ДУРЫ  БАВÆРЫ  ЙÆ  УД…

Æвæццæгæн, культурæйы къабазы бирæ дæсныйæдтæй скульпторы куыстæй зындæр никæцы ис. Дойнаг дурæй фæлгонц, скульптурæ, цыртдзæвæн саразынæн чысыл курдиат нæ хъæуы. Æмæ ма уыцы курдиатимæ адæймагон миниуджытæй æххæст куы уай, уæд дæ адæмæн æцæг аккаг фырт дæ.

Уыдонæй у Ирыстоны патриоттæй иу, зындгонд скульптор Дзбойты Михал дæр. Михалæн алывæрсыг у йæ курдиат. Дуртимæ архайынæй дарддæр ын хорз æнтысы монументалон, декоративон æмæ портретон пластикæйы. Ирон адæмы фæрнджын традицитæ парахатæй æвдисы йæ куыстыты.  Дзбойты Михал ма бирæ азты йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй дæдты Дзæуджыхъæуы аивадон ахуыргæнæндоны ахуырдзаутæн. Йæ къухæй рацыд бирæ зындгонд нывгæнджытæ, скульптортæ.

Дзбойы фырт у дæсгай номарæн къæйты æмæ цыртдзæвæнты автор. Сæ зынгæдæртæ сты цæнгæт хиды фæрсты фыранктæ, зæронд лæг йæ хъæбулы хъæбулимæ, Цъæйы комы Æфса-тийы скульптурæ, цыртдзæвæн Къостайы мад Марияйæн, скульптурæтæ Уататы Бибойæн, Гиоты Михалæн, Годжыцаты Исахъæн, Икъаты Серафинæн, Плиты Грисæн æмæ сæ ны-мад чи фæуыдзæн.

Дзбойты Михал рацыд, Ирыстоны культурæйы центр кæм хонынц, уыцы хъæу Хъарман – Сындзыхъæуæй. Уырдыгæй рацыд бирæ зынгæ адæм: культурæйы уæды министр Гапбаты Иван, скульптор Едзиты Сосланбег, фысджытæ Цæрукъаты Алыксандр, Валодя æмæ Таймураз, Айларты Чермен, Агънаты Гæстæн, Дзабайты Таисæ, журналисттæ Тепсыхъоты Зоя, Гуырдзыбеты Барис, адæмон артисттæ Байаты Альбинæ, Бытъæты Роберт æмæ бирæ æндæртæ.

Ацы бонты Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг, национ преми “Нарты фæткъуы”-йы лауреат Дзбойты Михалыл сæххæст 80 азы. Нывгæнæджы кадæн Центрон библиотекæйы арæзт æрцыд юбилейон изæр. Бацæттæ йæ кодта библиотекæйы кусæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Дзугаты – Мурасты Риммæ.

Кадджын изæрмæ æрбацыдысты фысджытæ, культурæйы алы къабазы архайджытæ, йе сфæлдыстадæн аргъгæнджытæ, кæм райгуырд, уыцы Хъарман – Сындзыхъæуы хъæубæстæ…

Изæр байгом кодта ансамбль “Уацамонгæ”. Уыдон æртæ æртæ-дзыхоны æмæ бæгæныйы кæхц Ирыстоны адæмон æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Золойты Беллæйы фæндырдзагъдимæ бахастой Михалмæ. Стыр Хуыцау æмæ  сæ  Ирыстоны зæдтæм скуывта Михалы сабибонты хæлар, Дигорайы историон музейы сæргълæууæг Лолаты Батрадз. Уый фæстæ ансамблы уæнгтæ акодтой “Цин æрцыди, цин”-ы зарæг.

Амонæг Мурасты Риммæ цыбырæй радзырдта Михалы   сфæлдыстадон фæндæгты тыххæй æмæ бакаст Айларты Михалы фыст æмдзæвгæ юбиляры номыл, уый фæстæ ныхасы бар радта Лолаты Батрадзæн. Уый радзырдта Михалы сабибонты æмæ сфæлдыстадмæ фæндаджы тыххæй: “Михал дæр хæсты сывæллæттæм хауы. Йæ фыд Никъала 1944 азы хæстæй цæфтæй æрыздæхт æмæ бирæ нал ахаста. Аст сывæллоны баззадысты мады бæрны. Сæ бон куыд уыд, афтæ йын æххуыс кодтой. Æвæццæгæн, ахæм æвзыгъд лæппуйæн йæ курдиат æмбæхстæй баззадаид, родтæ хизгæйæ йыл культурæйы уæды министр Гапбаты Иван куынæ бамбæлдаид, уæд. Уый фыййау уæвгæйæ дæр йæ нывкæнын никуы уагъта. Йæ къухы-иу цы бафтыд, уымæй зæххыл нывтæ кодта. Афтæмæй йыл бамбæлд Иван. Тынг фæцыдысты лæппуйы нывтæ йæ зæрдæмæ æмæ йæ нал ныууагъта. Хорз æххуыс ын бакодта йæ дарддæры ахуыры”.

Бирæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загътой уыцы изæр юбиляры тыххæй ахуыргонд Цыбырты Людвиг, Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз, фысджытæ Дзасохты Музафер, Дауыраты Дамир æмæ Хозиты Барис, нывгæнæг æмæ актер Гасынты Жорж, журналист Баскаты Уырызмæг, йæ сабибонты хæлар Езеты Марклен, йе студентты номæй Цъæхилты Сергей, каисты номæй Дулаты Зæлинæ…

Хозиты Барис ма Михалы алывæрсыг курдиаты уæлдай радзырдта йæ бирæ хорз миниуджыты тыххæй: “Михал æмæ йæ цардæмбал Дулаты Соня алы хъуыддаджы дæр сты цæвиттойнаг сæ кæстæртæн. Фæрнджын, уазæгуарзаг бинонтæм адæймаджы йæ къах хæссы кæддæриддæр. Сæ цæхх æмæ къæбæр æдзух дарынц сæ армы. Нафийыл 90 азы куы сæххæст, уæд ын Михал йæ хæдзары скодта стыр куывд. Уыцы æрхъуыды Нафийæн афтæ æхсызгон уыд, æмæ йæ цæстытæ доны разылдта”.

Мæргъиты Таймураз бакаст республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы Арфæйы фыстæг Михалы номыл, библиотекæйы директор Цъæхилты Зæлинæ та бакаст горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисы, стæй библиотекæйы номæй арфæйы фыстæджытæ юбиляры номыл. Йæ номыл ма сæхи фыст æмдзæвгæтæ бакастысты Езеты Марклен æмæ Хуырымты Аллæ. Дауыраты Дамир та Михалæн, стæй библиотекæйæн балæвар кодта Михалы цард æмæ сфæлдыстадыл цы чиныг рауагъта, уый.

Къулыл конд экраныл изæры архайджытæ бакастысты Дзбойты бинонты архивæй ист æрмæджытæй конд электрон презентацимæ. Цалдæр зарæджы ма акодта ансамль “Уацамонгæ”. Михалæн фæндырдзагъд æмæ ирон кафтæй арфæ ракодтой Золойты Беллæ, Гасынты Жорж æмæ Баскаты Уы-рызмæг.

Изæры архайджытæн æмæ библиотекæйы коллективæн зæрдæбын арфæ ракодта юбиляр Дзбойты Михал ахæм кад ын кæй скодтой, уый тыххæй æмæ библиотекæйæн балæвар кодта йæхи конд скульптурæ “Æфсати”.

Михалы фæрнджын хъуыддæгтæн хорз аргъ кæны Фыдыбæстæ æмæ уый æхсызгон хъуыддаг у. Нæ хæрзтæ сты бирæ хорзæхты аккаг æмæ нæ уый рох макуы хъуамæ уа.

Джусойты  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.