Фынддæс азы рацыд, Гуырдзыстоны къухдариуæгад 2008 азы 7-æм августы изæры фынæй горæты ныхмæ егъаумасштабон хæстон архайдтытæ куы райтынг кодта, уымæй. Уæд, уыцы æхсæв дæргъвæтин æхстыты фæстæ æрулæфыд горæт, цæмæй та райсом хуры рухс тынтимæ хъæлдзæгæй сæмбæла ног боныл ног фӕндтимӕ, фӕлӕ…

Фæлæ æмæхсæвæджы ныннæрыд алыгъуызон уæззау хӕцӕнгæрзты хъæр æмæ райдыдта хæст. Тугцъир, æгъатыр, мæнгард знаг æрбабырста сабыр Ирыстонмæ. Уыдонæн сæ фæнд уыд нæ бæстæйæ «сыгъдæг быдыр» саразын. Гуырдзыстоны бирæнымæц æфсæддон техникæ æмæ æфсад лæгæрстой Хуссар Ирыстонмæ тугмондаг сырдтау. Хуссарирыстойнаг æфсæддон дæлхæйттæ, бархионтæ сæ разы æрæвæрдтой хæс, знагæй Райгуырæн зæхх æппæт амæлттæй дæр бахъахъхъæнын. Æнæмсæр тохы уыдон равдыстой хъæбатырдзинад æмæ патриотизм, цалынмæ нæм æххуысмæ Уæрæсейы æфсад нæ фæзындысты, уæдмæ.

15  азы  размæ  æрцæугæ  цаутæ зæрдыл æрлæууын кæныны нысанæн нæ горæты «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл» мемориалон комплексмæ 7 августы изæры æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны раздæры президенттӕ Цыбырты Людвиг ӕмӕ Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадтæ æмæ уагдæтты кусджытæ æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ.

Цытджын-фыдохы митинджы агъоммæ Президент Гаглойты Алан мемориалон комплексы цырты раз сӕвӕрдта венок. Хицауады бӕрнон кусджытӕ, министрадтӕ, уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ чыртӕ-чыртӕй хастой дидинджытӕ цырты размӕ, сӕркъулӕй лӕугӕйӕ ардтой ацы бон 15 азы размӕ хӕстон агрессийы рæстæджы фӕмардуӕвӕг хъӕбатыр хъахъхъӕнджыты, уӕрӕсейаг салдатты ӕмӕ сабыр цӕрджыты рухс нӕмттӕ.

Мониторыл ӕвдыст цыдысты 2008 азы  августы хæсты цаутӕ, сӕ царды аргъӕй нӕ бӕстӕйы сӕрибардзинад чи бахъахъхъӕдта, фӕлӕ абон не ‘хсӕн чи нал сты, уыдон къамтӕ.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан йӕ раныхасы банысан кодта, ногӕй та нӕ ацы бынатмӕ кӕй ӕрӕмбырд кодта 2008 азы августы трагикон цауты фыдохы мысынад. Дзырдта уӕды цауты тыххӕй, нӕ «хӕлар» сыхӕгтӕ сӕхи куыд цӕттӕ кодтой нӕ бӕстӕйы ныхмӕ радон агрессимӕ ныгуылӕйнаг бӕстӕты ӕххуысӕй.

Хӕстонты нымӕц ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр ифтонг агрессоры ныхмӕ фӕлӕууыдысты ӕмӕ хъӕбатырӕй тох кодтой бӕстӕйы хъахъхъӕнджытӕ, цалынмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ ӕххуысмӕ фӕзындысты, уӕдмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон никуы ферох кӕндзысты уӕрӕсейаг ирвӕзынгӕнӕг салдаты хъӕбатырдзинад. Кӕддӕриддӕр хъуыды кӕндзыстӕм уӕрӕсейаг салдаты сгуыхтдзинад ӕмӕ бузныг уыдзыстӕм Уӕрӕсе ӕмӕ йӕ къухдариуӕгадӕй.

Ныр, зӕгъгӕ, 15 азы дӕргъы пырхӕнтӕ ӕмӕ ӕртхутӕгӕй ӕндидзы ӕмӕ сабыр цардӕй цӕры Хуссар Ирыстон.

Йӕ раныхасы кӕрон бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ноджыдӕр сӕнгом уæм, уымӕн ӕмӕ уӕд ноджы фидардӕр уыдзыстӕм.

Мадзалы ма раныхас кодта ӕмӕ бузныджы ныхӕстӕ загъта 2008 азы августы фӕмардуӕвӕг уӕрӕсейаг салдат Алексей Ивановы фыд Сергей Иванов. Ӕз, зӕгъгӕ, бузныг дӕн республикӕйы къухдариуӕгадӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ рох кӕнынц нӕ сывӕллӕтты сгуыхтдзинад.

«Нӕ адӕмтӕ тугӕй иу сты, мах тугӕй ӕфсымӕртӕ стӕм, уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады тыххӕй ныккалд иумиаг туг. Дунескӕнӕгӕн фӕндон фӕуӕт, ӕмӕ зӕххыл макуыуал уӕт хӕст», – дзырдта уый.  

Студентон фӕсивӕды номӕй цытджын-фыдохы митинджы раныхас кодта Паддзахадон университеты 5-ӕм курсы студент Атарбег Кодалов. Махыл, зӕгъгӕ, стыр хӕс ис, цӕмӕй аразӕм ӕппӕтдӕр, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, 2008 азы нӕм ӕххуысмӕ чи ӕрцыд, уыдон хъӕбатырдзинад, цы хъӕбатыртӕ фӕмард сты, уыдон рӕнхъытӕ баххӕст кӕнӕм. Фыдӕлтӕй нын цы монон-хӕрзӕгъдауон фӕдзӕхстытӕ баззад, уыдон ӕххӕст хъуамӕ кӕнӕм. Дӕргъвӕтин тохы азты нын нӕ хъӕбатыр фӕсивӕды тыххӕй цы мысынад ис, уый дарддӕры фӕлтӕртӕм хъуамӕ хӕссӕм.

Поэтессӕ Чехойты Ольгӕ бафарста 2008 азы августы агрессийыл йӕхи фыст ӕмдзӕвгӕ.

Нæ горæты гимнази Альбионы ахуыргæнинæгтæ кастысты зæрдæмæхъаргæ патриотон æмдзæвгæтæ 2008 азы августы хӕсты темӕйыл фыст. Зарæггæнджытæ Лалыты Альберт æмæ Бекъойты Вано сæххæст кодтой хæстон азты рыстæй йемыдзаг зарджытæ Хуссар Ирыстоныл.

Фынддæс азы рацыд августы агрессийæ… фæлæ рох нæу 2008 аз, рох нæ не сты нæ историйы уæззау цаутæ. Ирыстоны цар-ды фæндаг дæрддæр кæнынц нæ кæсдæртæ, Ирыстоны ног фæлтæртæ. Ивгъуыдæн кадгæнгæйæ, тырнæм хуыздæр фидæнмæ нæ хъайтарты рухс номӕн ӕмӕ нæ фидæ-ны фæлтæртӕн хуыздæр сомбон аразыны сæраппонд.

Мадзаламонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ «уæззау фӕлварӕнтыл дзырд куы цӕуы, уӕд ӕрӕмысынц Хуссар Ирыстоны, ӕхсардзинадыл дзырд куы цӕуы, уӕд та мысынц горӕт Цхинвал, ирон адӕмы геноцидыл дзырд куы фӕцӕуы, уӕд та ӕрӕмысынц тугхъулон нымӕц 08.08.08.».

Нӕ уарзон горӕт нын алыгъуызон уӕззау хӕцӕнгӕрзтӕй куы ӕхстой, цардӕй куы хицӕн кодтой нӕ ӕввахс ӕмӕ зынаргъ адӕм, уӕддӕр нӕ асаст нӕ царды ныфс, уырныдта нӕ рухс фидӕн разӕй кӕй ис.

Мысӕн мадзалы кӕрон ӕвдыст ӕрцыд Sputnik Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ цы документалон фильм бацӕттӕ кодтой “Первые на линии огня: война августа 2008 года глазами миротворцев”, – зæгъгæ, уый фӕцыбыргондӕй.

Куыд зонӕм, афтæмæй 2008 азы августы агрессийы фыццаг цӕф сӕхимӕ райстой уӕрӕсейаг фидауынгӕнӕг тыхтӕ. Уыдон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй сӕ мысинӕгты дзырдтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнӕг тыхты батальоны командӕгӕнӕг Константин Тимерман, Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл Ӕмхӕццӕ фидауынгӕнӕг тыхтыл уӕды командӕгӕнӕг, ныртӕккӕ та Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов, Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Сиукъаты Вадим ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Мемориалон комплексы бӕстӕйы разамынад ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ сыгътой цырӕгътӕ августы хæсты знаджы къухæй чи фæмард сты, уыдон рухс нӕмттӕ мысыны охыл…

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.