Хъодалаты Герсаны райгуырдыл сæххæст 85 азы

11-æм октябры Æвзæнгты республикон библиотекæйы уагъд æрцыд поэтикон изæр зынгæ ирон поэт, публицист æмæ тæлмацгæнæг, журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор, Къостайы номыл паддзахадон преми, Национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат, РХИ-йы Кады ордены кавалер Хъодалаты Герсаны 85-азы райгуырæн боны цытæн. Уымæн йæ райгуырдыл 15-æм октябры сæххæст 85 азы. Æвæццæгæн,15-æм октябры кæй райгуырд, Къостайы фарнæй хайджын дæр уымæн уыд.

Мадзалмæ æрбацыдысты поэты цардæмбал, фыссæг Наниты Асиат, философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста, журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор Годжыцаты Нелли, журналы бæрнон нымæрдар Остъаты Алан, поэзийы хайады сæргълæууæг Туаты Ленæ, корректор Гаглойты Мадинæ, Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы 10-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæйы сæргълæудæй, афтæ ма æндæр уазджытæ.

Библиотекæйы директор Дриаты Нателæ райдианы загъта: «Нæ библиотекæйæн традицион ссис зынгæ фысджыты, гоймæгты райгуырæн бонтæ нысан кæнын. Абон та арæм зынгæ поэт Хъодалаты Герсаны рухс ном. Уый йæ фæстæ ныууагъта хъæздыг сфæлдыстад æмæ ирд фæд. Йæ курдиат уыд алывæрсыг, фæлæ фыццаджыдæр уыд поэт. Фыста тынг зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ. Йæ рагфыст æмдзæвгæтæй иу – «Гыцци» у йæ мады тыххæй фыст. Ацы æмдзæвгæ кæсгæйæ, зæрдæ суынгæг вæййы, кæуындзæг хъуырмæ схæццæ вæййы. Цæстытыл ауайы сидзæры уæззау цард.  Æвæццæгæн, ацы рæнхъытæ алчидæр зоны. «Гыцци, сбон та… Фæлæ уынджы Ды нæ зыныс райсом раджы… Хъуг нæма сахуыр дæ чындзыл Æмæ йын æхсыр нæ уадзы. Райс дæ сасир, Гыцци, фердæх, Пец ыстæвди… Арт ысхъауын… Æви дæ бынтондæр ферох, Мæн дæ армæйдзаг кæй хъæуы?.. Де суинаг сидзæр ысхъомыл, Чиныгимæ дæр фæхæлар, Фæлæ скъоламæ нæ комы, – У æмпъузинаг йæ хæлаф… Гыцци, сбон та… Гыцци, сбон та…».  Сидзæр хъарæгау кæны йæ мадыл.

Ацы æмдзæвгæ поэт ныффыста 1964 азы. Мады уарзондзинады тыххæй ирон поэзийы бирæ аивфыст æмдзæвгæтæ ис, фæлæ ацы æмдзæвгæ йæ эмоцион мидисæй дæр, стæй йæ аив æмæ бæрзонд хуымæтæгдзинадæй дæр у сæ хуыздæртæй иу», – дзырдта Дриаты чызг.

 «Герсан бирæ азты дæргъы фæкуыста журнал «Фидиуæг»-ы редакторæй. Йæ поэзи у лирикон. Йæ Райгуырæн бæстæйæн дзы ис сæрмагонд бынат. Æвдыст дзы цæуы Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзт. Поэтæй цыдæриддæр цæуы, уый æнкъары, зæрдæйæ риссы. Æнæхъæн истори равдисы иу рæнхъы. Йæ ныхæстæ фатау зæрдæйыл æмбæлынц. Гуырдзиаг-ирон хæстыл ныффыста æмдзæвгæ «Нæмыг», ис дзы ахæм рæнхъытæ: «Мæ рудзынг – цæф, нырхæндæг и, ныхъхъус, – Сæртхуынкъ фыдгулы нæмыгæй фæци. Мæнæн мæ риумæ не ссардта фæндаг, Йæ фехсæгау куырм разынди, цæстхауд».

Герсан тынг маст кодта, дыууæ Иры дих кæй сты, ууыл. Уый фæдыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй иу у «Цардивæн»: «Раздæрау – дыууæ дихы Ирыстон, Хъаматау йæ риуы хæхтæ – сагъд. ‘Вдадзы хос нæма зыны йæ рыстæн, Ничи кæны йе ссарыныл тагъд».

Герсаны сфæлдыстад хъæздыг у алыгъуызон темæтыл фыст æмдзæвгæтæй, – дзырдта йæ раныхасы Годжыцаты Нелли. Уыцы бон скъоладзаутæ кастысты Герсаны æмдзæвгæтæ, куыд, зæгъæм, «Дыууадæсæй иумæ» (Ереды трагедийыл фыст), «Къоста», «Ирон дзырд», «Ныстуан» æмæ бирæ æндæртæ. Æмдзæвгæ «Ирыстон» тынг хорз бакаст Остъаты Олеся.

Остъаты Алан дæр зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загъта Хъодалаты Герсаны тыххæй.  «Герсаны ингæны куы ауагътой, уæд ахъуыды кодтон, зæгъын, куыд амондджын дæн, йемæ зонгæ кæй уыдтæн, уымæй. Уæззау рæстæджыты журналы мæлын нæ бауагъта. Герсан фæндзай азæй фылдæр йе сфæлдыстадон хъæздыг æмæ бирæвæрсыг курдиатæй лæггад кодта нæ дзыллæйæн, цæстуарзонæй аудыдта, литературæйы нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыцы фæсивæдыл. Арæх-иу дзырдта, зæгъгæ, мах дæр, дам, Гафезитæ афтæ рæвдыдтой æмæ уыцы рæвдыд мах дæр хъуамæ адæттæм нæ кæстæртæм. Хъодалайы фырт уыд нывгæнæг дæр. Журналы æддаг цъарæн-иу арæх сарæзта нывтæ. Уыд хорз поэт дæр æмæ хорз адæймаг дæр. Ахæмтæ стæмтæ вæййынц. Æмдзæвгæтæ фыссын уый хуызæн ничи зыдта фæстаг дуджы, фæстаг 30 азы. Арæх ма-иу дзырдта, зæгъгæ, ирон литературæмæ æртæ хъуыдыйады дæр чи бахæсса, уыдонмæ-иу æркæсут. Уæд та, дам, сæ сомбоны цахæм фысджытæ рацæуа. Куынæ сæ æрбаввахс кæнон, уæд, дам Хъодалаты Герсан ницы фесафдзæн, фæлæ ирон адæм, ирон литературæ фесафдзæн. Абон дæр нæм æвзонг адæймаг куы æрбацæуы, уæд ыл бацин кæнæм, курдиаты тæфаг кæмæ рахатæм, ууыл нæхи никуы атигъ кæнæм. Уымæн æмæ нын Герсан ахæм фæдзæхст ныууагъта», – радзырдта Остъаты Алан.

Дзугаты Къоста банысан кодта: «Герсан уыд æхсæнадон архайæг дæр. Уыд Парламенты депутат. Йæ фæстаг æмдзæвгæты чиныг мын балæвар кодта. Иу æмдзæвгæ дзы уыд мæ фыд Георгийыл фыст æмæ мын уый уæлдай æхсызгондæр уыд. Арæх-иу ныхас кодтам политикæйыл дæр. Йемæ алы темæйыл дæр ныхасгæнæн уыд. Стыр курдиаты хицау уыд».

Наниты Асиат бузныг загъта поэтикон изæры организатортæн. «Абон ам ис, Герсан цахæм уарзта, ахæм сабыр æмæ хъарм уавæр. Кæд мæрдты бæсты исты ис, уæд ын тынг æхсызгон уыдзæн. Мæ цардæмбал хъæздыг сфæлдыстад ныууагъта йæ фæстæ. Йе ‘мдзæвгæтæ-иу куы средакци кодта, уæд сæ ногæй рафыссын нæ уарзта æмæ-иу ын сæ мæхæдæг рафыстон. Уымæ гæсгæ йæ архивы бирæ ис мæ къухæй фыст æмдзæвгæтæ. Бирæ йын бантыст бакусын. Иу чиныг ма йын баззад æмæ йын æй йæ 40 бонмæ бацæттæ кодтон æмæ уый дæр æввахс рæстæджы мыхуыры рацæудзæн. Йе ‘нусон бæстæм зæрдæхсайгæйæ бацыд, дыууæ Иры дих кæй сты æмæ Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй. Стыр бузныг уæ лæггадæй», – загъта Наниты чызг.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хъодалаты Герсаны райгуырдыл 85 азы сæххæсты цытæн библиотекæйы кусджытæ кæй бацæттæ кодтой сæрмагонд къуым дæр. Уым æвæрд æрцыдысты Герсаны къам, йæ чингуытæ, йе ‘мдзæвгæтæй, бинонты архивæй ист къамтæ, поэтæн йæхиуыл фыст уацтæ. Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæ байхъуыстой Герсаны уарзон – Дриаты Антоны зарæгмæ. Уый фæстæ иумæ систой къам.

                             ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.