Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы, æрæджы Уæрæсейы Президент Владимир Путин цы Указ рауагъта, «Мать героиня», зæгъгæ, уыцы программæ. Йæ нысан у дæс æмæ фылдæр сывæллоны чи рауагъта æмæ схъомыл кодта, ахæм ныййарджытæн уыцы кадджын хæрзиуæг раттын. Ацы ног хæрзиуæг лæууы Уæрæсейы стырдæр нæмттæ «Герой России» æмæ «Герой труда России»-йы æмрæнхъ.

Цæгат Ирыстоны Фæллой æмæ социалон рæзты министрад бахынцыдтой социалон бæрæггæнæнтæ æмæ республикæйы ахæм кадджын хæрзиуджыты аккаг систы 32 сылгоймаджы. Амынд ведомствойы министр Айдарты Алинæ куыд загъта, афтæмæй æнхъæлмæ кæсынц федералон министрады кæронбæттæн хатдзæгтæм. Уый фæстæ уыдонæй алкæмæн дæр лæвæрд æрцæудзæн фæйнæ милуан сомы. Уымæй дарддæр, мад-хъæбатырæн æхцайæ уæлдай лæвæрд цæуынц грамотæ æмæ орден. Орден уыдзæн сыгъзæрин æмæ бриллиантæй фæлгонц стъалыйы нывимæ. Стъалыйы астæу тымбыл медальон паддзахадон гербимæ, йæ иннæ фарс фыст-«Мать героиня».

Нырмæ бирæсывæллонджын бинонтæн лæвæрдтой æндæр хæрзиуджытæ. Орден «Родительская слава» лæвæрд цæуы, авд æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн ис, уыдонæн. Майдан «Родительская слава» та, цыппар æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн ис, уыдонæн.

 

СПОРТМÆ – ФЫЛДÆР  ÆРГОМ

Паддзахадон программæ «Развитие физической культуры и спорта РСО-А»-йы фæлгæтты ныр дыууæ азы цæуынц республикон стадион «Спартак»-ы реконструкцийы куыстытæ, фæлæ алы аххосæгтæм гæсгæ, куыст размæ нæ цæуы. Спортæн та Ирыстоны цы нысаниуæг ис, уый амонын никæмæн хъæуы. Уымæ гæсгæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бадомдта æмбæлгæ органтæй цыбыр рæстæгмæ куыстытæ бакæрон кæнын. Уый цæмæй къухы бафта, уый тыххæй та – дыууæ сменæйæ кусын. Уыимæ, студентты æргом дæр куыстмæ раздахын. Уыдонæн, иуæй сæ материалон уавæр фæхуыздæр уыдзæн, иннæмæй фæлтæрддзинад райсдзысты.

Республикæйы разамонæг бахæс кодта подрядон организацитæн, ацы азы кæронмæ стадионы реконструкцийæн йе ‘мбис бакæрон кæнын. Уый тыххæй бæлвырд хæслæвæрдтæ радта хицауады уæнгтæн дæр. Арæзтадæн æхца дæр дихгонд æрцыд федералон æмæ бынæттон бюджетæй.

«Стадионы реконструкцийæн стыр ахадындзинад ис. Æнхъæлмæ йæм кæсынц мингай футболуарзджытæ æмæ республикæйы цæрджытæ. Рæстæгыл куыд æмбæлы, афтæ арæзт куы ‘рцæуа, уæд ацы арæзтад ном скæндзæн, ацы хъуыддагыл чи архайы, уыдонæн. Ныртæккæ нæ иумæйаг хæс у рæстæгыл куыстытæ бакæрон кæнын. Мæхæдæг бæрæг кæндзынæн арæзтады цыд», –  банысан кодта Сергей Меняйло.

Стадионы æппæт реконструкцион куыстытæ хъуамæ фæуой 2023 азы кæронмæ.

 

ТРАНСПОРТ – ЦАРДУАДЖЫ  АХСДЖИАГ  КЪАБАЗ

Социалон къабазы ахсджиагдæр фарстатæй иу у æхсæнадон транспорт. Фæлæ ацы фæстаг рæстæджы Цæгат Ирыстоны уыцы фарста расайдта стыр быцæутæ. Куыд зонæм, афтæмæй æхсæнадон транспорты 90 процент республикæйы у хисæрмагонд, фæлæ сæ хицæуттæн уый бар нæ дæтты куыд сæ фæнда, афта æргътæ раив-баив кæной. Хисæрмагонд транспорты змæлд дæр бæрæг кæны транспорты республикон комитет.

Уый нæ нымайгæйæ, шофыртæ цалдæр мæйы размæ фæндаггаджы аргъ фынддæс сомæй схизын кодтой 20 соммæ. Æмæ сын батад. Фæлæ та сæм уый дæр фаг нал фæкаст æмæ та йæм æрæджы ногæй фондз сомы афтыдтой. Уый стыр маст равзæрын кодта бæлцæттæм, стæй транспорты комитетмæ дæр. Комитеты разамынд цалдæр хатты фембæлд бæлцæттæ ласæн компаниты разамонджытимæ. Рæстæг тыхст кæй у, мыздтыл кæй нæ бафтыдтой æмæ адæммæ æхца кæй нæй, уый сын сæ зæрдыл æрлæууын кодтой. Иуæй-иу маршрутты разамонджытæ сразы сты æмæ фæстæмæ аргъ 20 соммæ æрæппæрстой, фæлæ дзы бирæтæ къæрттæй цъула нæ аппæрстой. Нæ басастысты, транспорты комитет сыл хъаст прокуратурæмæ куы балæвæрдта, уæддæр. Ныртæккæ горæты уынгты транспорты аргъ у дыууæ хуызы: 20 æмæ 25 сомы.

Раивæн кæмæн æмæ цæмæн нæй, ахæм ницы ис æмæ републикæйы разамынд бавнæлдта уавæр бындуронæй раивыныл. Уый та нысан кæны горæты уынгты хисæрмагонд транспорты бæсты паддзахадон ауадзын. Растдæр зæгъгæйæ та – дыууæ дæр. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэлæн бахæс кодта, ног автобустæ цас хъæуы, уый банымайын æмæ искæцы компаниимæ бадзырд бафыссын.

«Транспорты фарста бирæ рæстæджы рохуаты баззад æмæ бирæ компанитæ æмæ хицæн шофыртæ бартæ сæ къухмæ райстой. Канд æргътыл нæ цæуы ныхас, фæлæ бирæ машинæтæ сты кæлæдздзаг, тæссаг сыл у кусын, салонтæ сты чъизи, шофыртæ арæх сбадынц нозтджынæй, рынчынæй. Уыимæ, изæры аст сахатæй фæстæмæ, горæты уынгты транспорт нал фендзынæ. Æппæт уыдæттæ æркодтой уымæ æмæ хисæрмагонд транспорты раивын хъæуы паддзахадонæй. Нæ горæты хъæуы æппынкъаддæр 600 транспортон иуæджы. Нæ горæт стыр кæй нæу, уый нымайгæйæ,  мах агурæм бынтон стыр чи нæу, ахæм автобустæ. Гæнæн ис æмæ сæ фæсарæнтæй лизинджы хуызы райсæм. Хисæрмагонд машинæтæй дæр равзарын хъæудзæн, кусынмæ чи бæззы уыдоны, шофыртæ та хъуамæ рацæуой медицинон æркаст æмæ конкурс. Уый фæстæ, мах домæнтыл разы чи у, уыдон кусдзысты. Арæзт æрцæудзæн иугонд диспетчерон службæ. Документтæ бакуыстгонд æмæ фидаргонд æрцæудзысты ацы азы кæронмæ. Афтæмæй бæлццæттæн фадат уыдзæн дыууæ хуызы транспортæй сæ кæцы хъæуы, уый равзарынæн. Регионæй æддæмæ рейсытæн дæр нæ зæрды балхæнын ис Китайы уагъд 27 автобусы, – загъта Солиты Тариэл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, шофырты дæр бамбарæн ис, ивæн хæйттæ, артаг зынаргъ кæнынц, фæлæ хъуыды кæнын хъæуы адæмы уавæрыл дæр. Мыздтæм, пенситæм куынæ бафтауой, уæд цæмæй цæрой. Уымæ гæсгæ, республикæйы разамынд цæттæ сты адæмы фарсмæ балæууынмæ æмæ сын транспортыл удæнцой уавæртæ саразынмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.