Райгуырæн зæхх цыфæнды амæлттæй æмæ тыхтæй бахъахъхъæнын уыд ирон хъæбатыр лæппуты сæйраг хæс. Махæн та абон нæ сæйраг хæс у, цæмæйдæриддæр уыдонæн макуы рох кæнæм сæ нæмттæ, мысæм сæ æмæ сын кад кæнæм.

Аз ивы азы æмæ афтæмæй дардæй дарддæр кæнынц Хуссар Ирыстоны цы тугкалæн, трагикон цаутæ æрцыдысты, уыдонæй. Рацыд 13 азы 2008 азы хæстæй, кæцы дунейы историйы ныууагъта йæ фæд. Нæхæдæг æвдисæн кæмæн уыдыстæм, нæхиуыл цы хъизæмæрттæ æмæ тас бавзæрстам, уыдон иууылдæр истори йæ чиныджы ныффыста. Ирон адæмæй, стыр тугкалдæн æвдисæн чи уыдысты, уыдонæй 2008-æм азы августы цыбырæмгъуыдон хæст никуы ферох уыдзæн.

8-æм августы Дзауы районы цæрджытæ дæр райцентры Кады аллейæйы æрымысыдысты 13 азы размæ августы хæсты сау бонтæ æмæ фæмардуæвæг хъæбатыр лæппуты номыл цырты раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Районы администрацийы кусджытæ уый фæстæ традицимæ гæсгæ бацыдысты, се ‘нусон бынаты чи æнцойад кæнынц, уыцы фæмардуæвæг хæстонты  уæлмæрдтæм, сæвæрдтой сыл дидинджытæ æмæ сын ирон æгъдаумæ гæсгæ рухс загътой.

Кады аллеяйы æрæмбырдуæвæг адæм иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой, сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ. Дзауæгтæн та сæ зæрдыл æрлæууыд 2008-æм азы 8-æм августы сæумæрайсом. Уæд сабырцæрæг адæмыл гуырдзиаг хæдтæхджытæ æнæнхъæлæджы æркалдтой бомбæтæ æмæ адæм  фæсæццæ сты. Алцы æнхъæл дæр уыдыстæм, фæлæ, зæгъгæ, ныл хæдтæхджытæ бомбæтæ згъалой, уый никæйы уырныдта сæрæй. Дзауы рдæм хæдтæхджытæ куы рбатахтысты, уæд сæ адæм фенхъæлдтой уырыссаг хæдтæхджытæ æмæ адæмы ныфсл бауагътой!   Фæлæ куы рзылдысты æмæ фæстæмæ Дзауы сæрты куы рацæйтахтысты, уæд сæ тахт фæныллæгдæр кодтой æмæ бомбæтæ згъалын райдыдтой. Уæд бамбæрстой адæм хæдтæхджытæ сæ ирвæзынгæнджытæ кæй не сты, фæлæ сæ куынæггæнджытæ. Уæд районы дæр бирæтæн ныппырх сты сæ хæдзæрттæ, чидæртæ та дзы фесты цæфтæ бомбæты схъистæй. Хслебы хъæуы фæндаггæрон иу дыууæуæладзыгон хæдзары та, куыд фæзæгъынц, фæнык фестын кодтой. Уыцы хæдзары пырхæнтæ æмæ бомбæты схъистæ та разиан кодтой йæ алыварс æм æввахс цы хæдзæрттæ уыд, уыдонæн. Уыцы райсом федералон трассæйыл æрлæууыдысты, цæст кæуыл не ‘ххæссыд, уыцы уæрæсейаг æфсæддон техникæ, æмæ адæмы ныр æцæгæйдæр бауырныдта, уыдон се ‘цæг ныфс кæй сты. Фæлæ гуырдзиаг хæдтæхджыты æрбабырст æмæ кæмæн куыд гæнæн уыд, афтæ сæ бинонты æрвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Уыцы хæстон цауты тыххæй ацы бон дзауæгтæ кæрæдзийы зæрдыл æрлæууын кодтой, фæлæ та-иу уæддæр сæ ныхасы сæр уыдысты нæ зынгхуыст хъайтартæ. Адæм сæ зæрдыл дарынц æмæ хорз хъуыды кæнынц знаджы нæмгуытæй чи рафтыдысты. Уыдонæн сæ бинонтæ абон дæр æвæрынц фарст, зæгъгæ, цæмæн, цæй тыххæй баныгæдтой сæ хъæбулты? Уæд августы фашистон Гуырдзыстон сфæнд кодта, цæмæй ирон адæмæн сæ кой дæр мауал уа Хуссар Ирыстоны. Уыцы хъуыддагмæ сæхи та цæттæ кодтой развæлгъау украинаг æмæ америкæйаг æфсæддон инструкторты амындмæ гæсгæ. Цы хæст расидт сты, уыцы хæстон операцийы та рахуыдтой «сыгъдæг быдыр». Фæлæ уыцы хъуыддаг нæ бауагътой ирон хъæбатыр лæппутæ уырысы фсады æххуысæй æмæ абон цæрæм сыгъдæг арвы бын, хæдбар паддзахады статусы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 2008-æм азы августы хæсты сæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау знагимæ æнæмсæр тохы се взонг удтæ радтой дзауаг хъайтар лæппутæ дæр æмæ сын кад кæнынц Ирыстоны адæм. Уыдонæй дыууæйæ уыдысты Цхинвалы ОМОН-ы хæрзæвзонг хæстонтæ Къæбысты Алан æмæ Санахъоты Алан. Сæ дыууæ дæр фæмард сты, Тъбеты хъæуы къуылдымыл гуырдзиаг хотыхджын хæстонты ныхмæ цы хæст самадта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд, уыцы бынаты. Дыууæ лæппуйы дæр ацы ран ныфсхаст æмæ хъæбатырæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ фæмард сты хъайтартæй.

Тъбеты хъæумæ æввахс, раздæр институтæн ног агъуыст кæм арæзтой, уымæ хæстæг та комкоммæ фехстой мотоæхсæн дивизийы танкты батальоны хæстон Цхуырбаты Батыры. Ныр сæ хæстон æмбæлттæ куыд æрымысынц, уымæ гæсгæ лæппутæ уыдысты æцæг æфсæддонтæ, сæ удтæ чи нæ бамбæхстаид, фыццаг чи рахызтаид æмæ кæронмæ знаджы ныхмæ чи лæууыдаид, раст ахæм ирон лæппутæ.

Райцентры 2008-æм азы августы хæсты бонтæ мысгæйæ, фыдохы мадзæлттæ адарддæр кодтой изæрæй. Хæсты æппæт фæмардуæвæг лæппуты номыл мысæн изæры ссыгътой цырæгътæ. Афтæ ма уыдон рухс нæмттæ арыны сæраппонд айзæлдысты фыдохы музыкæйы зæлтæ.

Дзауаг лæппуты сæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх Уацамонгæйы орденæй. Уыдон хъæбатырдзинад фидæны фæлтæрæй дæр нæ уыдзæнис рох æмæ сын кадимæ мысдзысты сæ нæмттæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.