Уыцы хъуыдымæ æрцæуы, зындгонд меценат æмæ æхсæнадон архайæг Лалыты Левæйы чи базоны, уый. Левæйы хъысмæтыл, йæ цард æмæ йæ хорз хъуыддæгтыл бирæ дзурæн ис, æмæ сыл дзургæ дæр кæнынц. Йæ хæрзаудæн архайдыл фыст æрцыд роман «Мæлæтæй тыхджындæр», дæсгай уацхъуыдтæ, радзырдтæ, мысинæгтæ…

Левæйы трагикон хъысмæт, æвæццæгæн, чи нæ зоны, ахæмтæ бирæ нæй. Цардбæллон æмæ амондджын уыд кæддæр æрыгон лæппу. Хорз бинонтæ, уарзон куыст, цардæй ницæмæй хъаст кодта. Къорд азы бакуыста, раздæр йæхæдæг кæм ахуыр кодта, уыцы училищейы мастерæй. Адæмæн куысты бынæттæй баххуыс кæныны нысанæн хуыйджыты цехтæ бакодта Майрæмададжы, Тарскæйы, Чермены. Лалыйы фыртæн алы куысты дæр хорз æнтыстытæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ æрбакодтой хуыйджыты паддзахадон куыстуат «Березкæ»-мæ директорæй. Уый уыд тынг æдзæллаг уавæры, фæлæ йæ Левæ цыбыр рæстæгмæ ракодта раззагдæрты æмрæнхъ. Нæ уыд æрынцой куыстуарзаг лæппуйæн. Фæлæ… уыцы æнамонд бон 1992 азы. Левæ йæ шофыримæ Беслæнмæ цыдæр хъуыддæгты фæдыл ацыд. Æфсæнвæндагыл цæхгæрмæ хизгæйæ сæ поезд æрбаййæфта æмæ машинæйы йæ быны аууæрста. Шофырæн ницы уыд, фæлæ Левæйы къæхтыл поезд атылд æмæ æмбисæй бынмæ ахаудтой. Уый фæстæ рынчындæттæ, уæззау операцитæ. Лæппу, зæгъæн ис, хæдоны райгуырд, хорз дохтырты руаджы тыххæй фервæзти. Йæ къæхтæ йæ уæлæ нал сты, Левæ уый куы базыдта, уæд æм радайæны цæрын дæр нал цыд, йæхимæ ныхъхъуыста, фæлæ йæм хорз адæмты фæрцы фидæны бæллицтæ фæзынди, уæдæ бинонты, æртæ сывæллоны дарæг кæй у, ууыл дæр куынæ хъуыды кодта, æмæ цадæггай йæхиуыл кусын райдыдта. Аппæрста йæ лæдзгуытæ дæр æмæ йæ аразгæ къæхтыл нырма цадæггай, стæй æдæрсгæ цæуын райдыдта. Уыцы трагедийы фæстæ цардмæ ног къахдзæф акодта Левæ. Йæхи уд цы маст бавзæрста, уый зонгæйæ йæхи снывонд кодта тыхст, фæкæсынхъуаг адæмæн. Æмæ кæрæдзи фæдыл ныххал сты йæ бирæ хорз хъуыддæгтæ. Лалыйы фырт æдзух продукттæй, дзаумæттæй æххуыс кæны сидзæрдæтты æмæ интернатты сывæллæттæн, æнæхицау зæрæдтæн, хæсты ветерантæн, сидзæргæстæн, культурæйы уагдæттæн. Йе ‘ххуысæй сног кодтой цалдæр музейы, стыр æххуысы хай бахаста цалдæр цырдзæвæны сæвæрынмæ нæ зындгонд лæгтæн, Дзæуджыхъæуы цы хилдасæн бакодта, уым æрвылмæй йæ фынддæсы лæвар базилынц хæсты ветерантæ æмæ æххуысхъуаг хистæртæм. Ардæм æрбацæуынц республикæйы алы рæттæй. Стыр ахадгæ æххуыс бакодта 92-æм азы ирон-мæхъæлон æмæ 2008 азы ирон-гуырдзиаг конфликтты рæстæджыты. Иуныхасæй, нымад ын чи фæуыдзæн йæ бирæ хорз хъуыддæгтæ. Йæ зæрдиаг архайды тыххæй Лалыйы фырт нысангонд æрцыд Плиты Иссæйы номыл музейы директорæй æмæ дзы бакуыста дзæвгар азтæ. Йæ хъæппæрисæй бирæ цымыдисон хабæрттæ зындгонд балхоны цардæй базыдтой адæм. Ныртæккæ Левæ у «Иры Стыр ныхас»-ы советы сæрдары хæдивæг, нæ горæты æхсæнадон советы уæнг, Ирыстоны адæмты æмæ æддагон бастдзинæдтæ рæзын кæнынæн ахъазгæнæг фонды сæрдар. Афтæ у цыбырæй Лалыты Левæйы цардвæндаг. Йæ цард æмæ йын йæ архайдыл 90-æм азты очерк ныффыста журналист Черчесты Хъасболат. Фæстæдæр очеркы бындурыл фæзынд чиныг «Мæлæтæй тыхджындæр». Æрæджы та чиныгыл ногæй бакуыста Хъасболат æмæ йæ схуыдта: «Лев Лалиев: жизнь по законам добра». Бахаста ма йæм Левæйæн йæхи фыст уацау «Æфсымæртæ», Левæйыл фыст газетты уацхъуыдтæ, писмотæ, зарджытæ. Чиныг у ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, йæ редактор журналист Тъехты Тамерлан.

Æрæджы ног чиныджы презентацимæ Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæмæ æрбацыдысты Парламенты Сæрдары хæдивæг Къесаты Станислав, нæ горæты администрацийы культурæйы управленийы разамонæг Кокайты Алан, «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Бæдтиаты Гришæ, ахуыргонд Цыбырты Людвиг, ветеранты советы сæрдары хæдивæг Бедойты Руслан, фысджытæ Дзасохты Музафер, Хуыгаты Сергей, Дыгъуызты Тенгиз, Бызыккаты Земфирæ, Соттиты Риммæ, æхсæнады архайджытæ, хиуæттæ, къабазтæ, мыггаджы минæвæрттæ. Презентаци бацæттæ кодта библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Мурасты Риммæ. Йæ бацæуæн ныхасы уый радзырдта Лалыты Левæйы цардвæндаджы, йæ алывæрсыг æххуысы, йæ æхсæнадон архайды, чиныджы, стæй чиныджы авторы тыххæй. Стæй дидинджыты баст балæвар кодта, Левæйы фарсмæ йæ рынчыны рæстæджы дыууæ азы цырагъау чи фæсыгъд æмæ абон дæр йæ стыр ныфс чи у, уымæн – йæ бинойнаг Хæмыцаты Эммæйæн. Лалыйы фырты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой уæлдæр амынд уазджытæ дæр. Людвиг куыд загъта, афтæмæй Левæ у лæгдзинады дæнцæг, æппæтæн дæр фæзминаг. Хорз уаид «Пусть говорят»-ы, кæнæ центрон æндæр каналæй йыл равдыст скæнын, цæмæй йæ уæрæх дзыллæтæ базоной.

Дзасохты Музафер та Левæйы абарста Советон Цæдисы Хъæбатыр Маресевимæ. Уый дæр сахъат уæвгæйæ йæ адæмæн бирæ хæрзты бацыд.

Бедойты Руслан арфæ ракодта Левæйæн ветерантæн йе стыр æххуысы тыххæй æмæ йын балæвар кодта хæстон темæйыл фыст чингуытæ.

Æхсæнадон цардмæ йе стыр бавæрæн бахæссыны тыххæй Левæйæн нæ горæты администрацийы номæй бузныг загъта Кокайты Алан æмæ ма Лалыйы фырты бирæ хæрзиуджытыл бафтыдта майдан «Владикавказ – город воинской славы». Уый фæст Левæйы чызг Людмилæимæ æрсимдтой «Хонгæ» кафт. Музыкалон салам ма радтой Бызыккаты Земфирæ æмæ Дзæгъойты Жаннæ. Изæры уазджытæ экраныл федтой Левæйы бинонты къамтæ, телеравдыстытæй скъуыддзæгтæ, байхъуыстой йын йæхиуыл фыст зарджытæм.

Изæры уазджытæн мыггаджы номæй арфæ ракодта æмæ Левæйы бинонты, йæ ныййарджыты тыххæй радзырдта Лалыты Барис.

Патриот æмæ æхсæнадон архайæг Лалыты Левæйы хорз хъуыддæгтæ зоныныц нæ республикæйы разамынд æмæ йын аргъ кæнынц. Хорзæхджын æрцыд Ирыстоны уæлдæр хæрзиуæгæй «Во Славу Осетии», Майдантæй «Участнику операции по принуждению Грузии к миру», «Участнику контртер-рористической операции на Кавказе», «В ознаменование 130-летия со дня рождения И. В. Сталина».

Æнæнцой зæрдæйы хицау у Лалыты Левæ. Нæй йын æрулæфт, фæнды йæ бирæ, тынг бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын, баххуыс кæнын. «Йæхицæн къæхтæ кæмæн нæй, афтæмæй къахджынтæн чи æххуыс кæны, уыцы левæ». Афтæ дзы фæзæгъынц, йæ хæрзаудæн хъуыддæгтæ йын йæхиуыл чи бав-зæрста, уыцы адæм. Чиныджы редактор Тъехты Тамерлан дæр дзы уымæн зæгъы: «И болит душа. Искалеченные же ноги болят всегда. Но надо жить. И многое еще успеть»…

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.