БИТАРТЫ ВЯЧЕСЛАВ ФЕМБÆЛД ГАССИТЫ МУРАТИМÆ

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд зындгонд спортсмен Гасситы Мурат æмæ йæ тренер Сланты Виталиимæ. Фембæлды ма хайад райстой республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Дзанайты Барис æмæ физкультурæ æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан.

Битарты Вячеслав боксерæн ракодта арфæйы ныхæстæ. Загъта йын бузныг, Александр Усикимæ ахæм цымыдисон тох кæй равдыста, уый тыххæй. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, куыд царды, афтæ спорты дæр зындзинæдтæ вæййы. Спортсмен йæ ныхмæлæууæгæн куы фæхæрд вæййы, уый у спорты царды иу хай Гасситы Муратæй та Цæгат Ирыстоны цæрджытæ иууылдæр сæрыстыр сты. Гасситы Мурат куыд загъта, афтæмæй дарддæр йæхиуыл кусдзæн. Ахæм зындзинæдтæ та йæ тыхыл тых фылдæр æфтауынц. Уыцы хъуыддаджы йын йе ‘мбæстæгтæ уæлдай æххуыс сты.

Битарты Вячеслав хицауады номæй Гасситы Муратæн æмæ Сланты Виталийæн балæвар кодта, сæ бон сæхицæн хæдзæрттæ саразæн кæм уа, ахæм зæххы фадгуытæн сертификаттæ.

 

ЧИ АЦÆУДЗÆН ФÆСИВÆДОН ФОРУМ «МАШУК»-МÆ?

Ацы аз фæсивæдон форум «Машук»-мæ Цæгат Ирыстонæй чи ацæудзæн, уыдоны æвзарынц Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты.  Æрыгæттæн бацамыдтой, сæ проекттæ куыд хуыздæр равдисой æмæ бахъахъхъæной, уый. Консультацитæ сын ауагътой федералон эксперттæ. Хуыздæрты-хуыздæртæ та сæ проекттæ  «Машук»-ы равдисдзысты 10-æм августы.

Цæгат Ирыстонæй форуммæ фыццаг хатт чи ацæудзæн, уыдоны ‘хсæн сты, хæхтыл бырыны спорт чи уарзы, ахæм фæсивæд дæр. Фæнды сæ сæ уарзон хъуыддаг апарахат кæнын æмæ скаладром байгом кæнын.

Фæсивæдон форуммæ чи ацæудзæн, уыдон æй хорз æмбарынц, цыфæнды хорз проекты тыххæй дæр хъæуы раст радзурын. Цæмæй иннæты зæрдæмæ дæр фæцæуа æмæ йыл сæ цæст æрæвæрой, уый тыххæй. Ацы хъуыддаджы та сын фыццаг æххуысгæнджытæ сты  эксперттæ.

Лекцитæ фесты. Ныртæккæ сæйрагдæр у проект иттæг хорз бацæттæ кæнын. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты уыдысты кæронбæттæн амынддзинæдтæ æмæ ахуыртæ. Ацы бонты та сбæрæг уыдзæн ацы аз фæсивæдон форуммæ чи ацæудзысты, уыдон. Уыдзысты 205 адæймаджы. Фарон республикæйы минæвæрттæ рамбылдтой 11 милуан сомы аргъ гранттæ. Ныфс бавæрæн ис, ацы аз хуыздæртыл фылдæр фæсивæды кæй банымайдзысты. Чи рамбула, уыдоны проекттæ та республикæйæн æмæ адæмæн пайда  уыдзысты.

 

ФÆЦИС ЭТНОЛАГЕРЬ «АЛАНТЫ ФÆД»-Ы ФЫЦЦАГ ФÆЛТÆР

Дунейы алы бæстæты цæрæг ирæттæ сæ фыдæлты зæххмæ ныр 4-æм хатт æрцыдысты. 25 бонмæ лагеры архайджытæ æрзылдысты Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр бынæттыл. Базонгæ сты сæ фыдæлты истори æмæ æгъдæуттимæ, традицитæ æмæ ныры дуджы æрвылбоны цардимæ. Къуырийы дæргъы сын равдыстой республикæйы кæмтты рæсугъддзинæдтæ, историон, архитектурон æмæ æрдзон цыртдзæвæнтæ, сарæзтой сын цымыдис фембæлдтытæ.

30 июлы уыд 1-аг фæлтæры кæронбæттæн бон. Æмæ сын форум аразджытæ бацæттæ кодтой цымыдисон программæ.

Хыссæ скæнын æмæ дзы уый фæстæ чъиритæ цæмæй хæрзад æмæ дзадджын рауайой, уый тыххæй сæрмагонд арæхстдзинад хъæуы. Алы æфсинмæ дæр йæхи сусæгдзинæдтæ ис. Ирон чъиритæн цы нысаниуæг ис, уый æмбарынц. Æмæ алцы дæр сарæзтой афтæ, цæмæй ирон адæмы кувинæгтæ уой раст конд.

Цалынмæ чызджытæ чъиритæ кæныныл ахуыр кодтой, уæдмæ лæппутæ та сæхи национ инструменттыл цæгъдыныл фæлвæрдтой. Фæсивæды фылдæр хай лагеры фыццаг хатт уыдысты æмæ сæм алцы дæр тынг цымыдисон каст. Инструменттæ дæр фыццаг хатт федтой. Фæлæ сæ зæрдæйæ бауарзтой. Сæ зæлтæ та сæ бон абарæн дæр ницæимæ у.

Этнолагеры архайджытимæ фембæлд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Куыд сын радзырдта, афтæмæй республикæйы байгом кодтой национ телеуынынад. Ныр алкæй бон дæр у Ирыстоны хабæрттæм æмæ национ программæтæм кæсын. Æнцондæр сын уыдзæн æвзаг базонын дæр. Ног фадæттыл æмæ гæнæнтыл уазджытæ тынг бацин кодтой. Куыд загътой, афтæмæй ныр сæ бон у сæ фыдæлтыккон зæххы тыххæй бирæ æрмæджытæм æмæ программæтæм бакæсын.

Уазджыты фæстæмæ цæуын нал фæндыд. Æмæ сæ бамбарæн дæр уыд. Сæ зæрдæты иу хай ам баззад æмæ сæ фæстæмæ ‘лвасдзæн. Фыдæлты фарн тыхджын æмæ адджын у. Фыдæлтыккон зæхх та алкæй дæр мадау рæвдауы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.