Китайы цы æвирхъау низ фæзынд, уый фæдисы уавæр равзæрын кодта æнæхъæн дунейы, адæм удаист фесты. Апырх алы бæстæты æмæ рынчынты, стæй мæлыны цаутæ кæнынц арæхæй-арæхдæр. Специалистты нымадмæ гæсгæ, ацы коронавирус эпидеми дæр нæу, фæлæ ноджы æвзæрдæр – пандемия. Уый та нысан кæны, бæлвырд арæнтæй чи ахиза æмæ æнæхъæн дунейыл чи ахæлиу уа, ахæм низ.

Низы ныхмæ æппæт мадзæлттæ аразынц Цæгат Ирыстоны разамынд, стæй æмбæлон органтæ дæр. Ууыл уыд сæ ныхас æрæджы сæ фембæлды рæстæг пандемийы ныхмæ тохы оперативон штабы уæнгтæн. Уым архайдтой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан æмæ хицауады иннæ уæнгтæ.

Годжыцаты Тамерлан бæлвырд ранымадта, низ ма æруадзыны  ныхмæ цавæр мадзæлттæй пайда кæнынц, уый. Куыд бафиппайдта, афтæмæй тæссаг уавæрæй пайда кæнынц бирæ афтектæ æмæ медицинон уагдæттæ, низы ныхмæ профилактикæйæн алыхуызон хостæ, стæй хуымæтæджы маскæтæ уæй кæныны хъуыддаджы. Уыдон сбæрæг кæнынмæ ныр æрæвнæлдта цæстдарды службæ. “Нæ хæс у нæ республикæмæ коронавирус ма æрбауадзын, фæлæ ахæм цау куы æрцæуа, уæд медицинон уагдæттæ æппæтæй дæр цæттæ сты. Вирусы ныхмæ самал кодтам æртæ мæйваг хостæ. Паддзахадон арæнты сæрты æрбахизыны фæтк фæкарздæр кодтам. Нæ зæрдæ кæмæ фехсайы, дард балцæй чи æрбаздæхы, уыдон æнæниздзинад сбæрæг кæнæм, куы бахъæуы, уæд æй рæстæгмæ карантины сæвæрæм”, – загъта министр.

Битарты Вячеслав куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фæдисы уавæры оперативон штабы размæ бирæ хæстæ æвæрд ис æмæ хъуыддагмæ уæлæнгай цæстæй кæсын нæ хъæуы. “Уæрæсейы ахуырады министрад бафæдзæхста, цæмæй мах дæр стыр горæтты бафæзмæм. Уым ивд æрцыдысты, бирæ адæм кæм архайы, ахæм  хиирхæфсæн мадзæлттæ. Зæгъæм, ивд æрцыд, æнæхъæн Уæрæсейы регионты мингай адæймæгтæ кæм фæархайы, ахæм сфæлдыстадон конкурс-фестиваль “Студенческая весна”. Уыимæ мах горæты дæр. Скъолатæм, сывæллæтты рæвдауæндæттæм æрвыст æрцыдысты æппæт амынд-дзинæдтæ хатæнтæ æфснайын æмæ дезинфекци кæныны тыххæй”.

Республикæйы Сæргълæууæг ма фехъусын кодта Уæрæсейы ахуырады министрады ахæм план дæр: куы бахъæуа, уæд ахуыры Системæ рæстæгмæ дистанцион формæмæ раивын, сывæллæтты низæй бахъахъхъæныны тыххæй. Уый та хуыйны электронон скъола, кæцыйы сывæллæттæ онлайн хуызы исдзысты видеоуроктæ сæ хæдзæртты бадгæйæ. Ацы практикæйæ рагæй пайда кæнынц, йæ бон скъоламæ цæуын кæмæн нæу, ахæм рынчын сывæллæттæ.

Битарты Вячеслав ма фембæлды рæстæг ноджыдæр бæлвырд амынддзинæдтæ радта оперативон штабы уæнгтæн сæ дарддæры архайды тыххæй.

 НОГ  ДЫРГЪÆФСНАЙÆН  РЕСПУБЛИКÆЙЫ

Дыргъæфснайæн æмæ дыргъы дон уадзæн куыстуæттæ Советон дуджы бирæ уыд, фæлæ нæуæдзæм азты сæ куыст банымæг. Стæй дæр, уæд ахæм алцæмæй æххæст технологитæ нæма уыд. Адæм бирæ азты æвзæрстой зындзинæдтæ. Хъæуты чи цæры, уыдон сæ дыргъ калдтой фосæн, уымæн æмæ алкæмæн уæй кæныны фадат нæй, стæй дыргъ дæр æнæ сæрмагонд хостæй пайда кæнгæйæ, бирæ нæ лæууы.

Ныр уавæр йæ бынатæй фенкъуыст. Црауы быдыры чи кусы, фæткъуыты уыцы дыргъдон “Владка”-йы разамынд сарæзтой, нырыккон технологитæй ифтонг чи у æмæ Уæрæсейы æмбал кæмæн нæй, ахæм дыргъæфснайæн цех италиаг специалистты æххуысæй. Уый арæзт æрцыд Паддахадон программæйы фæлгæтты “Развитие Северо Кавказского федерального округа”. Стыр æххуыс бакодта арæзтадæн республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.

“Владка”-йæн ис 122 гектары, фондз хуызон сорт кæм зайы, ахæм  фæткъуыты дыргъдон. Дыргъдон дæтты хорз тыллæг, фæлæ сын æфснайæн кæй нæ уыд, уымæй тыхстысты. Ныр ног æфснайæн цехы сæ бон сæвæрын у æртæ мин тоннæмæ хæстæг дыргътæ. Уымæй дарддæр сæ бон у республикæйы цæрджыты тыллæг æфснайын дæр.

“Владка”-йы генералон директор Владимир Печеный куыд загъта, афтæмæй цехы цы дæс камерæйы ис, уыдон ифтонг сты нырыккон техникæйæ. Уыцы технологимæ гæсгæ камерæты кислород къаддæр кæны æмæ дзы фæзыны азот, уый та ахъаз у дыргъты 10 мæйы æфснайынæн æнæ консерванттæй. Ахæм дыргътæ та фæсарæнты уæй кæнынц “Эко” нысанимæ.

Печеный ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй рæхджы райдайдзæн ноджыдæр иу ахæм дыргъæфснайæн цехы арæзтад, æмæ уæд дыууæ куыстуаты аххæсдзысты æнæхъæн республикæйы дыргътæ æфснайыныл дæр, куысты бынæттæй та сифтонг кæндзысты дæсгай адæймæгты.

                                                                             Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.