Нæ хæхтæ, æнусон цъититæ, кæмттæ, фæхстæ, цæугæдæттæ, фыдæлты авдæн æмæ цæрæн къона. Мах, уæ хъæбултæ, айнæг къæдзæхтау кæрæдзийыл баст стæм. Адæймаг уæм дард балцæй куы ‘рбацæуы, уæд уæ рæсугъд æрдзы уындæй зæрдæйы сæвзæрын кæнут стыр æхсызгондзинад.

Ивгъуыд историмæ кæсгæйæ, нæ цæстытыл ауайынц, тæтæр-монголты æрбабырсты фæстæ аланты байзæддæгты цалдæр æнусы уæ хъæбысы куыд бахъахъхъæдтат.

 Цард-цæрæнбонты ирон адæмы фæлтæртæн хæхтæ сты сæ ныфс, сæ царды хос. Хæхтæ, нæ фыдæлты уæзæг, уæ номæй, уæ узæлдæй нæ сæртæ хæссæм бæрзонд! Уæ цæрайæ цъæх арвы бын цæрæм, хур нæ йæ зæрин тынтæй тавы.

Хӕххон уӕлдӕф адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн ӕвдадзы хос кӕй у, уый зындгонд уыдис рагæй. Спортсментӕ бӕрнон ерысты агъоммӕ тренировкӕтӕ фӕкӕнынц хӕхбӕсты. Ам бӕлвырд хуыздӕр фенкъарынц сӕхи, сӕ куыстхъомдзинад та дзӕвгар фылдӕр вӕййы. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйы-тугдадзинты системӕйы, рӕуджыты ӕмӕ иуӕй-иу ферментты куыст фӕтыхджындӕр вӕййы хӕхбӕсты. Ахӕм рӕстӕджы та адӕймаджы буары гӕнӕнтӕ фылдӕр кӕнынц ерысты райдайӕны агъоммӕ, ӕмӕ уӕлахиз ӕнцондӕрӕй бафты сӕ къухы.

Хӕхбӕсты чи цӕры, йӕ фӕллад дзы чи фӕуадзы кӕнӕ дзы йӕхи чи фӕдзӕбӕх кӕны, уыдонæн сæ организм  фидар кӕныныл хорзӕрдӕм зынынц хӕххон къуылдымты зайӕг хъӕдтӕ ӕмӕ уӕлхох быдырты ӕрдзы иумӕйаг комулӕфт.

Хæхтæ æмæ Иры дзыллæ кæрæдзийыл æнгом баст сты, иу уысм дæр нын хицæнæй нæй цæрæн. Хæхтæ… Нæй ссарæн сымах аккаг дзырдтæ. Райгуырæн хæдзар, райгуырæн хъæу! Сымах дæттут æхсызгондзинад уæ уынд æмæ уæ кондæй. Сымахмæ кæсгæйæ, адæймаг банкъары сæрыстырдзинад йæ райгуырæн зæхх, йæ Ирæй. Адæймагмæ фæзыны æгæрон тых, басадзут ыл базыртæ, йæхиуыл æй баууæндын кæнут, йæхи рæсугъддæр æмæ сыгъдæгдæр банкъары…Уæлдай бузныг уын, хæхтæ, нæ Ирæн нæртон гуырдтæ кæй радтат, уый тыххæй.

***

Хæхтæн æгæрон у сæ тых, зонынц адæймаджы барæвдауын, æмæ, хъыгагæн, бафхæрын дæр.

Хъазыбеджы хох у Кавказы ӕппӕты ӕрыгондӕр вулкан. Цалдӕр мин азы размӕ дӕр ма йӕ хуылфӕй цыд фыцгӕ буарыгъӕд – лавӕ. Хохы бын цы тӕвд минералон дӕттӕ уайы, уыдон уымӕн сты ӕвдисӕн.

Хъазыбеджы хох ма хуыдтой Чырыстийы Цъупп, ома, у Хуыцауы бадӕн, хуыцӕуттӕ дӕр фӕбадынц ӕппӕты бӕрзонддӕр хохы цъуппыл. Хонынц ма йæ «Ихын  хох», «Урс хох».  Абоны географион арӕнтӕм гӕсгӕ Хъазыбеджы хохӕн йе ‘рдӕг ис Ирыстоны зӕххыл, ӕмӕ нымад у Иры бӕрзонддӕр хохыл. Хонынц ма йӕ Сӕнайы хох. Уый тыххӕй ис ахӕм таурӕгъ.

Адӕмыл бӕллӕх скодта – фӕцахуыр сӕм удхор уӕйыг. Ӕрвылаз ын фыстой хъалон – ӕппӕты рӕсугъддӕр ӕвддӕсаздзыд чызг. Кӕд ӕмӕ чызг йӕхӕдӕг бархийӕ йӕ уд рауӕлдай кӕна адӕмы сӕрвӕлтау ӕмӕ уӕйыджы дзыхы йӕхи баппара, уӕд уӕйыг ӕрбамӕлдзӕн, ӕмӕ адӕм фервӕздзысты се знагӕй. Сӕ паддзахӕн уыди диссаджы рӕсугъд чызг Ацырухс, базонгӕ сидзӕр фыййау лӕппу Сӕнаимӕ. Ӕмӕ та мӕнӕ ӕрхӕццӕ фыдохы ӕнамонд бон. Уӕд Ацырухс йӕхи фӕразӕй кодта ӕмӕ йӕхи баппӕрста уӕйыджы хъӕлӕсы. Арв ферттывта. Зӕхх нынкъуысыд. Цъӕх арт ссыгъд, йе ‘взӕгтӕ уӕларвмӕ хӕццӕ кодтой. Уӕлвӕз тар фӕздӕджы бын фӕци. Стӕй ӕваст раирд, ӕмӕ адӕм федтой диссаджы ныв: чызг кӕм бацарӕфтыд, уыцы ран стыр хох февзӕрд. Йӕ хуыз та… Цыма уыцы рӕсугъд чызг хуыссы уӕлгоммӕ уыцы хохы бӕрзӕндтыл… Уыцы рӕстӕджы Ацырухсы уарзон, хъӕбатыр ӕрыгон фыййау Сӕна, хӕхты къуылдымы йӕ фос хызта… Кӕсы, ӕмӕ йӕ рӕсугъд Ацырухс удхор уӕйыджы хъӕлӕсмӕ йӕхи баппӕрста… Ауыдта, чызг хох куыд фестад, уый дӕр. Нӕ бафӕрӕзта зӕрдӕ уарзон чызджы мӕлӕт бауромын, ӕмӕ лӕппу хохы бӕрзӕндӕй йӕхи раппӕрста. Йӕ бон ма ныхъхъӕр кӕнын баци: «Хох фестын кӕн мӕн дӕр!». Ӕмӕ лӕппу фестад хох, Сӕнайы хох дыууӕ цъуппимӕ, цыма йӕ уарзоны сурӕт дӕр йӕ фарсмӕ ӕнустӕм баззад…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.