Цæгат Ирыстоны разамынд æркаст ахуыргæнджыты царды æмæ куысты уавæртæм æмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ: сæ мызд сын фæ-фылдæр кæнын хъæуы. Уый тыххæй бæлвырд уынаффæтæ рахастой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдары хæдивæг Ирина Азимова æмæ ахуырады министр Людмила Башарина.

Битарты Вячеслав куыд банысан кодта, афтæмæй, ахуырад цæмæй бæрзонд æмвæзадыл цæуа, скъолаты хорз кадртæ цæттæ кæной, национ регионалон ахуырады проекттæ æххæсгонд цæуой, уый бирæ аразгæ у ахуыргæнджытæй. Уый тыххæй та сын æвæстиатæй хъæуы сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

“Ахуырады рæзт у республикæйы лыггæнинаг фарстаты сæйрагдæртæй иу. Цæмæй нæ кæстæртæ хорз зонындзинæдтæ райсой, уый тыххæй хъæуы квалификацигонд ахуыргæнджы-тæ, уыдонæн та хъуамæ уа хорз уавæртæ, исой хорз мызд. Ахуырады министрадæн бахæс кодтон бынæттон бюджеты æхцатæ сфæрæз кæнын уыцы нысанæн. Ахуыргæнæджы зын æмæ бæрнон куыстæн хъуамæ аккаг аргъ уа”, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

 Ныхас ма цыд фæсивæды æргом ахуыргæнæджы куыстмæ раздахыны тыххæй. Хъæуы сын, цæмæ тырной ахæм фадæттæ саразын. Зæгъæм, иннæ аз, майы цæудзæн Æппæтуæрæсейон конкурс “Учитель года”. Архайдзысты дзы Уæрæсейы алы регионтæй. Чи фæуæлахиз уа, уымæн балæвар кæндзысты фатер, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ кæмæ æрхауой, уыдон райсдзысты æхцайы премитæ.

 Уымæй дарддæр, ног азæй Уæрæсейы æппæт регионты, уыимæ нæ республикæйы дæр, кусын райдайдзæн ног программæ “Земский учитель” (ис ма нæм “Земский врач” дæр). Уымæн йæ нысан у хъæууон скъолаты бакусын, æппынкъаддæр, фондз азы. Кад-ртæ æвзардзысты конкурсы бындурыл. Чи фæуæлахиз уа, уыдон ацæудзысты хъæутæм кусынмæ, лæвæрд сын æрцæудзæн фæйнæ иу милуан сомы.

Ныридæгæн конкурсы архайынмæ куырдиæттæ балæвæрдтой 16 адæймаджы.                                                                             

   Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.