Нæ чысыл Ирыстон рагæй фæстæмæ хъæздыг у йæ хъæбатыртæй, йæ ахуыргæндтæй, культурæйы, аивады, литературæйы зиууонтæй. Кæд бирæ не стæм, уæддæр нын царды алы къабазы ном чи скодта, уыдон бирæ сты.

Уыдонæй иу у зындгонд прозаик æмæ поэт Хуыгаты Сергей дæр. Адæмæн уарзон фыссæг æмæ адæймаг – Сергей литературæйы къæбицмæ уыййас хуынтæ бахаста æмæ сыл æнæкæрон бирæ дзурæн ис.

Ууыл уыд сæ ныхас 17-æм майы Центрон библиотекæйы цы адæм æрбацыд, уыдонæн. Фыссæджы 90 азы юбилеймæ æрбацыдысты сфæлдыстадон кусджытæ, æхсæнадон архайджытæ, студенттæ, скъоладзаутæ, йæ чиныгкæсджытæ, Хуыгаты бæзджын мыггаджы минæвæрттæ.

Кадджын мадзал байгом кодта изæры организатор, библиотекæйы хайады сæргълæууæг Дзугаты-Мурасты Риммæ æмæ цыбырæй радзырдта Сергейы цард æмæ сфæлдыстадыл. «Сергей у, мæнæ уырыссагау куыд фæзæгъынц, «Народное достояние», зæгъгæ, уыдонæй. Уыдон та сты иугай адæймæгтæ. Сергейы хуызæн цæстуарзон, æнæхин адæймæгтæ бирæ нæй. Йæ уацмыстæ дæр сты ахæм æвзагæй фыст, кæцы никæимæ иу кæны. Чиныгкæсæджы зæрдæмæ фæндаг раджы ссардтой. Стыр бузныг зæгъын мыхуыры кусджытæн дæр, йæ юбилеймæ йæ номыл бирæ æрмæджытæ кæй рауагътой, уый тыххæй».

Уый фæстæ библиотекæйы номæй æртæ чъири æмæ бæгæныйы кæхцæй юбилярæн скуывта ирон театры актер Цæриаты Валери.

Хуыгайы фыртæн фыццаджыдæр арфæ ракодтой, æнусы æмбис кæм фæкуыста, «Ир»-ы уыцы раугъдады кусджытæ. Æнæхъæн коллектив – сæ сæргъ сæ директор Боцуаты Алан æмæ сæйраг редактор Быгъуылты Мæдинæ, афтæмæй зæрдиаг фæндиæгтæ загътой юбилярæн æмæ йын радтой зæрдылдарæн лæвар, æмæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймуразы номæй грамотæ.

Тарскъæйы хъæубæсты минæвæрттæ æмæ скъолайы ахуырдзаутæ сæ зындгонд хъæуккагæн арфæ ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ цалдæр зарæгæй. Сергей кæд Хуссар Ирыстоны райгуырд, уæддæр дæсаздзыдæй фæстæмæ схъомыл Тарскъæйы хъæуы.

«Æппындæр курдиаты тæваг кæмæ нæй, уыдон дæр сæ риутæ хойынц, æппæлынц сæхицæй, цыма генитæ сты, уыйау, бырсынц цæдисмæ. Фæлæ Сергей уыдонæй нæу. Ныггуыбыр кодта æмæ кусы æнæ уæлдай ныхæстæй. Æнтысгæ дæр ын уымæн бирæ бакодта. Уыимæ баззад уыцы хуымæтæг æмæ зæрдæхæларæй. Дæ къухы ма бирæ бафтæд æмæ нын сæдæ азы сæрæй ахиз», – загъта Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн.

Ахуыргонд Цыбырты Людвиг Сергейы сфæлдыстадæй сæйрагдæрыл æрлæууыд йæ роман «Нарты Фарнæг»-ыл. «Сергей ацы роман йеддæмæ куы ницы ныффыстаид, уæддæр ирон литературæйы историйы йæ ном баззадаид. Уый фольклоры жанры ахæм хорз уацмыс снывæзта æмæ нæ фыдæлты цард нæ цæсты раз сысты. Æрмæст уый тыххæй дæр ын мæ сæрæй ныллæг кувын. Арфæйаг хъуыддаг сарæзта йæ фырт, филологон зонæдты доктор, фыссæг Хуыгаты Ирлан дæр, ацы уацмыс уырыссаг æвзагмæ кæй ратæлмац кодта æмæ ма дзы пьесæйы вариант дæр кæй сарæзта, уый тыххæй».

Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитоны номæй фыссæгæн арфæ ракодта поэт Кокайты Тотрадз.

Хуыгайы фырты сфæлдыстады тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой фыссæг Дзасохты Музафер, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксана, ЦИПУ-йы ирон факультеты декан Гуыриаты Эльвирæ, æхсæнадон архайæг Гуылæрты Барис, поэттæ Мамыкъаты Хъазыбег, Къадзаты Станислав, Цхуырбаты Сергей, Будайты Милуся æмæ иннæтæ. «Мах дуг»-ы кусджытæ ма æрбахастой, уыцы бон чи рацыд, уыцы журналы сæрмагонд номыр Сергейы тыххæй, стæй грамотæ æмæ зæрдылдарæн лæвар.

Ветеранты советы номæй юбилярыл майдан «Хæсты сывæллæттæ» бакодта йæ сæрдар Ла-лыты Левæ. Уымæй дарддæр, юбиляры номыл æрбацыд бирæ Арфæйы гæххæттытæ, диплом-тæ, лæвæрттæ республикæйы алы рæттæй.

Стыр кад скодтой сæ зындгонд æрвадæн Хуыгаты кадджын мыггаг. Мыггаджы номæй Сергейæн, стæй изæры архайджытæн зæрдæбын арфæ ракодта мыггаджы советы сæрдар Хуыгаты Спартак æмæ юбилярæн бакодтой зынаргъ лæвæрттæ. Уæдæ йын рестораны æртæ чъирийæ дæр Хуыгаты лæппуты хъæппæрисæй акуывтой.

Изæры сæ аивад равдыстой зарæггæнджытæ Хуыгаты Ибрагим, Персаты Тамарæ, Къуындыхаты Мурат, Сывæллæтты сфæлдыстадон эстетикон къорд æмæ иннæтæ.

Кадджын мадзалмæ чи æрбацыд æмæ йын ахæм кад чи скодта, уыдонæн зæрдæбын бузныг загъта Сергей æмæ бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ Къостайы тыххæй.

Хуыгаты Сергейы хуызæттæ канд курдиатджын фысджытæ æмæ мыггаджы лæгтæ не сты, фæлæ сты нацийы кад æмæ фарн. Йæхæдæг æнæхъæн дуг у, зæгъгæ, ахæмтæй фæзæгъынц. Сергей бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста. Цалынмæ ирон къахылцæуæг æмæ дзыхæйдзурæг уа зæххыл, уæдмæ цæрдзысты, фыссæг цы дзаджджын хуынтæ бахаста прозæ æмæ поэзийæ литературæмæ, уыдон: «Нарты Фарнæг», «Къостайы хæдзар», «Сæнæфсиры цупæлттæ», «Хуры рæгъ», «Гъе, уый дын Хепа», «Хонгæ цагъд», «Зарæг баззадис мемæ», «Æхсырласæг» «Хурвæндаг» æмæ бирæ æндæр уацмыстæ. Хъазиты Мелитон аккаг аргъ скодта Хуыгайы фырты сфæлдыстадæн æмæ хицæн чиныгæй рауагъта публицистон уацты æмбырдгонд «Хурмæ тырнгæйæ», зæгъгæ.

Ацы бонты курдиатджын фыссæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Адæмон поэт, майдан «Во Славу Осетии»-йы кавалер Хуыгаты Сергейыл сæххæст 90 азы. Уый куырыхон кар у, фæлæ фыссæг йæ сис нæма æрæвæрдта. Йæ зæрды ис литературæмæ радон хуынтæ бахæссын æмæ ма йын бирæ бантысæд. Фыссæг цинтæ дæр æмæ мæстытæ дæр бирæ федта, фæлæ нырма йæ хæстæ бирæ сты, йе сфæлдыстадон хъомыс тыхджын у. Йæхи загъдау:

Уæдæ лæгыл цы бирæ хæстæ ис, –

Мæнмæ сæ иу уæлдай зындæр фæзыны:

Кæм фæриссай, уым ма схъæр кæн дæ рис,

Зын дын кæм уа, уым ма басæтт дæ зыныл.

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

 

 

———————————————————-

ХУЫГАТЫ  Сергей

 

ИУ КЪОНА

Зæрдæ алырдæм куы ахсайы, –

Уо тыхст зæрдæйы хатт!

Ныр мæ райгуырæн Къуайсайы

Ис æндæр паддзахад.

 

Ир фæдыууæ и, раст цыма

Зæрдæ ʻхсаргардæй – дзæхст.

Зæрдæ адих уæд, уадз æмæ-

Ир уæд иумæ – æмхæст.

 

Иу арт, иу дуар, иу дзуар

Æмæ иу кувæг лæг,

Стæй нæ кувинаг иу цы уа,

Иу – нæ уырдыглæууæг.

 

Мах нæ цыдыстæм быдырты,

Уыд нæ фезмæлд лæсæн.

Ам нæ цагъдуæлдай удыртау

Бацард хæхты æхсæн.

Ныр нæ иу къона, иу фæздæг

Сты сæ астæуыл дих,

Æмæ зæрдæсæр уый мæстæй

Хойы алыбон их.

 

Уæд дыууæ хайыл иу удæй

Ир цæмæн у тыхлыг?!

Иу судзаг æмæ иу дудаг –

Иу æнæрцæугæ хъыг!

 

Къуайсайы дзуар, баххуыс кæн

Иры хæхты сæрæй.

Ацы дунейыл мах хуызæн

Иу æххуысхъуаг нæй.

Ир æгасæй цы нызмæла –

Хуссар æмæ цæгат,

Æмæ Иры цы равзæра

Иу ирон паддзахад!

 

ХÆХТЫ

Ам цы урс хъæутæ сарæзта

Дард быдыртæй лыгъд лæг –

Нарты æртæ мыдамæзтау

Тавиц æмæ сыгъдæг.

 

Ам æндидзыдта Ир-уæзæг

Сау мангъолы цæфæй,

Ам – нæ фыдæлты ирвæзæн,

Ам – сæ сæр фæцæвæн.

 

Ам æфсарм уыд сæ æмдзæрин,

Ам æгъдау уыд сæ гакк.

Ам йæ исбон – йæ сызгъæрин

Уыд сыхагæн сыхаг.

Удæн адджын ирон фæздæг

Ам куы скалди кæддæр –

Цыма ратылд мыды фæзгъæр

Хæхтыл – мыды фæзгъæр!

 

Ир цы фыдтæн ныффæрæзта –

Карды комыл фæцыд,

Ир, мæ Ирæн йæ сæр астæу

Мин куыройы фæзылд.

 

Ир цы мæсгуытæ самадта –

Хæхтыл нал баззад рындз, –

Рагон сауарæзт хъаматау

Арвмæ хъилæй лæууынц.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.