Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсени ссис Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъæзтыты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цæуынц Белорусийы. Арсени архайын райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй Азербайджаны æмбырдгонд командæйы сконды, кæцыйы сæйраг тренер у ирон специалист Гозымты Хетæг. Арсени 86 кг уæзы категорийы финалы 8:2 хыгъдæй фæуæлахиз Казахстаны минæвар Максат Сатыбалдыйыл.

Ерысты ма сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Сабанты Александр (61 кг), Козырты Сергей (97 кг) æмæ Хуыбылты Ален (125 кг). Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Алены фыд кæй у Хуссар Ирыстонæй рацæугæ.

Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъæзтыты хайад исынц Уæрæсе, Белоруси, Азербайджан, Сомихстон, Казахстан, Хъыргъызтан, Таджикистан, Узбекистан æмæ Туркменистаны командæтæ.

 

ЦÆТТÆГÆНÆН СБОРТÆ

Ног спортивон сезонмæ сæхи цæттæ кæнынц ленккæнынæй архайæг спортсментæ. Уыдонæн уагъд цæуынц цæттæгæнæн сбортæ. Къордмæ бахаудтой республикæйы иууыл цæттæдæр спортсментæ æдæппæтæй 40 адæймаджы. Къорды сконды сты спорты дæснытæ æмæ спорты дæснытæм кандидаттæ.

Фæтыхджындæргонд режимы тренировкæтæ уадзынц тренертæ Евгения Терлеева, Тототы Хасан, Плиты Ацæмæз æмæ методист Виктория Новикова. Уыдон развæлгъау бацæттæ кодтой тренировкæты программæ. Боны дæргъы спортсментæн уагъд цæуынц дыууæ тренировкæйы. Хъусдард здæхт цæуы спортсменты фæразондзинад, физикон цæттæдзинад æмæ техникæмæ, стæй ма старт æмæ финишы рæстæджы растдæр куыд хъæуы архайын, уымæ.

Сбортæ уагъд цæуынц Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты æххуысæй. Уый фæрцы спортсментæн сорганизаци кодтой æнæаргъ сихор. Хæринаг аразыны рæстæджы хынцыд цæуынц спортсмены хæлцы домæнтæ.

Бассейнмæ бацыдысты æмæ тренировкæты программæимæ базонгæ сты комитеты сæрдар Хубежты Руслан æмæ йæ хæдивæг Гасситы Сослан. Банысангонд æрцыд ацы сбортæ сын кæй фæахъаз уыдзысты сæ бæрæггæнæнтæ фæбæрзонддæр кæнынæн. Уы-донмæ разæй æнхъæлмæ кæсынц алыгъуызон ерыстæ. Фыццаг уал сæ цæттæдзинад бафæлвардзысты 20-æм сентябры ресубликæйы боны цытæн турниры.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ма ацы аз  цæттæгæнæн сбортæ уагъд кæй æрцыд дзюдо, бокс, аивадон гимнастикæ æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг спортсментæн.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.