Æртындæс азы рацыд 2008 азы августы агрессийæ… Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыййас арфдæр мах æмбарæм, хæсты цæхæры фæндæгтыл чи рацыд, уыдоны хъæбатырдзинад. Мах, Хуссар Ирыстоны адæм, кастыстæм мæлæты цæстытæм дæргъвæтин ссæдз азы. Фæлæ фæрæзтам, кæд уæззау рыст æмæ дудгæбæттæ æвзæрстам, уæддæр…

Махæн мысынæн баззадысты, уыцы хæсты азарæй чи басыгъд, уыцы хъæбатыр, фæндвидар æмæ æдзард лæппутæ. Æрвылазау ацы аз дæр бæстæйы къухдариуæгад нæ æфсымæрон республикæ Абхазæй цытджын делегацийы минæвæрттæ Президент Аслан Бжанияйы сæргълæудæй хайад райстой 8-æм августы мысæн мадзæлтты.

Уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддонты номыл Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мемориалон комплексы раз Бибылты Анатоли æмæ Аслан Бжания ном арынæн сæвæрдтой веноктæ.

Мысæн мадзалы ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Парламенты депутаттæ, хицауады уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ, горæты цæрджытæ.

Акцийы хайадисджытæ се ‘ппæт дæр æмырæй, сæркъулæй мемориалы раз æвæрдтой дидинджытæ æмæ ардтой, нæ бæстæйы сæрибардзинад хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ.

Ацы мысæн бонты махæй алчидæр нырхæндæг вæййы, нæ разы сæвзæрынц уæды бонты дудгæбæттæ, нæ пиллонкалгæ горæт æмæ хъæутæ, пырх уынгтæ æмæ бæстыхæйттæ… стæй нæ хъæбатыр хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ…

 

Сыгъд удты музейы ардтой

фæмардуæвджыты рухс нæмттæ

 

МЫСЫДЫСТЫ ÆДЗАРД ЛÆППУТЫ РУХС НÆМТТÆ

2008 азы августы хæстон бонты нæ горæты бирæ сабыр цæрæг æмбæстæгтæ лыгъдысты знаджы нæмыгæй. Фæлæ знаджы æфсæддон гæрзифтонг тыхтæ фæрсаг фæндагмæ кæй æрбаирвæзтысты, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй бирæтæ фæмард сты знаджы нæмыгæй Тъбеты фæндагыл. Уыдон номыл Тъбеты хъæуы арæзт æрцыд «Сыгъд уд-ты музей», кæцыйы экспонаттæ систы, гуырдзиаг бронетехникæйæ пырх æмæ сыгъд цы хæдтулгæтæ æрцыдысты, уыдон.

«Сыгъд удты музей» арæзт у, уæды рæстæджы знаджы нæмыгæй чи лыгъд, уыцы æдзард лигъдæтты сыгъд хæдтулгæтæй. Уыдон æмбæрзт сты æфсæддон хуыз хъуымацы лыггæгтæй. 7 августы изæрæй уыцы бынатмæ æрæмбырд сты нæ æмбæстæгтæ æмæ уыцы бон нæ рис немæ чи дих кодта, уыцы цытджын уазджытæ.

Хъахъхъæнынады министрады цытджын хъарагъул Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы, Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы номæй ног арæзт монумент «Стоны искореженного сердца»-йы раз сæвæрдтой веноктæ. Монумент æвæрд æрцыд «Сыгъд удты музейы».

Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Парламенты депутаттæ, министрадтæ, ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, æфсæддон службæгæнджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Уыдон дæр дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ мысынæн.

Æрхæндæг мадзалы адæймаджы зæрдæ æнкъард кодта ирон фæндыры æнкъараг зæлтæ…

 

Уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты æхст казармæмæ

 

Уыцы бон республикæйы къухдариуæгад æмæ нæ уазджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой, 2008 азы гуырдзиаг знаджы уæззау цæф сæхимæ чи райстой, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнджыты казармæйы раз.

Абхазы Президент Аслан Бжания куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, 2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агресси райстой куыд ныхмæ комкоммæ агресси, афтæ. Уыцы рæстæджы Абхазы Республикæйы гарзджын тыхтæ дæр конд æрцы-дысты æфсæддон цæттæдзинадмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстонимæ уыцы рæстæджы æфсæддон æххуысы фæдыл æхсæнпаддзахадон бадзырд конд уыд. Æмцæдисон ахастытæ, зæгъгæ, кæд фæлварæнты сæрты хызтысты, уæддæр сæ намысджынæй сфæрæзтам.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, 2008 азы Абхазæй нæ республикæмæ æрцыд бирæ бархионтæ. Уыдон æрцыд дзурæг у ууыл, æмæ æппæт ацы æрцæугæ цаутæ райстой, куыд сæхиуыл цæфæй, афтæ.

Кæд æмæ ныртæккæ дæр Гуырдзыстоны къухдариуæгад дарддæр кæны йæ провокацион архайд Хуссар Ирыстоны ныхмæ, уæддæр нæ республикæ рæзы, размæ цæуы æмæ лæуд у æндидзынады фæндагыл.

 

Хъайтартæ нæ мæлынц

 Азтæ азты ивынц, фæлæ махæй рох не сты, уыцы уæззау бонты нæм æххуысмæ цы уæрæсейаг ирвæ-зынгæнæг салдæттæ фæзынд, æмæ сын, хъыгагæн, Хуссар Ирыстонмæ фæндаг мæлæтмæ фæндаг кæмæн ссис, уыдоны нæмттæ. Уыдонæй сæ иу – уæрæсейаг офицер, хъайтар Денис Ветчинов. Уымæн нæ горæты микрорайон Шанхайы æвæрд æрцыд цырт. 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы уый гуырдзиаг агрессортæн аккаг ныхкъуырд дæтгæйæ, хъæбатырæй фæмард знаджы нæмыгæй. Æрвылаз дæр ацы хъайтары рухс ном арыны сæраппонд бæстæйы къухдариуæгад бацæуынц йæ цырты размæ.

МЫСЫДЫСТЫ ÆДЗАРД ЛÆППУТЫ РУХС НÆМТТÆ

Президент Бибылты Анатолийы фæхуындмæ гæсгæ, ацы аз мысæн мадзæлттæм хуынд æрцыд Денис Ветчиновы цардæмбал Екатеринæ йæ чызг Марияимæ. Уыдон дæр хайад райстой, сæ хъæбатыр фыд æмæ цардæмбал йæ цард цы бæстæйы сæрибардзинады сæрыл æрхаста, уыцы бæстæйы мысæн мадзæлтты.

Уæрæсейаг хъайтар Денис Ветчиновы цырты раз дидинджытæ сæвæрыны фæстæ Президент Бибылты Анатоли ныфсы ныхæстæ загъта хъайтары цардæмбалæн. Банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæйы алы æмбæстаг дæр зоны æмæ кад кæны уæрæсейаг хъайтарæн.

“Сымах сæрыстыр хъуамæ уат Денис Ветчиновæй. Уый Ирыстоны зæххыл равдыста æгæрон хъæбатырдзинад æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ стыр кад кæнынц йæ рухс номæн. Уый номæй ма мах сæрыстыр стæм æппæт уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæй, кæцытæ сæ æвзонг удтæ æрхастой Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Екатерина Ветчинова банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ уымæн сты æмгæрттæ, уымæн æмæ уыдон тыххæй фæмард йæ цардæмбал.

«Нæ бинонтæн уыцы уæззау бонæй рацыд 13 азы. Уæдæй ардæм бахъомыл нæ чызг æмæ мæн бафæндыд, цæмæй уый йæхи цæстæй фена, йæ фыд йæ цардæй кæм ахицæн, уыцы бынат.

Æз никуы ферох кæндзынæн уыцы бон. Мæнмæ æрбадзырдтой телефоны æмæ мын фехъусын кодтой, Денис фæмардуæвджыты номхыгъдты кæй ис. Йæ райдианы мæ кæцæй бауырныдта, фæлæ уый фæстæ ноджыдæр телефон дзæнгæрæг кодта… уæззау уыд… абоны онг дæр уæззау у…», – дзырдта Екатеринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Денис Ветчинов ныгæд ис Волгограды. Цы скъолайы ахуыр кодта, уым йæ номыл арæзт ис сæрмагонд къуым. Екатеринæ куыд загъта, уымæ гæсгæ сæ йæ чызгимæ фæнды, цæмæй фылдæр адæм зоной: Денис кæд а-дунейæ аивгъуыдта, уæддæр йæ цард æнæхъуаджы нæ ратта куыд хъайтар, афтæ цæргæйæ баззад не ‘ хсæн.

 

Августы хæст – нæ зæрдæты æнусон рис

Гуырдзыстоны къухдариуæгад 2008 азы 7-æм августы æхсæвы фынæй горæты ныхмæ егъаумасштабон хæстон архайдтытæ куы райтынг кодта, уымæй. Уæд, уыцы æхсæв ныннæрыд алыгъуызон уæззау æхсæнгæрзты хъæр æмæ райдыдта хæст. Тугцъир, æгъатыр, мæнгард знаг æрбабырста сабыр Ирыстонмæ. Уыдонæн сæ фæнд уыд нæ бæстæйæ «сыгъдæг быдыр» саразын. Гуырдзыстоны бирæнымæц æфсæддон техникæ æмæ æфсад лæгæрстой Хуссар Ирыстонмæ тугмондаг сырдау. Хуссарирыстойнаг æфсæддон дæлхæйттæ, бархионтæ сæ разы æрæвæрдтой хæс, знагæй Райгуырæн зæхх æппæт амæлттæй дæр бахъахъхъæнын. Æнæмсæр тохы уыдон равдыстой хъæбатырдзинад æмæ патриотизм, цалынмæ сæм æххуысмæ Уæрæсейы æфсад нæ фæзындысты, уæдмæ.

Ацы бонты æппæт Хуссар Ирыстон, æппæт ирон адæм ногæй мысынц 2008 азы августы æрцæугæ цаутæ. Ирон адæмыл æрцæугæ трагеди, бирæнымæц адæймæгты мæлæт нырмадæр æнцойад нæ дæттынц нæ адæмæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ,

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.