Цхинвалы районы администрацийы фӕсивӕды хъуыддӕгты хайад Козаты Олегы разамындӕй кӕны ахадæн куыст рӕзгӕ фӕлтӕримӕ. Хайад йӕ куыст фӕкӕны развӕлгъау бакуыстгонд планмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ алы хатт дӕр сӕххӕст кӕны. Цӕвиттон, 2019 азы банысан кодтой ахæм бӕрӕгбонтæ, куыд Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон – 23ӕм февраль, Сылгоймӕгты дунеон бон – 8-ӕм март ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уӕлдай стырдӕр хъусдард здæхт цыдис Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантӕм. Хъыгагӕн, уыдоны нымӕц азӕй-азмӕ кӕны къаддӕр ӕмӕ ма дзы ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ. Стыр Уӕлахизы 74 азы бӕрӕгбоны цытӕн районы скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кодтой ӕвзонг нывгӕнджыты конкурс ӕмӕ йӕ тематикӕ уыд: «Бузныг дадайӕн уӕлахизы тыххӕй». Зӕгъын хъӕуы, ацы конкурсы ӕрыгон нывгӕнджытӕ кӕй райстой активон хайад, уый та бӕрӕг уыд сӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ конд нывтӕй. Конкурсы хайадисджыты куыстытӕм ӕркастысты нывкӕнынады аивады дӕснытӕ ӕмӕ дзы рахицӕн кодтой иууыл хуыздӕр ӕмӕ мидисджындӕр конд нывтӕ. Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.

Хуссар Ирыстоны нырыккондӕр историйы иууыл трагикондӕр бонтӕй иу у Зары трагеди ӕмӕ нӕ республикӕйы цӕрджытӕ йæ амæттæгты рухс нæмттæ ссарынц хъыгзӕрдӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ. Мемориалон цырт-дзӕвӕны бынат фӕткмӕ ӕркӕнын ӕмӕ йӕ сыгъдӕг кӕныныл дæр бакусынц. 

Хыгъдон рӕстӕджы уагъд цыдысты алыгъуызон мадзӕлттӕ ӕмӕ сын уыд хъомыладон нысаниуӕг. Традици сси хайадӕн районы ахуырдзауты ‘хсӕн Ирон ӕвзаджы бон нысан кӕнын ӕмӕ уадзын. Ацы аз ахæм мадзал уагъд ӕрцыд Дменисы астӕуккаг скъолайы ӕмӕ йӕм фӕхуыдтой районы скъолаты директорты, Ахуырады министрады кусджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон змӕлд «Стыр Ныхас»-ы уӕнгты. Уагъд дзы ӕрцыдысты гом уроктӕ ахӕм темӕйыл: «Къоста – 160 аз». Ӕнахъомты фӕдыл комитет, прокуратурӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны хайад, районы адӕмон ахуырады хайад ӕмӕ сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕныны хайадимӕ иумӕ хыгъдон рӕстӕджы цыд профилактикон куыст зынхъомылгӕнӕн сывӕллӕттимӕ, цыдысты сӕм хӕдзӕрттӕм, уагътой беседӕтӕ ӕмӕ лекцитӕ куыд скъолаты, афтӕ ма сӕ ныййарджытимӕ дӕр. Козайы фырт, къамисы уӕнг уӕвгӕйӕ, йӕхӕдӕг дӕр цыд ӕвӕрӕз бинонтӕм, бӕрӕг сын кодта сӕ цардуагон уавӕртӕ, хайад иста районы къамисы рабадтыты, иумӕ скъуыддзаг кодтой карз ӕмӕ иуыл хъӕуӕгдӕр фарстатӕ ӕмӕ проблемӕтӕ. Ӕрвылаз дӕр йӕ разамындӕй уагъд ӕрцӕуы скъолаты рауагъдонты бал ӕмӕ йӕм фӕхонынц районы администрацийы бæрнон кусджыты, рауагъдонты ныййарджыты. Ацы азы рауагъдонтӕн цытджын ӕгъдауӕй лӕвӕрд ӕрцыд зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ астӕуккаг ахуырад фӕуыны тыххӕй хъомылады аттестаттӕ. Хетӕг-каты Къостайы азы цытӕн администрацийы актон залы ауагъдӕуыд мадзал ӕмӕ дзы активон хайад райстой ӕвӕрӕз бинонтӕ ӕмӕ сидзӕр сывӕллӕттӕ. Ма-дзалы фӕстӕ сын бакодтой лӕвӕрттӕ хӕлцадон продуктты хуызы.

Ныртӕккӕ хайад цӕттӕ кӕны ногазон мадзӕлттӕ ауадзынмӕ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.