Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта зынгæ поэт æмæ прозаик, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитонæн йæ юбилейы цытæн. Паддзахады сæргълæууæг юбилярæ бацыд хæдзармæ æмæ йын балæвар кодта 250 мин сомы аргъ сертификат чингуытæ рауадзыны тыххæй.

Хъазиты Мелитон нысан кæны йæ 75 азы юбилей.

«Бузныг дын ахуырадмæ, культурæмæ дæ æнæсаргъгæнгæ хайбавæрды тыххæй. Мах дæр тынг бузныг стæм ахæм куысты тыххæй», – загъта Гаглойты Алан.

Фыссæгæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты РХИ-йы æртыккаг Президент Ты-былты Леонид, РХИ-йы Хица-уады раздæры сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, поэты коллегæтæ æмæ хæлæрттæ.

Хъазиты Мелитон бузныг загъта Президентæн ахæм хъусдард æмæ ахæм лæвары тыххæй.

«Бузныг уын, кæй мæм æрбацыдыстут. Адæймаг æнустæм нæ цæры, фæлæ ахсджиаг у, дæ царды дын цы бантысы саразын, уымæн аккаг аргъ куы скæной», – загъта поэт.

Хъазиты Мелитон у литературæйы фадыджы Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат. Уыд Хуссар Ирысто-ны паддзахадон телекомпанийы фыццаг директор, куыста бирæ бæрнон бынæтты, дыууæ хатты æвзæрст æрцыд Парламенты депутатæй.

Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта уацмыстæ. Йæ уацмыстæм гæсгæ пьесæтæ æвæрд æрцыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæйыл.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.