Президент Гаглойты Алан фембæлд организаци «Матери Беслана»-йы минæвæрттимæ. Уыдон Цхинвалмæ æрцыдысты 2008 азты августы цаутыл 15 азы сæххæсты сæраппонд фыдохы мадзæлтты хайад райсынмæ.
Фембæлды ма хайад райстой Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Беджызаты Батраз æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Тыбылты Алан.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта уазджытæн сæ визиты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахсджиаг у ахæм уæззау бонты кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууын.

«Бузныг уын, ацы уæззау бонты кæй дих кæнут немæ нæ рыст. Хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны историйы ис бирæ трагикон бонтæ. Фæлæ рæстæг цæуы. 2008 азы августы хæсты амæттæгтæй никæйы   бафæндыдаид, цæмæй сæ амæлæты фæстæ цард æрлæууыдаид. Уыдон фæндыдаид, цæмæй сæ ныййарджытæ, хотæ æмæ æфсымæртæ цæрой сабыр арвы бын», – загъта уый.

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ тагъд æрбалæудзæн Ирыстоны историйы иууыл хъынцъымагдæр бонтæй сæ иу – Беслæны трагеди дæр.

«Уыцы уæззау бонты Ирыстон, зæгъæн ис, фесæфта æнæхъæн фæлтæр. Уыцы рыст ис немæ», – загъта Президент.

Уыимæ иумæ, уый фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Беслæны трагедийы амæттæгтæн план кæнынц цырт сæвæрын.

«Не ‘мбæстæгтæй алкæмæн фадат нæ  вæййы Цæгат Ирыстонмæ ацæуынæн фыдохы мадзæлтты хайад райсынмæ. Уымæ гæсгæ, радтон æмбæлон хæс Хуссар Ирыстоны Беслæны амæттæгтæн цырт сæвæрыны тыххæй. Уырдæм не ‘мфыды-бæстæйонтæн сæ бон уыдзæн бацæуын æмæ æнæаххосæй фæмардуæвджыты рухс нæмттæ æрымысын», – загъта Гаглойты Алан.

Организаци «Матери Беслана»-йы минæвæрттæ бузныг загътой Президентæн йæ хъусдарды тыххæй. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, Ирыстоны адæм хъуамæ æнгом уой куыд уæззау бонты, афтæ бæрæгбонты дæр.

«Мах ахæм бирæнымæц адæм не стæм, æмæ алыхатт дæр хъуамæ æххуыс кæнæм кæрæдзийæн. Мах æрцыдыстæм, Хуссар Ирыстоны стабилондзинад æмæ æдасдзинады сæраппонд йæ цард чи снывонд кодта, уыдоны рухс ном æрымысынмæ», – загъта Гæдиаты Анетæ.

Уый ма радзырдта Италимæ визиты тыххæй дæр, цыран фембæлдтыты рæстæджы ныхас кодтой Хуссар Ирыстоны тыххæй, загъта, зæгъгæ, 2008 азы æндæр адæмтимæ иумæ, «Матери Беслана» фæлвæрдтой дунеон æмæхсæнадæн хæсты тыххæй рæстæдзинад фехъусын кæныныл.

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг уазджытæн радта лæвæрттæ – зæрдылдарæн монетæтæ Хусар Ирыстоны аргъуанты нывтимæ, кæцыты рауагъта РХИ-йы Национ банг.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.