Хъæууонхæдзарадон байтыдтытæн стыр зиан чи ракæны, уыдонмæ хауы колорадойаг  хъæндил дæр.

Уый иуыл стырдæр зиан хæссы картофы, томаты, цывзы æмæ æндæр ахæм байтыдтытæн. Колорадæйаг хъæндилы райгуырæн бæстæ ис Цæгат Америкæйы. Советон дуг ма куы уыдис, уæд фыццаг хатт фæзындис Беларусы республикæйы картофы тауинагимæ. Беларусæй апарахт ис æнæхъæн Советон Цæдисыл. Колорадойаг хъæндил тагъд парахат кæны, уый тæхы 40 километры дæрддзæгмæ. Æйчытæ æфтауы картофы сыфыл бынæй – вæййынц 600-800 бæрц. Рæвдуæттæй рацæуы лæппынтæ, кæцытæ уайтагъд апарахт вæййынц уæлдæр цы культурæты кой скодтам, уыдон сыфтæрты æмæ сæ хæрын райдайынц. Сыфтæртæ хæрд куы фæвæййынц, уæд ма дзы баззайынц æрмæст сæ хихтæ æмæ тыллæгæй фесæфы 90-95 проценты бæрц.

Сæ ныхмæ тох кæнынæн пайда хъæуы препарат Актара кæнæ та Би-58-æй. Байтыдтыты пырх кæнын хъæуы хъарм, æнæдымгæ бон. Хъарм боны лæп-пынтæ сыфтæртæн сæ уæллаг фарсмæ сбырынц æмæ æнцондæр вæййы сæ куынæг кæнын. Кусæн тæнгъæд цæттæ кæнын хъæуы афтæ: 10 литр доныл ныккæнын хъæуы 3 граммы Актара, Би-58 та – 20 граммы 10 литр доныл.

Маргхимикаттимæ чи архайа, ууыл хъуамæ уа сæрмагонд дарæс. Куысты рæстæджы нæй тамако дымæн, дон нуазæн кæнæ хæринаг хæрæн. Куысты фæстæ хи ныхсын хъæуы хъарм дон æмæ  сапонæй. Кусæн дзаумæтты дæр хъæуы уайтагъд ныхсын.

ТОХЪМАЙТЫ Хъазбег,

Агроном

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.