8-æм августы Дзауы поселочы цæрджытæ дæр Кады аллейæйы æрæмысыдысты 14 азы размæ августы хæсты трагикон бонтæ, æмæ фæмардуæвæг хъæбатыр лæппуты номыл цырты раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Районы администрацийы кус-джытæ уый фæстæ традицимæ гæсгæ бацыдысты, се ‘нусон бынаты чи æнцойад кæнынц, уыцы фæмардуæвæг хæстонты ингæнтæм æмæ, ирон æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ рухс загътой дзæнæттаг лæппутæн.

Кады аллейæмæ цы бирæ адæм æрбамбырд, уыдон иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой, райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи рхастой, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ. Дзауæгтæн та сæ зæрдыл æрлæууыд 2008 азы 8-æм августы сæумæрайсом. Уæд сабырцæрæг адæмыл гуырдзиаг хæдтæхджытæ æнæнхъæлæджы æркалдтой бомбæтæ æмæ адæм схъопал сты. Алцы æнхъæл дæр уыдыстæм, фæлæ, зæгъгæ, ныл хæдтæхджытæй бомбæтæ калдтой, уый никæйы бауырныдтаид. Дзауы сæрмæ куы фæзындысты, уæд сæ адæм фенхъæлдтой уырыссаг хæдтæхджытæ æмæ адæмы ныфсыл бауагътой стыр ныфс æмæ уынгтæм афтæмæй згъордтой. Фæлæ куы рзылдысты æмæ фæстæмæ Дзауы сæрты куы рацæйтахтысты, уæд сæ тахт фæныллæг кодтой æмæ бомбæтæ згъалын райдыдтой. Уæд адæм базыдтой се ‘намонд. Уыцы бон поселочы цæрджытæй бирæтæн ныппырх сты сæ хæдзæрттæ, чидæртæ та цæфтæ фесты æмæ адæм тынг стыхстысты. Кæмæн куыд гæнæн уыд, афтæ йæ бинонты æрвыста Цæгат Ирыстонмæ. Уыцы хæстон цауты дзауæгтæ мысыдысты, фæлæ та-иу уæддæр сæ ныхасы сæр уыдысты нæ зынгхуыст хъайтартæ…

Районæй ацы хæсты кæй хъæбултæ фæмард сты, уыдон абон дæр фæрсынц, зæгъгæ, цæй тыххæй фæмард сты сæ хъæбултæ? Ирæттæ кæй стæм, уый тыххæй нæ рагæй фæстæмæ хъавыдысты скуынæг кæнын нæ сыхæгтæ. Ирон адæмы дæлдзиныг кæй кодтой. Фæлæ сæрыстыр ирон адæм уый сæ сæрмæ никуы бахастой æмæ искæй къæхты хъæрмæ кафой, фидарæй загътой сæ ныхас, сæрибарæй цæрын сæ кæй фæнды, æмæ нæм уæд америкæйаг æмæ ныгуылæйнаг бæстæты амындмæ гæсгæ, гуырдзиæгты къух баххæссыд. Цы хæст расидтысты, уымæн кæрон скодтой ирон хъæбатыр лæппутæ уырысы æфсады æххуысæй æмæ абон цæрæм сыгъдæг арвы бын, хæдбар паддзахады.

Ирыстоны сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн чи рхаста, уыцы лæппутæн сæ нæмттæ кæддæриддæр арын кæй хъæуы, уый банысан кодтой фыдохы мадзалы хайадисджытæ. Зынгхуыст лæппуты сæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх – Уацамонгæйы орденæй.

Мысæн мадзалы ма айзæлыдис, зарæггæнæг Къæбысты Маир йе ‘фсымæры лæппу Къæбысты Аланы рухс ном арыны тыххæй, цы рæнхъытæ ныффыста, уыдоныл фыст зæрдæмæхъаргæ зарæг, кæцыйы сæххæст кодта йæхæдæг цæссыгкалгæйæ.

Фыдохы мадзæлттæ райценрты адарддæр кодтой изæрæй. Хæсты æппæт фæмардуæвæг лæппуты номыл мысæн изæры районы цæрджытæ ссыгътой цырæгътæ. Сабырдзинады нысанæн та скъоладзау фæсивæд уæларвмæ суагътой урс къоритæ.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.