МЕДИЦИНОН  КУСДЖЫТÆН – ЦЫРТДЗÆВÆН

Дохтыры дæсныйад цæргæбонты дæр кадджын æмæ хъæугæ у. Тыхст æмæ рынчын адæймаджы цард уыдонæй аразгæ у. Уый ноджы тынгдæр рабæрæг ацы æнæхайыр коронавирусы рæстæджы. Йæ хæдзар йæ бинонты чи ныууагъта æмæ йæхи удæн тас уæвгæйæ, цалдæр мæйы рынчындоны чи цæры, мæлæты дзæмбытæй рынчынты чи байсы, сæ рыстæй чи риссы, æдзух сын ныфсытæ чи æвæры, уый хъæ-батыр у, уæдæ цы у!..

Удуæлдай куыст чи кæны, уыцы дохтыртæн Дзæуджыхъæуы уынгты алы къахдзæфæн сæ портреттæ конд æрцыдысты баннертыл. Адæм сæм кæсынц æмæ арфæ кæнынц сæ ирвæзынгæнджытæн. Хицауад алывæрсыг æххуыс кæны, «тæссаг тæлмы» чи кусы, уыцы дохтыртæн.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дохтыртæн бузныджы нысанæн æрхъуыды кодта цыртдзæвæны хуызы сын сæ ном сæнусон кæнын. Уый уыдзæн, рынчынты ирвæзын кæнгæйæ цы дохтыртæ фæрынчын сты æмæ амардысты, канд уыдонæн нæ, фæлæ абон дæр уыцы куыст чи кæны, уыдонæн се ‘ппæты кадæн дæр.

Æрæджы Медицинон кусæджы бæрæгбоны рæстæг уый фæдыл арæзт æрцыд кадджын æмбырд. Архайдтой дзы республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, стæй рынчындæтты сæйраг дохтыртæ.

Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы фæстаг рæстæг дохтыры куыст  бахауд тæссаг дæсныйæдты номхыгъдмæ. «Фидæны цыртдзæвæн уыдзæн æгъатыр низы ныхмæ удуæлдай тох чи фæкодта, уыцы кусджыты хъæбатырдзинады æв-дисæн. Медицинон кусджытæ сæхи цард æмæ æнæниздзинад ницæмæ даргæйæ, Гиппократы ардбахæрд уæлдайджынтæй баххæст кодтой. Уыцы архайдæн аргъ нæй. Монумент уыдзæн республикæйы цæрджыты иумæйаг лæвар арфæйы хуызы. Стыр бузныг уын, нæ зынаргъ дохтыртæ!»

Бæрæг куыд у, афтæмæй æнæхъæн Уæрæсейы, рынчынтимæ архайгæйæ фæрынчын сты æмæ амардысты 500 медицинон кусæджы. Уæрæсейы Президент Владимир Путин куыд фехъусын кодта, афтæмæй рæхджы Паддзахадон хæрзиуджытæй хорзæхджын æрцæудзысты вирусы ныхмæ  тохмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, уыцы дохтыртæ. Уыдонæй чидæртæ – сæ мæлæты фæстæ.

Цыртдзæвæнæн эскиз саразыны тыххæй ацы бонты арæзт æрцæудзæн конкурс. Ныр та уал фидæны монументы бынаты æвæрд æрцыд дур ахæм фыстимæ:  «На этом месте будет установлен памятник медицинским работникам, которые посвятили себя борьбе с коронавирусом».

АХУЫРАДЫ  НОГ

СИСТЕМÆ

Цалдæр мæйы карантины уавæр æнæхъæн дунейы цард алы къабазы дæр бындуронæй фæивта. Уыимæ ахуыры системæ дæр. Бæлвырд ивындзинæдтæ æрцыд Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ (ЕГЭ) дæттыны хъуыддаджы дæр. Нырмæ ацы фæлварæн скъолайы рауагъдонтæ кæд се ‘ппæт дæр дæттой, уæд ныр та дæтдзысты æрмæстдæр  йæ ахуыр адарддæр кæнын фæнд кæмæ ис, уыдон.  Иннæтæн астæуккаг ахуырады фæдыл атестаттæ ратдзысты ахуыры азы бæрæггæнæнты бындурыл.

Ахуырады министр Людмила Башарина куыд фехъусын кодта, афтæмæй иумæйаг фæлварæнтæ 3-23  июлмæ 15 предметæй дæтдзысты цыппар минæй фылдæр ахуырдзауы. Уыдонæй 508 сæхи ахибар кодтой кæцыдæр предметтæй, 317 ахуырдзауы та бынтондæр нæ ратдзысты иумæйаг фæлварæн.

«Ахæм уавæрты кусгæйæ дæр ахуырады проектты реализаци, ног ахуыры азмæ цæттæ кæныны процесс, фæлварæнтæм цæттæ кæныны куыст нæ фæкъаддæр ис. Нæ размæ æвæрд хæстæ, уыимæ ахуырады ног объекттæ байгом кæнын – сæххæст кæндзыстæм æмгъуыдмæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн ацы аз æрмæстдæр дæтдзысты, уæлдæр ахуырмæ чи цæуы, уыдон. Аттестат райсынæн иннæ азты хуызæн фæлварæн дæттын нæ хъæуы, ахуырдзаутæн ахуыры аз цы æнтыстытæ уыд, уыдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ сæ ратдзысты. Фæлварæнты рæстæг та Роспотребнадзоры æппæт домæнтæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуой», – загъта Башарина.

Роспотребнадзоры домæнтæ та сты: фæлварæнты æппæт архайджытыл хихъахъхъæнæн дзаумæттæ скæнын, аудиториты дезинфекцигæнæн цырæгътæ сæвæрын, дистанцион дæрддзæгы нормæтæ æххæст кæнын æмæ æндæртæ.

Санитарон домæнтæй уæлдай, стыр æргом здæхт цæудзæн фæлварæнты архайджыты æдасдзинады хъуыддагмæ дæр. Уыцы фарсты фæдыл Ахуырад æмæ наукæйы министрад æнгом æмархайд кæны РЦИ – Аланийы Мидхъуыддæгты министрадимæ.

                                                                                      Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.