Цытджын Мелитон Резойы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ нысаниуæгджын бон – дæ райгуырды 70 азы боны цытæн.

Ды рацыдтæ егъау профессионалон фæндагыл, ссардтай дæ бынат активон æхсæнадон æмæ литературон архайды. Алыхатт дæр хъахъхъæдтай де ‘мбæстагон принциптæ æмæ идеалтыл æнувыддзинад.

Аккагæй дын кад кæнынц, куыд зынгæ поэт, прозаик æмæ æхсæнадон архайæг, афтæ. Дæ чингуытæ, кæцыты æвдыст цæуынц иумиагадæймагон, хæрзæгъдауон проблемæтæ, систы ирон литературæйы æцæг классикæ. Уыдон хъæуæг сты абоны дугæн дæр æмæ, раздæрау, æхцон-дзинад хæссынц адæмы зæрдæтæн.

Мидисджын æмæ алыварсон литературон-культурон, æхсæнадон-политикон архайды рæстæджы дæ къухтыбафтгæ æнтыстытæ сты раппæлыны аккаг. Уырны мæ, ды дарддæр дæр дæ ног уацмыстæй æхцондзинад кæй хæсдзынæ де сфæлдыстад уарзджытæн.

Цытджын Мелитон Резойы фырт, дæ циндзинад дих кæнгæйæ, дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, бирæ азты сфæлдыстадон куыст, бинонты амонд æмæ дæм царды цы плæнттæ ис, уыдон сæххæст кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

* * *

Цытджын Мелитон Резойы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ 70 азы юбилейы цытæн!

Зынгæ фыссæг, ахуыргæнæг, зонадон æмæ æхсæнадон архайæг, ды стыр хайбавæрд хæссыс ирон культурæйы кадджын традицитæ хъахъхъæнын æмæ рауæрæх кæныны хъуыддагмæ.

Бирæ азты дæргъы де ‘нтыстджын архайды фæрцы ды бакодтай бирæ иртасæн куыстытæ, сфæлдыстай диссаджы аивадон уацмыстæ, кæцыты, сæйраджыдæр, аргъ кæныс адæймаджы миддуне æмæ райгуырæн бæстæйы рæсугъддзинадæн. Уыдон чиныгкæсджытæ бауарзтой, стыр аргъ сын ис куыд Ирыстоны, афтæ уымæн æдтейæ дæр.

Куыд адæймаг, фыссæг, æмбæстаг, афтæ дæ цардвæндаг у Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын, уарзон хъуыддагыл иузæрдион уæвын æмæ удуæлдайæ фæллой кæныны цæвиттон.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, сфæлдыстадон уæлтæмæнад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар

ПУХАТЫ Эрик

***

 

ПУХАТЫ Эрик

Цытджын Мелитон Резойы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ дын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæ райгуырдыл 70 азы сæххæсты цытæн!

Ацы зæрдылдарæн бон мæ фæнды зæгъын, стыр аргъ дын кæй кæнын æмæ ирон æхсæнады дæ нысаниуæг ахсджиаг кæй у, уый. Райгуырæн бæстæйы патриот, зынгæ æхсæнадон архайæг, ды стыр хайбавæрд бахастай ирон литературæйы рæзтмæ. Дзырды стыр дæсны уæвгæйæ æмæ адæймаджы уд зонгæйæ, фæлдисыс ахæм аивадон уацмыстæ æмæ фæлгæнцтæ, кæцытæ ныр цалдæр азы дæргъы агайынц дæ чиныгкæсджыты зæрдæтæ æмæ ахъаз сты уыдоны миддуне райрæзын æмæ фæхуыздæр кæнынæн. Ды активон хайад исыс ирон æвзаг æмæ культурæйы райрæзты фарстатыл уынаффæ кæныны хъуыддаджы. Парламенты депутат уæвгæйæ, ды бирæ тыхтæ радтай нæ паддзахад сæндидзын кæныны хъуыддагæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Мелитон Резойы фырт, фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар ГАССИТЫ Петр

* * *

Нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ зæрдæбынæй арфæ кæнынц зынгæ ирон фыссæг Хъазиты Мелитонæн йæ юбилейон гуырæн боны цытæн. Ды дæ ирон адæмы разагъта минæвæрттæй сæ иу. Мах стæм де сфæлдыстадæн табугæнджытæй. Дæ æрмдзæф хицæн кæны хæдбындур стиль æмæ рæсугъд хъæздыг ирон æвзагæй. Дæ литературон уацмыстæ сты цымыдисон, ирон чиныгкæсæг сæ агуры æмæ кæсы стыр цымыдисæй æмæ райзæрдæйæ.

Нæ цытджын уарзон поэт æмæ зынаргъ адæймагæн нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, бинонты амонд æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. Уадз, бирæ азты дæргъы нын нæ зæрдæтæ рухс кæн дæ диссаджы сфæлдисгæ уацмыстæй! Бирæ азты нын æнæнизæй фæцæр!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.