Зынаргъ сылгоймæгтæ!

Арфæ уын кæнын Сылгоймæгты дунеон бон – 8 марты цытæн!

Уый у тынг рæсугъд уалдзыгон бæрæгбон, кæцы нын дæтты сылгоймæгтæн – нæ цардæмбæлттæн, мæдтæн, нанатæн, хотæн, чызджытæн, коллегæтæн æмæ хæлæрттæн æнкъарæнтæ нæ уарзондзинады æмæ кады ныхæстæ зæгъыны фадат!

Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæ нæ дисы æппарынц. Зын рæстæджыты сымах махæн, нæлгоймæгтæн, равдыстат хъæддыхдзинад, хъæбатырдзинад æмæ æнæфæцудгæ фæндоны цæвиттон. Абон сымахæн уе ‘мбæстагон позици, активондзинад æмæ бæрзонд хæрзæгъдаудзинады руаджы  арæзт цæуы цард, рæзы республикæ. Алы хæдзар дæр сымах дзаг кæнут амонд æмæ хъармæй. Бузныг уын уый тыххæй!

Зынаргъ сылгоймæгтæ!

Нæ бузныджы ныхæстæ æмæ хъусдард æрмæст ацы боныл ма хъуамæ фæуой. Мах æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй уæ цард уа рæсугъд, цæмæй сымах уа фидæны ныфс, алы хатт дæр æнкъарат не ‘ххуыс, нæ рæвдыд æмæ нæ уарзондзинад.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, амонд, рæсугъд-дзинад, циндзинад, фæрныгад æмæ сабырад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

 

***

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевы цардæмбалæн раарфæ кодта Сылгоймæгты дунеон боны цытæн

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Светлана Владимиры чызг!

Зæрдиагæй дын арфæ кæнын Сылгоймæгты дунеон бон – 8 марты цытæн.

Æппæт рæстæджыты сылгоймаг уыд æмæ у рæсугъд-дзинады, уарзæгойдзинады, фæлмæнзæрдæдзинады символ. Ацы бæрæгбоны дæр уымæн нысан кæнынц уалдзæджы фыццаг бонты. Сымах, сылгоймæгтæ, дунейы кæнут хуыздæр, лæвар кæнут цард, хъомыл кæнут сывæллæтты.

Уалдзæджы æрбалæуды æмæ æрдзы райхъал кæныны символ чи у, уыцы бæрæгбоны дын, цытджын Светлана Владимиры чызг, мæ цæст уарзы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ уалдзыгон зæрдæйы уаг. Уадз æмæ дæ бæллицтæ сæххæст уæт, дæ цард та йедзаг уæт цинхæссæг æмæ ирд хабæрттæй».

***

8 марты цытæн ма Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргъ-лæууæг раарфæ кодта РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы цардæмбал Битарты Маринайæн, Республикæ Абхазы Президенты цардæмбал Саид Кучуберияйæн, Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæджы цардæмбал Наталья Пасечникæн, Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæджы цардæмбал Елена Пушилинæн, Донецкы Адæмон Республикæйы экс-сæргълæууæджы цардæмбал Наталья Захарченкойæн, Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Наталья Нико-норовайæн, УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойæн, УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Татьяна Голиковайæн, Республикæ Сербийы Президент Жельк Цвияновичæн, Сириаг Арабаг Республикæйы Президенты цардæмбал Асма Асадæн.

***

Хуссар Ирыстоны зынаргъ сылгоймæгтæ – мæдтæ, цардæмбæлттæ æмæ хотæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Сылгоймæгты дунеон бон – 8 марты – уалдзæджы, сымах нын цы рæсугъддзинады æмæ уарзондзинад лæвар кæнут, уыцы бæрæгбоны цытæн!

Адæймагад прогрессы цахæмфæнды бæрзæндмæ ма схиза, уæддæр мады рæвдыд æмæ сылгоймаджы къухты аудындзинадæн сæ аргъ никуы æрныллæг уыдзæн.

Сымах дунейы кæнут ирддæр, нæ удтæ нын хъарм кæнут. Æгæрон быхсындзинад уæм кæй ис, дунейы зæрдæмæ-дзæугæдæр, хæрзвадатдæр кæй кæнут, уый руаджы махæн нæ бон свæййы зындзинæдтыл фæтых уæвын.

Бирæ паддзахадон организациты растдæр сылгоймæгтæ вæййынц коллективты сæйраг тых. Сымах стыр хайбавæрд хæссут нæ республикæйы рæзтмæ, уыимæ иумæ стут рæсугъд, быхсаг æмæ зондджын, æнувыд æмæ уарзæгой, хæдзары къона хъахъхъæнæг.

Бузныг уын, нæ зынæргътæ, уæ куыст, уæ рæвдыды тыххæй. Амондджын ут! Уадз, кæддæриддæр æнкъарут уæ нæлгоймæгты æххуыс, уæ сывæллæттæ уын уæ зæрдæтæ рухс кæнæт. Фидар æнæниздзинад, бинонты фæрныгад, æнтыстытæ уæ хъуыддæгты!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

***

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раафæ кодта УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевы цардæмбал Светлана Медведева-йæн Сылгоймæгты дунеон боны цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Светлана Владимиры чызг! Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Сылгоймæгты дунеон бон – 8 марты цытæн. Ацы диссаджы уалдзыгон бæрæгбон у сылгоймаджы рæсугъддзинад, хæларзæрдæдзинады символ. Уый у ирд æмæ  хъæлдзæг æнкъарæнтæй йедзаг. Уадз æмæ дæ царды уæт бирæ ахæм ирд бонтæ.

Зæрдæбынæй дын мæ цæст царзы, цæмæй дын ацы диссаджы уалдзыгон бæрæгбон балæвар кæна хорз зæрдæйы уаг æмæ бирæ амондджын бонтæ.

Уадз æмæ уæ хæдзары кæддæриддæр уæт уарзондзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад, уæ хъуыддæгтæ та æнтыстджынæ цы уой!»

 

***

 

Зынаргъ сылгоймæгтæ – нæ мæдтæ, нæ хотæ, нæ чызджытæ, нæ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæр-магондæй мæхи номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын Сылгоймæгты дунеон боны цытæн!

8 март у цинхæссæг уалдзыгон бæрæгбон, кæцы нæ хъарм кæны уæ мидбылхудтæй, уæ зæрдæты хъарм æмæ рæсугъддзинадæй.

Сылгоймаг у хæларзæрдæ æмæ уды хъармдзинады, зондджындзинады æмæ быхсындзинады, гармони æмæ хæрзаудындзинады символ. Уый йе ‘ввахс хиуæттæн лæвар кæны рæвдыд, у хæдзары къона хъармгæнæг, хъомыл кæны æмæ бæллæхтæй хъахъхъæны йæ сывæллæтты, æвзæрын сæм кæны бинонтæм æмæ Райгуырæн зæхмæ уарзондзинады æмæ цыты æнкъарæнтæ. Уыимæ иумæ нæ сылгоймæгтæн сæ бон у кусын æмæ активон хайад исынц республикæйы æхсæнадон царды алы фадгуыты, йæ рæзтмæ иттæг стыр хайбавæрд хæсгæйæ.

Зынаргъ сылгоймæгтæ! Æппæт нæлгоймæгты номæй уын бузныг зæгъын хъармдзинад, ныфсдзинад, æмбарындзинад æмæ фарсхæцынады тыххæй. Ацы уалдзыгон бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, амонд, уарзондзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад. Уадз æмæ уæ бинонты ‘хсæн уæт æмуддзинад, алы бон дæр йедзаг уæт уæ хиуæтты æмæ уæ бинонты хъусдардæй, уæ цард та уæт ирд æмæ цинхæссæг хабæрттæй йедзаг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.