатт дæр вæййы бирæ адæм, уаз нывы тых æмæ æххуыс сæхиуыл бирæ чидæртæ банкъарынц. Æнæуи та Мадымайрæмæн ис сывæллæттæ хъахъхъæнæг æмæ хæрзиуджытæ дæттæг тых.

Мадымайрæмы бæрæгбоны цытæн нæ республикæмæ 20-22-æм сентябрмæ Мæскуыйæ æрхайстой «Авдфатон» иконæ. Æрæвæрдтой йæ сыгъдæг Æртæиуон Хуыцауы Аргъуаны æмæ йæм дыууæ боны фæцыд дзæвгар адæм. Канд горæтæй нæ, фæлæ ма республикæйы дæрддзæф хъæутæй дæр сæхи бафæдзæхсынмæ æрбацыдысты адæм.

Аргъуаны цы адæм уыд, уыдонæй сæ иу Битеты Нелли, та æрцыд Мæскуыйæ: «Бузныг Хуыцауæн, кæй мын радта фадат, цæмæй «Авдфатон» иконæмæ хæстæг бацæуон, мæ къух ыл авæрон. Ацы иконæ хъахъхъæнæг æмæ хæрзиу-джытæ дæттæг кæй у, уый æз бавзæрстон мæхиуыл. Мæ хойы чызг фæрынчын онкологийæ æртæ азы размæ. Иу хатт фыны федта «Авдфатон»-ы цыдæр амындтытæ бакодта, фæлæ уыдон мæ бон  æргом зæгъын нæу. Æвзонг чызг опе-раци сарæзта æмæ ныртæккæ дæр сæрæгас у. Иконæмæ цы диссаджы миниуæг ис – уый дунейыл хъуыстгонд у, æппынæдзух йæхи æгъдауæй уымæл кæны миро кæй хонынц, уыцы уымæлад дзы цæуы. Хатт уыцы уымæлад иконæ цы авгæй æмбæрзт у, уымæй дæр æддæмæ рацæуы æмæ зæхмæ æртæдзы. Уый та нысан кæны Мадымайрæмы фæдзæхстæй Хуыцау нæ цавæрдæр фыдбылызтæй кæй хъахъхъæны, Мæскуыйы ацы иконæмæ бахауын у тынг зын, æрвылхатт дæр æм хъæуы рады лæууын. Стæй иу бынаты дæр бирæ рæстæг нæ вæййы. Ныртæккæ Украинæйы зæххыл Сæрмагонд æфсæддон операцийы цы ирон лæппутæ хайад исы, уыдон тыххæй хъæуы кувын Мадымайрæммæ, цæмæй сæ бинонтæм æрцæуой сæрæгас æмæ æнæнизæй. Ирыстоны кæй ис ацы иконæ, уымæй мæн ныфс ис хорз фидæн нæм кæй æнхъæлмæ кæсы», – дзырдта Нелли.

Мадымайрæмы райгуырды тыххæй чырыстон дин афтæ зæгъы: «Галилейаг чысыл горæт Назареты цардысты ацæргæ æмкъæйттæ – Иоаким æмæ Аннæ. Дыуæ цардæм-балы дæр уыдысты раст адæймæгтæ æмæ Хуыцаумæ кувджытæ. Сыгъдæг цардæмбæлттæ дæргъвæтин рæс-тæджы  уыдысты æнæзæнæг æмæ æппынæдзух хъынцъым кодтой сывæллæттæ сын кæй нæй, ууыл. Иу хатт Иоаким стыр бæрæгбоны рæстæджы Иерусалимы аргъуанмæ бахаста лæвæрттæ Хуыцауæн. Фæлæ сауджыны нæ бафæндыд сæ райсын æнæзæнæг кæй уыд, уымæ гæсгæ. Уымæн æмæ сывæллæттæ нымад цыдысты Хуыцауы лæварыл, дæу та дам, Хуыцау нæ нымайы иугæр дын сывæллæттæ нæ дæтты, уæд.

Уыцы рæстæджы йæ цардæмбал уыд хæдзары æмæ фехъуыста, зæгъгæ, йын аргъуаны сауджын нæ айста йе ‘мкъайы лæвæрттæ, æнæзæнæг кæй сты, уый тыххæй. Аннæ ма базыдта уый дæр æмæ йæ цардæмбал хъынцъымгæнгæ æмæ кæугæйæ кæй ацыд æдзæрæг ранмæ. Аннæ ацыд дыргъдонмæ, сбадт лавыры бæласы бын, арф ныуулæфыд æмæ цæссыгæйдзаг цæстытæй арвмæ скæсгæйæ, уæлийæ бæласы къалиуыл федта ахстон. Цъыбар-цъыыбур дзы кодтой цъиуы чысыл лæппынтæ. «Æгæрыстæмæй цъиутæн дæр ис лæппынтæ, фæлæ махæн зæрыбоны нæ уыдзæн ахæм амонд», – хъуыдытæ кодта Аннæ.

Уæд æм æнæнхъæлæджы фæзынд зæд  æмæ йын загъта: «Ды басывæрджын уыдзынæ æмæ ныййардзынæ чызг, уый уыдзæн арфæгонд æмæ алцæмæй æххæст. Чызджы руаджы Хуыцауы арфæ райсдзысты æппæт зæххон адæмтæ.   Йæ ном хуындзæн Мария».

Уыцы иу рæстæджы зæд фæзынд æдзæрæг ранмæ Иоакиммæ дæр. Уый йын загъта: «Иоаким! Хуыцау дын фехъуыста дæ куывдтытæ æмæ йæ бафæндыд дæуæн йæ арфæ балæвар кæнын. Дæ цардæмбал Аннæ басывæрджын уыдзæн æмæ ныййардзæн чызг. Уый уыдзæн æхсызгон æнæхъæн дунейæн дæр. Мæнæ дын нысан, раст кæй дзурын, уый тыххæй. Ацу аргъуанмæ Иерусалиммæ æмæ уым Сыгъзæрин кулдуары цур ссардзынæ дæ цардæмбал Аннæйы, уымæн дæр загътон ацы ныхæстæ».

Дисы бахаудта Иоаким. Æппæт зæрдæйæ Хуыцаумæ скуывта, бузныг ын загъта. Цингæнгæ тагъд ацыд Иерусалимы аргъуанмæ. Зæд ын куыд загъта, афтæ уым федта Ан-нæйы сыгъзæрин къулдуары цур Хуыцаумæ кувгæйæ æмæ йын радзырдта зæды тыххæй. Уый дæр йе ‘мкъайæн ра-дзырдта цы федта æмæ цы фехъуыста чызг ныййарыны тыххæй, уыдон. Ноджы иу хатт Хуыцаумæ скувыны фæстæ æмкъæйттæ раздæхтысты хæдзармæ.

Фараст мæйы фæстæ Аннæйæн райгуырд чызг, сыгъдæг æмæ арфæйаг сывæллон. Уый уыд сыгъдæгзæрдæ, Хуыцауы раз адæмы сæрыл хæцыд. Йæ райгуырдыл ын цин кодтой арв дæр æмæ зæхх дæр. Йæ райгуырды цытæн Иоаким Хуыцауæн æрхаста стыр лæвæрттæ æмæ нывондæгтæ, райста арфæ сауджынæй æмæ æппæт адæмæй, Хуыцау ын йæ арфæ кæй саккаг кодта, уый тыххæй. Уый фæстæ йæ хæдзары сарæзта стыр куывд æмæ иууылдæр цин æмæ арфæ кодтой Хуыцауæн.

Фæстæдæр Иоаким æмæ Аннæйы чызг Марияйæн райгуырд Исус Христос».

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.