Зынаргъ сывæллæттæ, цытджын хистæртæ.

Хорз традици у, сæрдыгон улæфтыты райдианы кæй нысан кæнæм  Сывæллæтты хъахъхъæныны бон. Сабийы бонтæ сты зæрдылдаринаг рæстæг, ахуыры азты æмæ стыр кæныны хъæлдзæг рæстæг. Сывæллæтты абоны æмæ сомбоны тыххæй бæрндзинад, фыццаджыдæр, хæссынц сæ ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ. Æмæ махæн, хистæртæн, ацы бон нæ зæрдыл дарын кæны, сывæллæтты кæй хъæуы, цæмæй сæ хъахъхъæнæм æмæ сыл аудæм.

Алы сывæллонæн дæр аудын, йæ бартæ, цард, æнæниздзинад ын хъахъхъæнын, æххæстæй рæзын æмæ хъæлдзæг сабидугæн уавæртæ аразын сты нæ архайды иууыл приоритетондæр здæхтытæй сæ иу.

Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуы иумæйаг ахуырады системæ фæхуыздæр кæныны, сывæллæтты æнæниздзинад сфидар кæнын æмæ бахъахъхъæнын, сæрдыгон улæфтытæ сорганизаци кæнын, курдиатджын сывæллæттæн æххуыс кæнын, физикон культурæ æмæ спорт райрæзын кæныны фæдыл куыст. Ахуыры гъæд ифтонг кæнын æмæ чысылæй фæстæмæ хъомылады эффективон модель саразыныл, баст у Ирыстоны сомбон. Нæ сывæллæттæ сты зондджын, курдиатджын, æнтыстджын æмæ рæсугъд, æмæ мах сæрыстыр стæм уыдонæй.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Уадз æмæ царды   кæддæриддæр кæнут худгæ, уарзондзинад æмæ хъармдзинадæй хайджын ут. Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, сабырад, уæ бæллицтæ цы сæххæст уой, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.