ВИТАЛИЙ ЧУРКИНÆН – ХÆРЗИУÆГ

Уæрæсейы Федерацийы Æдзухон минæвар Иугонд Нациты Организацийы Виталий Чуркины æнафоны мæлæтыл тынг фæхъыг кодтой Ирыстоны дæр. Æвæццæгæн, ахæмтæ бирæ нæ разындаид, уымæн стыр аргъ чи нæ кодта. Уый тыххæй Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Лавровы номыл тæфæрфæсы тел арвыста нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ныр та Цæгат Ирыстоны Хицауад æмæ Парламенты иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ Виталий Чуркин йæ мæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Ирыстоны стырдæр хæрзиуæг “Ирыстоны Намысæн” -æй. Дипломат уыцы хæрзиуæджы аккаг сси Хуссар Ирыстоны интерестæ бахъахъхъæныны фæдыл 2008 азы хæстон цауты рæстæджы.

АХУЫРАДЫ РÆЗТÆН

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æрæджы фембæлд ахуырад æмæ наукæйы министр Ирина Азимова æмæ Æрыгон ахуыргæндты советы уæнгтимæ. Фембæлды рæстæг Битары -фырт куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы разамындæн ахсджиаг у æрыгон ахуыргæндтæ æмæ иртасджытæн иудадзыг æмæ æппæтвæрсыг æххуыс. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ республикæйы фидæн бирæ аразгæ уыдзæн абоны æрыгон специалистты хъæппæристæ æмæ проекттæй. Уый хынцгæйæ, адæмон хæдзарады æппæт къабæзты дæр хъуамæ арæзт æрцæуой æрыгон кадртæ цæттæ кæныны программæтæ.

“Æрыгон ахуыргæндтæ, иртасджытæ æмæ специалистты æхсæн æмархайд хуыздæрхъуаг у. Бирæ аиппытæ æрхæссæн ис æрыгон специалисттæ цæттæ кæныны системæмæ дæр, курдиатджын фæсивæды размæ кæнын хъæуы, уыдон ахуырмæ æрвитын, цæмæй фидæны сæ республикæйæн аккаг адæймæгтæ рауайой… Æппæт уыцы фарстатæ хъуамæ уой Æрыгон ахуыргæндты советы боны фæткы”, – загъта Битары-фырт.

Ацы нысæнттæ цæмæй æххæст цæуой, уый бирæ аразгæ у Ахуырад æмæ наукæйы министрад, стæй Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитетæй. Уымæ гæсгæ æмбырды рæстæг республикæйы Сæргълæууæг уыцы хæстæ сæвæрдта ахуырад æмæ наукæйы министр Ирина Азимова æмæ Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Цæлыккаты Барисы размæ.

Æрыгон ахуыргæндты советы уæнгтæ хæстæгдæр рæстæджы цæуыл кусдзысты, уый тыххæй радзырдтой йæ сæрдар Борис Синаев æмæ советы уæнг Инга Тваури.

Æрыгон иртасджытæ æмæ ахуыргæндты наукон куыстытæ, куыстад æмæ наукæйы бастдзинад, æвзонг техникты станцæты архайд, æрыгон специалистты царды уавæртæ – ацы æмæ иннæ фарстатыл бæстон æрдзырдтой фембæлды архайджытæ.

Фембæлды рæстæджы ма ныхас цыд скъолаты ахуырадыл, рæвдауæндæтты инфраструктурæйы рæзтыл, чингуытæ æмæ хъæугæ æрмæгæй скъолаты ифтонг кæнын, иугонд фæлварæнмæ (ЕГЭ) цæттæ кæныныл æмæ æндæр фарстатыл. Битарты Вячеслав сæйрагдæр йе ‘ргом аздæхта республикæйы чысыл скъолатæ бахъахъхъæнынмæ. Куыд загъта, афтæмæй скъолайы кæд иу ахуырдзау ис, уæддæр æй æхгæнын нæ хъæуы, фæлæ сын ахуырæн хъæуы æппæт уавæртæ дæр саразын.

Ирина Азимовайы дзуаппмæ гæсгæ, ныртæккæ министрад паддзахадон программæмæ бахаста Дыгургомы ног скъолатæ, скъолаты уæлæмхасæн куысты бынæттæ, скъолаты транспорты техникон уавæрмæ æмæ йæ æнæрынцой куыстмæ цæст дарын æмæ бирæ æндæр ногдзинæдтæ. Разамонджыты хъуыдымæ гæсгæ, уый бирæбæрцæй бауромдзæн, хæхбæстæй быдырмæ цæрынмæ рацæуынвæнд чи кæны, уыдоны.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.