2008 азы августы хæсты фӕстиуӕгӕн нӕ республикӕйы территорийыл Ирыстоны хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ сабыр цӕр-джытӕ цы бынӕтты фӕмард сты, уыдоны нæмттæ сӕнусон кӕныны тыххӕй сырӕзт бирӕ мысӕн бынӕттӕ. Ӕрвылаз дӕр нӕ ӕдзард хъайтарты мысӕн бонты Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад азилынц ӕмӕ ахæм бынæтты сӕвӕрынц веноктӕ ӕмӕ дидинджытӕ.

Ныр дæр ахæм мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад Президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, бӕстӕйы раздӕры къухдариуӕггӕнджытӕ Цыбырты Людвиг ӕмӕ Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов, Парламенты депутаттӕ, тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ, республикӕйы уазджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ.

Дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ ӕвӕрд ӕрцыд, 2008 азы знаджы фыццаг уæззау цæф сæхимæ чи райстой, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты казармæйы раз. Дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Галуанты Олегы цырты раз дæр. Ирыстоны хъайтар фæмард йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ.

 

***

Азтæ азты ивынц, фæлæ махæй рох не сты, уыцы уæззау бонты нæм æххуысмæ цы уæрæсейаг ирвæзынгæнæг ӕфсӕддонтӕ фæзындысты æмæ, хъыгагæн, Хуссар Ирыстонмæ фæндаг мæлæтмæ фæндаг кæмæн ссис, уыдон нæмттæ. Уыдонæй сæ иу – уæрæсейаг æфсады афицер, Уæрæсейы хъайтар Денис Ветчинов. Уымæн нæ горæты Шанхайы микрорайоны фӕндаггæрон æвæрд æрцыд цырт. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан, Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов ӕмӕ мадзалы иннӕ хайадисджытӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой хъайтары цырты раз. 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы уый, гуырдзиаг агрессортæн аккаг ныхкъуырд дæттгæйæ, хъæбатырæй фæмард знаджы нæмыгæй.

***

Нæ республикæйы къухдариуæгад, афтæ ма фæмардуæвæг хӕстонты æмбæлттæ 8 августы веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой, Тъбеты хъæуы августы хæстон архӕйдтыты рæстæджы Гуырдзыстоны агрессорты къухæй нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæй æнæмсæр тохы, хъæбатырдзинад æвдисгæйæ, æнæмсæр тохы сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы лæппуты иумиаг цыртыл. Уыдон сты – Къӕбысты Алан, Дзӕххойты Валери, Мӕлдзыгаты Сослан, Плиты Тамаз, Санахъоты Алан ӕмӕ Быценты Гайоз.

Дидинджытæ сæвæрдтой, хъайтартæ кæм фæмард сты, уыцы бынæтты

***

2008 азы нæ горæты бирæ сабыр цæрæг æмбæстæгтæ лыгъдысты знаджы нæмыгæй, фæлæ сæ бирæтæ фæмард сты знаджы нæмыгæй Тъбеты фæндагыл. Уыдон номыл Тъбеты хъæуы цы «Сыгъд удты музей» арæзт æрцыд, уый экспонаттæ систы, гуырдзиаг бронетехникæйæ пырх æмæ сыгъд цы хæдтулгæтæ æрцыдысты, уыдон.

Ацы музейы «Хъынцъымы символы» монументы раз дӕр ӕвӕрд ӕрцыд мысынӕн дидинджытӕ.

***

Ирыстоны историйы сыфтыл бирæ хъайтарты нæмттæ фыст æрцыд  сыгъзӕрин дамгъӕтӕй. Уыцы æнæмæлгæ хъайтарты ‘хсæн сты Хъахъхъӕнынады министрады службӕгӕнджытӕ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт. Уыдоны цыртыты раз дæр 8 августы республикæйы къухдариуæгад ӕмӕ сӕ хӕлӕрттӕ сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Ацы дыууӕ хъайтар лӕппуйы сӕ къордимӕ ӕрурӕдтой горӕтмӕ ӕрбахизӕны гуырдзиаг хотыхджын колоннӕ, ӕвдыстой ӕхсардзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад.

 

Августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссардтой «Беслӕны мӕдтӕ»

Террористон акты амӕттӕгты ассоциаци «Беслӕны Мӕдтӕ»-йы минӕвӕрттӕ дӕр хайад райстой гуырдзиаг агрессийыл 15 азы сӕххӕсты цытӕн фыдохы мадзӕлтты. Номарынӕн дидинджытӕ сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны «Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты номыл» мемориалон комплексы цырты раз.

Мадзалы хайад райста РХИ-йы Президенты Администарцийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.