Æхсæнадон транспорты куыст уыд æмæ уыдзæн ахсджиаг къабаз кæцыфæнды паддзахады дæр. Куыд кусы, уымæй бæрæг уыдзæн адæмы социалон æмвæзад.  

Уымæ гæсгæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло йæ фыццаг æмбырды, социалон лыггæнинаг фарстаты сæйрагдæр транспорты куыст уымæн схуыдта.

Республикæйы цæрджытæ транспорты куыстæн ныллæг аргъ кæй кæнынц, уый тыххæй Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ уавæр бындуронæй хъæуы раивын. «Нæй нæм транспорты куыст банывыл кæныны фæлтæрддзинад, афтæмæй нæ бон федералон программæты архайын нæу. Хъуамæ базонæм нæ бæлццæтты бæрц, транспорты хъомыс цас у, социалон ахадындзинадимæ маршруттæ цас сты, экономикон æгъдауæй фæндаггаджы аргъ нымад куыд æрцыд. Ныртæккæ цæттæ цæуы транспортон пълан аразыны гæххæттытæ. Сæйраг хъуыддæгтæ конд куы æрцæуой, уæд азы кæрон фæбæрæг уыдзысты бæрæггæнæнтæ. Уæд республикæйы бон уыдзæн федералон программæты архайын. Уыдон хуымæтæг фарстытæ не сты», – загъта разамонæг.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Дзæуджыхъæуы бы-нæттон администрацимæ, стæй газеттæм цæуы бирæ хъæстытæ хисæрмагонд маршрутон такситы куысты тыххæй. Сæ иумæйаг хъуыды у ахæм: аст сахатæй фæстæмæ сæ уынгты нал фендзынæ; кæлæццаг, цардæн тæссаг машинæтæ; антисанитарон уавæр салонты; бирæ шо-фырты тызмæг ахаст бæлццæттæм; æвæлтæрд шофырты куыст; сæ куыст æмæ сын се змæлды дæрддзæг нæ бæрæг кæнын æмæ бирæ æндæр аиппытæ.

Адæмы хъæстытæм се ʻргом раздæхтой републикæйы разамынд. Ацы фæстаг рæстæджы уавæр фæивта. Транспорты министрады арæзт æрцыд транспорты куыст бæрæггæнæг къамис. Йе сконды ма сты профцæдисы, Роспотребнадзоры, Хъалонты инспекци æмæ Фæндæгты патрулон службæйы минæвæрттæ. Уыдон кæнынц рейдтæ æмæ кæлæццаг машинæтæ æмæ æгъдаухалæг шофырты куыст бауромынц.

Ныртæккæ горæты уынгты фæзындысты ног, нырыккон домæнтæй æххæст «Газель»-тæ. Уыдон бацахстой, къамис кæй сбæрæг кодта æмæ кусынæн чи нал бæззыд, уыцы маршрутон такситы бынат. Сæ хицæуттæ аразынц транспортон иугæндтæ æмæ фирмæтæ, сæ куыст æппынæдзух бæрæггонд куыд цæуа, афтæ.

Зæронд машинæты та сæвæрдтой сæрмагонд бынаты, фæстæдæр сæ хайгай скæныны тыххæй, сæ хицæуттæн та сын ратдзысты æхцайы компенсацитæ. Уыимæ се ʻппæтæн дæр бар ис ног машинæтыл сбадын æмæ кусыны тыххæй, æцæг ног хуызы домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Ууыл, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ шофыртæ разы не сты, сæ зæрдæмæ нæ цæуынц куысты ног домæнтæ, фæлæ алцæуыл дæр сахуыр кæнын ис. Акæсæм ма сыхаг регионтæм. Сæ нæуæдз проценты горæтты мидæг кусы æрмæстдæр паддзахадон транспорт: автобустæ, троллей-бустæ, трамвайтæ. Сæ куыст æвæрд у бæрзонд æмвæзадыл. Хисæрмагонд маршрутон такситæ та æрмæстдæр кусынц горæтæй æддæмæ, стыр цæстдард сæм ис, афтæмæй. Республикæйы разамынды дæр æвæстиатæй ссарын хъæуы фæрæзтæ, транспорты парк бындуронæй раивын æмæ ног «Газель»-тæ ауадзыны тыххæй. Уымæн æмæ зæронд машинæтыл цæуын тынг тæссаг у.

Алчидæр æй хъуамæ æмбара: транспорт æмæ фæн-дæгтæ сты адæмы, республикæйы цæсгом, йæ царды, культурæйы æмвæзад, йæ рæзт. Уазджыты фæхынцынæн æрмæст ирон чъиритæ æмæ кафтытæ фаг не сты, фæлæ ма æдас фæндæгтыл цæуын дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.