Милицийы æнӕведомствойон хъахъхъӕнынады управлени 29 октябры банысан кодта йӕ профессионалон бӕрӕгбон – сӕххӕст сыл 68 азы. Иннӕ хӕттытау та ныр дӕр управленийы кӕрты службӕгӕнджытӕн уыд цытджын рӕнхъон ралӕуд. Ардӕм сӕм фӕуазӕг ис Мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Лалыты Геннади ӕмӕ ӕгас къухдариуӕгады номӕй арфӕйы ныхӕстӕ загъта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн.

«Сымахӕн уӕ хӕстӕ сты вазыгджын, хъахъхъӕнут ӕхсӕнады сабырад ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мидхъуыддӕгты органты структурӕйы нымад стут сӕйраг дӕлхӕйттӕй иуыл. Стыр бузныг зӕгъын, уӕ размӕ ам цӕсгомджынӕй чи фӕкуыста ӕмӕ йӕ фӕлтӕрддзинад сымахмӕ чи радӕтта, службӕйы традицитӕ чи бахъахъхъӕдта, уыцы ветерантӕн. Ӕнтыстджын мын ут уӕ куысты дӕр ӕмӕ уӕ царды дӕр, ӕмӕ уӕ бинонтимӕ ӕмӕ уе ‘ввахс адӕмимӕ амондджынӕй цӕрут», – загъта йӕ арфӕйы ныхӕсты Лалыты Геннади.

Сӕ службӕйон хӕстӕ цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кодтой ӕмӕ сын ӕнтыстытӕ кӕй уыд сӕ куысты, уый фӕдыл цалдӕр кусӕджы схорзӕхджын кодтой ведомствойон хорзӕхтӕй.

Милицийы Ӕнӕведомствойон хъахъхъӕнынады управлени ӕххӕст кӕны вазыгджын функцитӕ – хъахъхъӕны скъолатӕ, хицауады уагдӕтты бӕстыхӕйттӕ, режимон объекттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уымӕй уӕлдай ма бӕрӕгбонты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзыллон мадзӕлтты активон хайад фӕисынц ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ сабырдзинад бахъахъхъӕныны хъуыддаджы.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.