Зæрдиагæй уын арфæ кæнын сæрды фыццаг æмæ иууыл сæйрагдæр бæрæгбон  Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны сæраппонд!

Сывæллæттæ сты нæ ныфс æмæ, аргъ кæмæн нæй, ахæм капитал. Сывæллæтты бæрæгбон æнæхъуаджы не ‘рхауы сæрдыгон улæфтыты райдианмæ. Разæй сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсы бирæ ирд цаутæ, фембæлдтытæ æмæ зонындзинæдтæ. Мах, хистæртæ, ацы нысаниуæгджын бон ноджы иу хатт хъуамæ ахъуыды кæнæм – цымæ æппæт дæр сарæзтам рæзгæ фæлтæрæн, уымæн æмæ сывæллæтты хъахъхъæнын у нæ республи-кæйы алы чысыл æмбæстаджы физикон æмæ монон æнæниздзинадыл аудын.

Бæстæйы къухдариуæгад тырны æппæт дæр саразынмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны сывæл-лæттæн сæ бон уа се сфæлдыстадон æмæ интеллектуалон потенциал реализаци кæнын, цæмæй уыдон хъомыл кæной æнæниз æмæ амондджынæй, ахуыргонд æмæ монон æгъдауæй размæдзыдæй. Фæлæ, не ‘хсæнад цыфæнды тыхтæ куы хардз кæна, цæмæй сывæллоны цард уа хъæлдзæг æмæ æнæмæт, уæддæр йæ хъысмæты тыххæй иууыл стырдæр бæрндзинад ис йæ ныййарджытыл.

Нæ республикæйы сывæллæттæм сидгæйæ, мæн фæнды, цæмæй сын сæрд уа пайдайаг.  Уымæн æмæ сын разæй ис сæрдыгон улæфтытæ –  æнæмæт улæфтыты, цымыдисон цауты, ног зонындзинæдты рæстæг.

Ацы бæрæгбон айсут æнæниздзинады æмæ бинонты хæрзиуæгон царды фæндиæгтæ. Уадз, нæ сывæллæтты цæсгæмттыл хъазæд мидбылхудт, сæ цæстытæ та хъæлдзæг æмæ амондджын æрттывд кæнæт. Æппæт сывæллæттæн дæр мæ зæрдæ зæгъы хорз сæрдыгон улæфтытæ, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр æвæрццаг эмоциты райст, кæй зæгъын æй хъæуы, ссарæт ног хæлæрттæ!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.