13-æм июны республикæ æгасæй дæр уыд бæрæгбонвæлыст. Ирон æмæ уæрæсейаг тырысатæ фæйлыдтой регионы иу кæронæй иннæмæ. Æнæхъæн бон Дзæуджыхъæуы сæйраг репродукторæй зæлыдысты музыкæйы æхцон мыртæ. Кадджын уазджыты æдасдзинадыл хорз батыхстысты æмбæлон органтæ дæр. Республикæйы алы къуымты рад хастой цалдæр мин æфсæддон æмæ пъæлицæйаджы.

Боны дыууæ сахатыл аэропорты зынаргъ уазджытыл сæмбæлдысты Цæгат Ирыстоны разамынд. Уыдон уыдысты: Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев, йæ хæдивджытæ Александр Хлопонин æмæ Ольга Голодец, ахуырад æмæ наукæйы министр Ольга Васильева, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов, Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Олег Беловенцев æмæ Уæрæсейы парти “Единая Россия”-йы сæрдар Сергей Неверов.

Чиновниктæ сæ официалон балц Кавказы регионтæм райдыдтой Цæгат Ирыстонæй. Уый та æнæнхъæлæджы нæ уыд. Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æрæджы Владимир Путинимæ йæ фембæлды рæстæджы бæстæйы разамонæгмæ бахатыд, цæмæй экономикон тыхст уавæры бахауæг республикæйæн истæмæй баххуыс кæной, уæлдайдæр культурæ æмæ ахуырады къабазы. Уый уыд йæ сæйраг нысан сæ балцæн дæр æмæ ма иумæйагæй, Кавказы регионты скъолаты арæзтад дæр.

Фысымтæ æмæ уазджытæ фыццагдæр бабæрæг кодтой Дæллаг Санибайы ног арæзт скъола. Уазджытæ азылдысты хатæнтыл, сæ  зæрдæмæ тынг фæцыд рæсугъд, нырыккон техникæйæ фæлгонц скъола. Битарты Вячеслав сын куыд радзырдта, афтæмæй республикæ кæд экономикон зындзинæдтæ æвзары, уæддæр архайы фидæны фæлтæры хорздзинадæн. Ахæм скъола ма арæзт æрцыд Сырх – Дыгуры, стæй Дзæуджыхъæуы Алайнаг гимнази…

Ирыстон хъæбысхæсты историйы арф фæд кæй ныууагъта, уымæ гæсгæ дарддæр официалон делегаци бабæрæг кодтой Хæдæрцаты Асланы номыл хъæбысхæсты Академи. Ам дæр уазджытæ баззадысты райгондæй. Хуссар Кавказы спорты стырдæр уагдæттæй иу фæлгонц у æппæтæй дæр. Ис дзы тренажерон зал, бассейн, хæрæндон, улæфæн бынат… Алыхуызон секциты уыцы иу рæстæг тренировкæгæнæн ис сæдæ адæймагæн.

Уазджытæн тынг æхсызгон уыд, ног арæзт филармонимæ бацæуæны сыл зындгонд маэстро Гергиты Валери куы сæмбæлд, уæд. Уый азылд уазджытимæ бæстыхайыл, радзырдта сын йæ ивгъуыды истори, йæ абоны уавæр. Æнæхъæн Кавказы æмбал кæмæн нæй, уыцы музыкалон театры уындæй стыр æхцондзинад райстой уазджытæ. Уый фæстæ сын ирон зарæггæнджыты хор равдыста концерт.

Делегацийы уæнгтæ национ-наукон библиотекæйы фембæлдысты Парламентмæ æвзæрстыты праймеризы уæлахиздзаутимæ. Уыдон сæ фылдæр сты “Единая Россия”-йæ. Сергей Неверов радзырдта фидæны æвзæрстытыл æмæ сæ размæ æвæрд хæстыл. Стæй фæндон бахаста, цæмæй партийы Цæгат Ирыстоны хайады сæргъ слæууа Битарты Вячеслав.

Кæронбæттæн фембæлд уыд хицауады хæдзары. Уырдæм æрбацыдысты сыхаг регионты разамонджытæ дæр. Дмитрий Медведев куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæ барухс бирæ арæзтæдтæй, уыдонимæ скъолатæ, филармони, спорты академи, дарддæр арæзт цæуынц бирæ бæстыхæйттæ. Æцæг, Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, фæндæгтæ сты æдзæллаг уавæры æмæ сæм хъæуы бæрнондæр ахаст.

“Махæн нæ абоны балцы сæйраг нысан у Цæгат Кавказы скъолаты арæзтад. Ам нымайын хъæуы Кавказы регионты менталитет. Гуыры дзы бирæ сывæллæттæ, скъоладзаутæ дзы ис милуанæй фылдæр. Уымæ гæсгæ нæ фаг кæны скъолаты бынæттæ. Бирæ рæтты ахуыр кæнынц æртыгай сменæтæ, уый та ахуыры гъæдыл хуыздæрмæ нæ ахады. Нæ зæрды ис ацы регионты 114 скъолайы саразын 57 мин бынатимæ. Уыдон тых-хæй бюджетæй радих кæндзыстæм фондз миллиард сомы”,- банысан кодта Дмитрий Медведев.

Битарты Вячеслав дæр зæрдæбын арфæ ракодта уазджытæн йæ куырдиатæн ын ахæм аргъ кæй скодтой, стæй сæ алывæрсыг æххуысы тыххæй. Сæрмагондæй арфæйы ныхас загъта, æрæджы Беслæны теракты хъыгдард баййафджытæн цæрæнуæтты сертификаттæ райсынæн Уæрæсейы разамынды æххуысы тыххæй. Уымæй уæлдай ма Республикæйы Сæргълæууæг бахатыд Дмитрий Медведевмæ, цæмæй йын медицинон уагдæтты бындурон цалцæджы тыххæй баххуыс кæной. Куыд загъта, афтæмæй бæстыхæйттæн сæ фылдæр сты революцийы размæ арæзт æмæ абоны домæнтæн дзуапп нал дæттынц, сты антисанитарон уавæры æмæ, æгæрыстæмæй, тæссаг сты адæймаджы цардæн.

Уæрæсейы Хицауады Сæрдар разыйы дзуапп радта Битарты Вячеславы куырдиатæн. Дард-дæр фембæлд цыд æхгæд уавæ-ры. Официалон делегаци арды-гæй йæ фæндаг акодта Цæгат Кавказы иннæ регионтæм.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.