Æрвылаз дæр Хетæгкаты Къостайы гуырæнбоны традицион ссис йæ номыл декадæ «Къостайы фæдонтæ» кæнын. Декадæйы фæлгæтты сбæрæг кæнынц, уыцы аз нæ фысджытæй кæй юбилейтæ вæййынц, уыдоны бæрæгбонтæ.

Ацы аз та «Къостайы фæдонтæ» декадæйы фæлгæтты сбæрæг кодтой Хъайтыхъты Азæмæтыл 100 азы сæххæсты бæрæгбон. Æрæджы Дзæуджыхъæуы Фæсивæды библиотекæмæ æрбамбырд сты скъолаты ахуырдзаутæ, ахуыргæнджытæ, артисттæ, организатортæ. Ирон æгъдауимæ æрбацыдысты Хъайтыхъты мыггаджы минæвæрттæ – зындгонд æхсæнадон архайджытæ Хъайтыхъты Бола, Чермен, Риммæ, Тамарæ, Азæмæты чызг Любæ… Бафиппайын хъæуы уый æмæ дзы ацы аз, Дзæуджыхъæуы скъолатæй дарддæр, архайдтой Джызæлы скъола-интернат æмæ Суворовы ахуыргæнæндоны ахуырдзаутæ.

Мадзалы организатор, поэт Хадыхъаты Фатимæ куыд загъта, афтæмæй ацы декадæ бæрæггонд цæуы 2006 азæй фæстæмæ. «Фæбæрæг æй кæнæм литературон-аивадон декадæйæ. Къостайæн йæ юбилейон азты йæхи æнæмæлгæ сфæлдыстадæй скæнæм ацы мадзал, иннæ азты та йæ фæдонты æвидигæ сфæлдыстад рахæссæм ацы æркастытæм, кæцыйы фæархайынц Дзæуджыхъæуы бирæ скъолатæ. Æвддæс азы дæргъы сбæрæг кодтам Малиты Георги æмæ Васойы, Нигеры, Секъайы, Æрнигоны, Нафийы, Плиты Грисы, Шамилы, Цæрукъаты Алыксандр æмæ æндæрты юбилейтæ. Абон та æрæмбырд стæм Къостайыл 164 азы сæххæсты кадæн, декадæйы фæлгæтты Хъайтыхъты Азæмæты ном ссарынмæ. Зæды хуызæн, курдиатджын фыссæг, ирон фарнхæссæг Азæмæт махæн ныууагъта диссаджы дзаджджын хуынтæ æмæ рох нæ уыдзæн ирон адæмæй». – банысан кодта Фатимæ.

Скъоладзаутæ аив кастысты Азæмæты уацмыстæй скъуыддзæгтæ, æвдыстой инсценировкæтæ.

Декадæ-æркасты уæлахиздзаутæн лæвæрдтой фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг къæпхæны дипломтæ Ахуырады управленийы номæй.

Мыггаджы номæй мадзалы архайджытæн зæрдæбын арфæ ракодтой сæ советы сæрдар Хъайтыхъты Бола æмæ Риммæ. Уыдон сæхи номæй Арфæйы гæххæттытæ радтой, ацы мадзал чи ‘рхъуыды кодта æмæ жюрийы чи бадти, уыцы организатортæ Хадыхъаты Фатимæ, Хъайтыхъты Риммæ æмæ Дзиццойты Жаннæйæн.

Ныртæккæ ирон æвзаг цы уавæры ис, уый амонын никæмæн хъæуы. Æмæ йæ рæзтыл зæрдæйæ чи тыхсы, йæ бавæрæн æм чи хæссы, уыдон арфæйаг хъуыддаг аразынц æмæ арфæгонд уæнт. Ахæм бæрæгбонтæй кæстæр фæлтæры зæрдæты гуырынц мадæлон æвзагмæ уарзты æнкъарæнтæ.

                                                                Нæ  уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.