Мæскуыйы М. Ю. Ломоносовы номыл паддзахадон университеты ректор Виктор Садовничий

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Бар мын ратт, цæмæй дын, М.Ю. Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты коллектив æмæ мæхи номæй раарфæ кæнон, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты дæ уæлахизы тыххæй!

Мах базыдтам дæу, йæ политикон къæрцхъусдзинад æмæ куырыхондзинадæй хуссарирыстйонаг адæмы зæрдæ чи ссардта, ахæм аккаг разамонæгæй. Фидардзинад, лæджыгъæд æмæ ныфсхастдзинад æвдисгæйæ, дæуæн, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, ныфсджынæй дæ бон суыдзæн бæстæйы дард-дæры паддзахадон арæзтад, социалон-экономикон дидинæфтыд, национ æдасдзинад сфидар кæныны фæндагыл акæнын.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ дæ паддзахадон архайды æмæ дæ бæрны цы бæстæ ис, уымæн та – хæрзиу-джытæ!

 

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кусджытæ, студенттæ æмæ дын мæхи номæй арфæ кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бæрнон бынатмæ кæй бахызтæ, уый цытæн. Нæ адæм дæ бар бакодтой сæ хъысмæт, сæ бæллицтæ. Мах дызæрдыг нæ кæнæм, дæ разамынады дуг кæй бахæсдзæн йæ цытджын фæрстæ нæ университеты историмæ. Дæ къухдариуæгады фæрцы размæ цæудзысты канд ахуырад æмæ зонад нæ, фæлæ уæрæх кæндзысты нæ университеты интеграцийы процесстæ Уæрæсейы ахуырад æмæ зонады тыгъдадимæ.

Мах бузныг зæгъæм Тыбылты Леонидæн сабырдзинад æмæ размæцыды азты, афтæ ма ХИПУ-йæн йæ алывæрсыг æххуысы тыххæй.

Зæрдиагæй зæгъæм Бибылты Анатолийæн æнтысты фæндиæгтæ йæ бæрнон куысты нæ уарзон Ирыстоны хæрзиуæгæн».

 

Акционерон æхсæнад «БТК групп»-ы хъусдарæн советы сæрдар Боллоты Таймураз

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый тыххæй!

Фидарæй мæ уырны, дæ хисæрмагонд æмæ профессионалон ми-ниуджытæ дæуæн кæй ратдзысты дæ разылæууæг хæстæ аскъуыддзаг кæныны æмæ коснтруктивон политикæ рацаразыны фадат республикæйы дидинæфтыды сæраппонд.

Мæ цæст дын уарзы æвидигæ хъарутæ æмæ стыр æнтыстытæ ацы ахсджиаг куысты!

 

Финаг ирон æхсæнады уæнгтæ

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Зæрдиаг арфæтæ дын кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бартæ дæхимæ кæй райстай, уый цытæн. Фидарæй нæ уырны, дæ аудгæ разамынады фæрцы Республикæйæн йæ къухты кæй бафтдзæн стыр æнтыстытæ, дæ зонындзинæдтæ та кæй уыдзысты нæ адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæнынмæ здæхт. Мах иу уысм дæр нæ рох кæнæм нæ историон Райгуырæн бæстæйы, лæмбынæг нæ хъус дарæм Ирыстоны ног хабæрт-тæм, зæрдиагæй цин кæнæм йæ хорз ивындзинæдтыл æмæ сæ сæрыстырæй фæдзурæм нæ бирæ-нымæц хæлæрттæн.

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт! Æрæджыйы æвзæрстыты адæм дæ бар бакодтой се ‘ууæнк æмæ сæ ныфсытæ. Мах нæ хъуыды иу кæ-нæм адæмы хъуыдыимæ, æмæ дын нæ цæст уарзы фидар æнæниздзи-над, дарддæры æнтыстытæ дæ бæрнон архайды.

 

Футболы спортивон скъола «Спартак-Алани»-йы директор Джиоты Инал

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Айс мæ зæрдиаг арфæтæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цытджын бынатмæ кæй ба-хызтæ, уый тыххæй!

Фидарæй мæ уырны, дæ хъуыддагон миниуджытæ, разамонæджы хъæздыг фæлтæрддзинад, бæрзонд профессионализм æмæ сæй-раджыдæр  та – дæ хъуыддагмæ стыр уарзондзинад, кæй уыдзысты дæ архайды ахадындзинады бындур.

Нæ цæст дын уарзы, цæмæй сæххæст уой де ‘ппæт фæндтæ, профессионалон æнтыстытæ, тых æмæ уды хъаруйæ хайджын у дæ бæрзонд æмæ бæрнон бынаты.

Æппæт зæрдæйæ дын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, æнтыстытæ де ‘ппæт хъуыддæгты!

Уадз, æмæ хæрзиуджытæ, фæрныгад æмæ æнтыст уæд де ‘нувыд æмбæлццæттæ!

 

Хæсты фæцæфуæвæг инвалидтæн æххуысы фонд

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Фыццаджыдæр дын нæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ дæ паддзахадон архайды.

Дæ цардæй бирæ  азтæ ды снывонд кодтай республикæйы интерестæн лæггад кæнынæн. Бæстæйыл Президент уæвын у цытджын, фæлæ уыимæ иумæ стыр бæрнæвæ-рæг хæс. Махæн иумæ бирæ бантыст саразын, фæлæ нын нырма аразинаг дæр бирæ ис, цæмæй пад-дзахад Аланийы цæрæг адæмæн сæ къухы бафтой хуыздæр æнтыстытæ.

Хæсты фæцæфуæвæг инвалидтæн æххуысы фонд дын зæгъы стыр æнтыстыты фæндиæгтæ ацы бæрнон бынаты.

 

Фидауынгæнæг ирон батальоны хæстонтæ-ветеранты организацийы разамынд

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Фидауынгæнæг ирон баталоны хæстонтæ-ветерантæ зæрдиагæй арфæ кæнæм дæуæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый цытæн!

Мах зонæм дæу лæгæй-лæгмæ, ды лæууыдтæ не ‘мрæнхъ рæстагонæй æмæ фидарæй, æмæ нæ уымæн уырны, кæй суыдзæн дæ бон нæ номдзыд ирон адæмы кад бæрзонддæр сисын, нæ бæстæйæн рæсугъд сомбон саразын.

Нæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, иунæг Дунескæнæгæй фæдзæхст у, нæ ирон Уастырджы кæддæриддæр де ‘мбæлццон уæнт!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.