Нæ горæты Театралон фæзуаты Къостайы цырты раз уагъд æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Ардæм æрбацыдысты РХИ-йы Президенты Администрацийы уæнгтæ, Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ, горæты скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы агъоммæ уыдон дидинджытæ сæвæрдтой Хетæгкаты Къостайы цырты раз.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Цоциты Аннæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ирон æвзаг кæд нымад цæуы паддзахадоныл, уæддæр нырма уыцы æмвæзадыл нæма ис.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон – Къостайы цырты раз

«Махæй алчидæр хъуамæ тырна, цæмæй не ‘взаг схиза паддзахадон æмвæзадмæ. Президент Гаглойты Аланы æмæ æппæт Администрацийы номæй арфæ кæнын сымахæн бæрæгбоны цытæн», – загъта уый.

Мадзалы æмдзæвгæтæ кастысты проект «Дзырд»-ы хайадисджытæ, афтæ ма Цхинвалы скъолаты æндæр ахуыргæнинæгтæ дæр.

Æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны охыл раарфæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, раст нæу ирон æвзаг æмæ литературæйы бон хицæн бонæй нысан кæнын, уымæн æмæ ирæттæн алы бон дæр у мадæлон æвзаджы бон.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон – Къостайы цырты раз

«Йæхи æцæг ирон чи хоны, уый хъуамæ аргъ кæна мадæлон æвзагæн. Мах хъуамæ ма ‘фсæрмы кæнæм мадæлон æвзагыл ныхас кæнынæй, уымæн æмæ иу нацийæн дæр нæй ахæм рæсугъд æмæ хъæздыг æвзаг», – загъта уый.

Арфæйы ныхæстæ ма ракодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы æндæр ахуыргæнджытæ дæр. Уыдон æрсидтысты, цæмæй популяризаци кæной мадæлон æвзаг æмæ йын аргъ кæной.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.