– Абон нӕ ныхас уыдзӕнис, дунейы зындгонд адӕймаг Альфред Нобелы премийы истори ӕмӕ уыцы преми лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыдис, уыдон тыххӕй. Ахӕм ныхӕстимӕ ӕрӕджы 10-ӕм астӕуккаг скъолайы библиотекӕйы йӕ ныхас райдыдта скъолайы математикӕйы ахуыргӕнӕг Хъӕцмӕзты Джульеттӕ. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, дунейы бӕстӕты рӕзт ӕмӕ адӕмты размӕцыдмӕ стырдӕр хайбавӕрд чи бахаста, уыдонӕй иу уыд зындгонд шведаг ахуыргонд Альфред Бернхард Нобель.

Мадзалы библиотекӕйы уӕвӕг ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты раз кӕрӕдзи ивгӕйӕ, Альфред Нобелы цард ӕмӕ архайды тыххӕй дзырдтой 11 -ӕм ӕмӕ 9-ӕм кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕ Битеты Миленӕ ӕмӕ Джиоты Алинӕ. Уыдон банысан кодтой, зӕгъгӕ, Альфред Нобель райгуырд 190 азы размӕ Стокгольмы. Йӕ фыд Эммануил Нобель уыд инженер. Бинонтӕн финансон зындзинӕдтӕ кӕй уыд, уый тыххӕй Эммануил кусынмӕ фыццаг Финландимӕ рацыд, фӕстӕдӕр та – Уӕрӕсемӕ ӕмӕ ӕрбынат кодта Санкт-Петербурджы. Альфреды мад Андриетта Нобель та йӕ кӕстӕртимӕ баззад Стокгольмы. Уӕрӕсемӕ ӕрцӕугӕйӕ, Эммануил паддзах Никъала I-ӕн загъта, денджызон минӕтӕ аразын йӕ бон кӕй у, уый. Уый йын радта бар, сарæзта йын фадӕттӕ дӕр ӕмӕ Эммануил райдыдта кусын. Цы минӕтӕ рауагъта, уыдон фӕлварӕнтӕ дӕр ацыдысты хорз ӕмӕ Уӕрӕсейы разамынад Эммануилӕн рахицӕн кодтой ӕхцайы фӕрӕзтӕ, бар ын радта, цӕмӕй скусын кӕна згъӕртайӕн завод ӕмӕ ӕххӕст кӕна паддзахады домӕнтӕ. Уыцы хӕстӕ Эммануил сӕххӕст кодта ӕнтысгӕйӕ ӕмӕ хорзӕхджын ӕрцыдис Императоры сыгъзӕрин майданӕй. 1842 азы Санкт-Петербургмӕ ӕрцыдысты йӕ бинонтӕ дӕр. Йӕ цыппар кӕстӕры скъоламӕ нӕ цыдысты, ахуыргӕнджытӕ сын баххуырстой хӕдзармӕ ӕмӕ райстой иттӕг хорз зонындзинӕдтӕ. 17-аздзыд Альфредӕн йӕ бон уыд сӕрибарӕй дзурын ӕмӕ фысын шведаг, уырыссаг, францаг англисаг ӕмӕ немыцаг ӕвзӕгтыл. Астӕуккаг ахуырдзинады фӕстӕ уый ацыд ӕмӕ цыбыр рӕстӕджы цард Франц, Итали, Гер-ман ӕмӕ Америкӕйы. Альфред фӕстӕмӕ Санкт-Петербургмӕ ӕрцыд 1852 азы ӕмӕ кусын райдыдта йӕ фыды куыстуаты. О, фӕлӕ сӕм цы дардыл хъуыдытӕ уыд, уыдон фехӕлдысты, заводмӕ нал цыдысты закъазгӕнджытӕ, бинонтӕ сфӕлахс сты ӕмӕ апырх сты ӕндӕр бӕстӕтыл. Альфред Нобель баззад Санкт- Петербурджы ӕмӕ куыста уырыссаг химик Николай Зининимӕ. Иумӕ цы фӕлварӕнтӕ арӕзтой, уыдон нӕ рӕстмӕ кодтой ӕмӕ Альфред дӕр ацыд Уӕрӕсейӕ. Йӕ хъуыддӕгтӕ хуыздӕр цӕуын райдыдтой Стокгольмы. Йе ‘нтыстытӕ рӕзтысты, уыдонимӕ фылдӕр кодтой йӕ финанстӕ дӕр.

1893 азы Альфред йӕ хӕстӕ ӕмӕ паддзахады алыгъуызон хъалонтӕ бафидыны фӕстӕ ныффыста фӕдзӕхсты гӕххӕтт ӕмӕ йӕ фӕрӕзтӕй цӕстуарзон ӕххуыс бакодта цалдӕр бӕстӕйы ахуырадон уагдӕттӕн, медицинон хосгӕнӕндӕттӕн. 1895 азы Альфред ныффыста, фыццаг чи аивта, ахӕм фӕдзӕхсты гӕххӕт. Уым та дзырд цыдис, зӕгъгӕ, мӕ мулк иууылдӕр раконд ӕрцӕуӕд ӕхцамӕ ӕмӕ ӕрвылазы фӕрӕзтӕ дӕр лӕвӕрд цӕуӕд физикӕ, хими, медицинӕ ӕмӕ литературӕйы, стӕй дунейы сабырдзинад чи тауы, уыдонӕй стырдӕр ӕнтыстытӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн.

Уӕрӕсейы минӕвӕрттӕй Альфред Нобелы преми фылдӕр райстой литературӕйы къабазы. Се ‘хсӕн сты ахӕм фысджытӕ: Иван Бунин, Борис Постернак, Михаил Шолохов, Александр Солженицын, Иосиф Бродский, Светлана Алексеевич ӕмӕ æндӕртӕ.

1896 азы 7-ӕм декабры Альфред Нобель фӕрынчын, туг ныттагъд йӕ сӕры магъзы ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ 63 аздзыд ахуыргондӕн йӕ зӕрдӕ ныллӕууыд йӕ куыстӕй.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.