1859 азы 15 октябры райгуырд ирон национ аивады иууыл стырдæр буцдзинад, нæ нывæфтыд литературæйы æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг, нæ зарæджы сæр – Къоста.

1899 азы, “Ирон фæндыр” мыхуыры куы фæзынд, уæд райдыдта нæ аив литературæйы æцæг истори, æмæ уæдæй фæстæмæ Ирыстоны раззаг фысджытæ цыдысты се сфæлдыстадон куысты Къостайы бацамынд фæндагыл, хъомыл кодтой уый фæдзæхстытыл.

Къостайы иууыл ахсджиагдæр фæдзæхст, йæ аивадон программæйы раззаг хъуыды у ахæм: фыссæджы сфæлдыстад хъуамæ уа фæллойгæнæг адæмы царды бындурыл амад, фыссæджы уацмысты идейон пафос хъуамæ, суадонау, æвзæра фæллойгæнджыты сæйраг экономикон, æхсæнадон-политикон æмæ культурон интерестæй, уыцы интересты фæуæлахизы сæрыл тохæй.

Къоста йæ цард-цæрæнбонты йæ зонд, йæ хъару, йæ уд, йæ курдиат хъардта фæллойгæнджыты цард лæмбынæгæй зоныныл æмæ йыл бæрзонд аивадон ныхас зæгъыныл, фæллойгæнджыты йæ дуджы раззагдæр идейæтыл сахуыр кæныныл, цæмæй арфдæр бамбæрстаиккой сæ классон интерестæ æмæ тагъддæр фæуæлахиз уыдаиккой се ‘нусон знæгтыл.

Фæллойгæнджыты цард æмæ цымыдистæ арф кæй зыдта, уымæ гæсгæ Къостайæн бантыст йæ дуджы æхсæнадон царды иууыл стырдæр æмæ ахсджиагдæр фарстатæ æрæвæрын йе сфæлдыстады. Уый та у стыр фыссæджы нысан.

Ленин куыд амоны, афтæмæй, фыссæг æцæг стыр фыссæг уæд вæййы, кæд рафæлгъауа æмæ йе сфæлдыстады равдиса дуджы ахсджиагдæр æхсæнадон фарстатæ æвæджиау аивадон тыхæй.

Къоста уыд, гъе, ахæм фыссæг. Поэты рæстæджы Ирыстоны фæллойгæнджыты экономикон царды стырдæр проблемæ уыд сæ гæвзыкдзинад. Æлдæрттæ, кулактæ æмæ паддзахы тыхтонагæнджытæ байстой мæгуыр зæхкусджытæн сæ зæхх. Къостайы рæстæджы Ирыстоны зæхкусджытæ карз тох кодтой зæххы сæрыл, æмæ Къоста уыцы тохы кæрæйкæронмæ уыд фæллойгæнджыты фарс, зæхкусджыты æзæхдзинады мотив у нæ поэты уацмысты æдзухон мотив.

Æмдзæвгæ “Азар”-ы поэт фыссы: “Адæмæн зæхх у сæ дарæг…” “Байстой нын нæ зæхх!” Æмдзæвгæ “Ракæс”-ы дæр афтæ зæгъы:

 

Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй

Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, –

Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..

“Додой”-ы кæсæм: “Нæ хæхтæ нын байстой”. Поэмæ “Кому живется весело”-йы дæр та зæгъы: “Æмæ цы у дзыллæйы цард, зæхцух куы вæййы, уæд”.

Ахъаззаг бынат ахсы поэты сфæлдыстады æлдæртты ныхмæ тохы темæ дæр. Поэтæн стыр æнæуынон сты æлдæрттæ æмæ иннæ тыхтонагæнджытæ, социалон уæлдæртæ. “Враги народные”, “Внутренние враги”, “Народные пауки” – ахæм нæмттæй сæ хуыдта Къоста. “Лæгдзарм тæнæг у, æлдар фыдлæг у”, – ацы афоризмæй худинаджы гакк ныккодта Къоста æлдæртты сырдон цæсгомыл. “Лæскъдзæрæн”-ы сатирикон ахорæнтæй равдыста поэт, йæ дуджы цард кæй къухы уыд, уыцы “иуцæстон, сæтой уæйгуыты”, сæ дуг та сын схуыдта “цагъайраджы дуг”.

Карз тох кодта Къоста фæллойгæнджыты æхсæнадон-политикон æбардзинады ныхмæ. “Нæ сæртæ нал ысты нæ бар”, “Хæссын, къæлæтау, цагъайраджы дуг!..”, “Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой…”, афтæ амыдта Къоста фæллойгæнджытæн. Йæ поэтикон æмæ публицистон уацмысты Къоста æппæт Уæрæсейæн радзырдта Кавказы чысыл мыггæгты, фæллойгæнджыты цыфыддæр уавæр, раргом кодта паддзахы администрацийы æмæ “мидæггон знæгты” æлгъаг митæ.

Октябры революцийы размæ хæххон фæллойгæнджыты егъаудæр знæгтæй иу уыдис талынгдзинад, уый сæ хъыгдардта сæ классон интерестæ бамбарынæн æмæ сæ тохы фæндаг равзарынæн. Къоста йæ мæлæты бонмæ тырныдта фæллойгæнджыты рухсы фæндагыл бафтауынмæ.

Зынгæ нысаниуæг уыд уæды æхсæнадон царды реакцион æгъдæутты ныхмæ, дин æмæ динамонджыты ныхмæ тохæн дæр. Æмæ Къоста арæхстгай, æппынæдзух тох кодта уыцы фæзындтыты ныхмæ дæр.

Уæды æхсæнадон ныхмæдзыдты, уæды “царды уæз” уæлдай æнауæрдонæй дæлдзиныг кодта сылгоймаджы.

Къоста йæ гуманистон миссийыл нымадта сылгоймаджы сæрыл æмæ йæ æмбарадыл тох кæнын. Къоста цынæ ахсджиаг фарстайыл æрдзырдта фæллойгæнджыты цардæй, ахæм нæй, уыдон се ‘ппæт нæ фæнымайдзыстæм, фæлæ дзы кæй кой скодтам, уыдонæй дæр бæрæг у, нæ поэт уæндонæй кæй æрæвæрдта йæ дуджы æхсæнадон царды сæйрагдæр фарстатæ æмæ сæ кæй лыг кодта марксизмы размæ иууыл раззагдæр идеологи – революцион демократизмы позицитæй.

Уæдæ Къостайы дыккаг фæдзæхст нæ аивадæн у ахæм: фыссæг хъуамæ уæндонæй æвæра йе сфæлдыстады йæ дуджы ахсджиагдæр æхсæнадон фарстатæ æмæ сæ лыг кæна иууыл раззагдæр идеологийы позицитæй.

Къоста йæ уацмысты уарзондæр хъайтарæн равзæрста хæххон фæллойгæнæджы. Адæмы зæрдæйы æнустæм баззадысты “Сидзæргæс”-ы, “Хъуыбады”- йы, “Чи дæ?”-йы æнæном хъайтарты, Фатимæйы, Ибрагимы, дыууæ хъæддзауы, “Лæскъдзæрæн”-ы хъайтар зондджын фыййауы, Азауы фæлгонц, адæмы иумæйаг фæлгонц æмæ поэты лирикон фæлгонцтæ. Поэт йæ уарзондзинад радта ацы фæлгонцтæн, йæ ныфс баста адонимæ – æвæрццæг хъайтартимæ. Афтæмæй Къостайæн бантыст йæ дуджы хъайтары фæлгонц скæнын. Къоста стыр аивæй равдыста сатирикон ахорæнтæй фæллойгæнджыты знæгты фæлгонцтæ дæр, раргом кодта сæ уæвынады реакцион мидис.

Уæдæ Къостайы æртыккаг ахсджиаг фæдзæхст у ахæм: фыссæг йе сфæлдыстады сæйраг æвæрццæг хъайтарæн хъуамæ равзара рæнхъон фæллойгæнæджы, равдиса йын йæ характеры арф гуманизм, рæсугъддзинад, йæ цардараз куыст, йæ раззаг бæллицтæ. Фыссæг хъуамæ сатирикон фæрæзтæй тох кæна царды æппæрццæг фæзындтыты ныхмæ, раргом сын кæна сæ реакцион æхсæнадон мидис, фæхудын сыл кæна адæмы, цæмæй тагъддæр фесæфой цардæй.

Къоста ирон аивадæн бындур куы æвæрдта, уæд иннæ адæмтæй бирæтæн уыдис егъау литературон традицитæ, размæдзыд аивад. Къоста иттæг хорз бамбæрста, æнæ иннæ адæмты демократон аивады æххуысæй ирон демократон аивадæн дæр саразæн кæй нæй, æмæ йе ‘ргом аздæхта æфсымæрон адæмты аивадмæ, фыццаджыдæр та стыр уырыссаг литературæйы демократон традицитæм.

Уырыссаг литературæйы царддæттæг æндæвдады фæрцы арæзт æрцыд ирон аивады бындур æмæ уæдæй фæстæмæ рæзы, размæ цæуы уый æххуысæй.

“Схъомыл дæн уырысимæ”, – дзырдта Къоста æмæ ирон фæллойгæнджытæн амыдта иннæ адæмтимæ, фыццаджыдæр та уырыссаг фæллойгæнджытимæ, хæларæй цæрын. Къоста уыд канд ирон нæ, фæлæ æппæт адæмты фæллойгæнджыты сæрылхæцæг дæр.

Йæ уац “На чужбине”, зæгъгæ, уым Къоста рахæцыд, Кавказмæ цы украинаг фæллойгæнджытæ æрбалыгъд, уыдоны сæрыл. Йæ поэмæты уый æвдисы Кавказы хæххон адæмты цард, иумæ райсгæйæ. Йæ иу уацы сидтис гуырдзиаг фыссæг Хъазбегийæн баххуыс кæнынмæ. Къоста фыста канд ирон цард æмæ Кавказы адæмты цардыл нæ, фæлæ ма Уæрæсейы царды фæзындтытыл дæр. Къостайæн йе ‘хсæнадон куысты уыдис бирæ хæлæрттæ – уырыссаг, украинаг, гуырдзиаг, сомихаг, дзуттаг, хъæрæсейаг, кæсгон адæмты прогрессивон минæвæрттæй.

Къоста уыд, ивгъуыд рæстæджы йе сфæлдыстад, йе ‘хсæнадон архайд æмæ йæ царды цæвиттонæй адæмты ‘хсæн хæлардзинад чи фидар кодта, уыцы раззагон архайджытæй иу.

Фæллойгæнæг адæмты хæлардзинад фидар кæнын, æфсымæрон адæмты литературæты, уæлдайдæр уырыссаг литературæйы раззагдæр традицитыл ахуыр кæнын, уыдоны бындурыл хи национ литературæйы рæзт ифтонг кæнын – ахæм у Къостайы цыппæрæм фæдзæхст.

Къоста стыр фыссæг уымæн у, æмæ йæ уацмысты раззагон идейæтæ равдыста стыр аивадон тыхæй. Аивадон формæйæ цух уацмыс цух у идейæтæй дæр. Уымæ гæсгæ, Къоста стыр нысаниуæг лæвæрдта аивадон формæйæн. Идейæ æмæ формæйæ цауд уацмыс фæлтау ма фæзынæд мыхуыры, – афтæ амыдта Къоста æмæ, зæрингуырдау, бирæ азты дæргъы æнувыдæй куыста йæ уацмысты формæ хуыздæр кæныныл, уæлдайдæр “Ирон фæндыр”-ыл.

Къоста ирон аивады бындур куы æвæрдта, уæд нæм ирон æвзагыл литературон традицитæ нæма уыдис, дзыхæйдзургæ поэтикон уацмыстæй дарддæр. Къоста нæ аивады истори акодта ног фæндагыл, радта йын ног фæлгонцтæ, бахаста йæм ног темæтæ, проблемæтæ, идейæтæ, рацарæзта адæмон стихы сконд, зæрдæйы уырзтæй февзæрста адæмон сфæлдыстады нывæфтыд фæрæзтæ, равзæрста сын сæ аивдæртæ, схъæздыг сæ кодта йæхи поэтикон генийæ æмæ сæ радта фæстæмæ адæмæн, нæ литературæйы рæзт систа æвæджиау бæрзæндмæ. Уый уыдис Къостайы сфæлдыстадон хъайтарон сгуыхтдзинад.

Æрмæст Къоста афтæ нæ загъта: æз бæрзонд систон ирон аив литературæ æмæ йын дарддæр размæ ацæуæн нал ис. Нæ, Къоста, ныббырсты тырысахæссæг куы ‘рхауы æмæ иннæ хæстонтæн тохы тырыса размæ хæссын куы бафæдзæхсы, афтæ ныффæдзæхста ирон аивады кусджытæн – размæ цæуын, ног сгуыхтдзинæдтæ кæнын, дуджы домæнтæм гæсгæ литературæмæ ног идейæтæ æмæ фæлгонцтæ хæссын, ног темæтыл æмæ проблемæ-тыл æрдзурын, ног нывæфтыд фæрæзтæ агурын. Уый уыдис Къостайы фæндзæм фæдзæхст.

Афтæмæй, Къостайы традицитыл хæцæг йæхи чи хоны, уый хъуамæ тырна, Къостайау, нæ дуджы фæллойгæнджыты цард арф зонынмæ, йæ уацмыстæ уый бындурыл амайынмæ; уымæн йæ уацмысты идейон пафос хъуамæ гуыра адæймагдзинады, рæстдзинады сæрыл фæллойгæнджыты тохы цымыдистæй; уый хъуамæ æвæра йæ уацмысты æхсæнадон царды ахсджиагдæр фарстатæ æмæ сæ лыг кæна нæ дуджы раззагдæр позицитæй; уый хъуамæ йæ курдиат хъара фæллойгæнджыты бæрзонд фæлгонц саразыныл æмæ нæ царды æппæрццæг фæзындтытыл та фæхуда сатирикон фæрæзтæй, фыдæх æмæ æнæуынондзинад равдиса дунейы фæллойгæнджыты знæгтæм; уый хъуамæ архайа адæмты хæлардзинад фидар кæныныл, ахуыр кæна æфсымæрон адæмты литературæты раззагдæр традицитыл, фыццаджыдæр, уырыссаг литературæйы стыр традицитыл, хъуамæ йе сфæлдыстады ма уа национ къуындæгдзинад; уый хъуамæ, Къостайау, архайа, нæ аивады рæзт размæ акæныныл, нæ аивадмæ ног фарстатæ, ног фæлгонцтæ, ног идейæтæ бахæссыныл, нæ аивады нывæфтыд фæрæзты хæзнадон ног фæрæзтæй фæхъæздыгдæр кæныныл.

НАФИ,

газет «Рæстдзинад»,  2022 аз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.